30 апреля 2024

ЗУЙМОН УАЗÆЛТТÆЙ УÆХЕ ГЪÆУАЙ КÆНЕТÆ!..

10.02.2023 | 20:43

Зуймон уазæлттæй æхе ка нæ гъæуай кæнуй кенæ, уазал искæнунæй ка нæ тæрсуй, уонæн фæссæйгæ  ун æй хъæбæр тæссаг. Уотæ цæмæй ма рауайа, уой туххæй зонун гъæуй, уазалæй багъæуай кæнунæн ци мадзæлттæ ес, уони, уæдта, организм уазали нихмæ фæллæуунгъон куд уа, уобæл æй минкъийгай исахур кæнун.

 

Дзубанди, фиццагидæр, цæуй зуймон дзаумаубæл, уомæн æма нæ уазалæй е гъæуай кæнуй. Зуймон уæледарæс гъæуама уа гъар, фал рæуæг, дон си куд нæ гъара, уæхæн. Уой хæццæ, унгæг гъæуама ма уа, адæймагæн æ алли фезмæлд дæр æ барæ куд уа, уотæ. Рæстæг уомæл ку уа (ку уара, кенæ дон æма мет еумæ ку уаронцæ, мегъæ бон ку уа), уæд дзаума ниууомæл уй æма гъарæн нецибал пайда фæууй, æма соркæнуйнаг исуй. Дзаума басор кæнунæн уавæртæ ку нæ уа, уæд адæймаг æ цуд гъæуама ма фæссабур кæна, фал змæла никки фулдæр, цæмæй тог коса æма адæймаг уазал ма кæна. Уотемæй, гъар кæми нæ уа кенæ арт кæми ма содза, уордæмæ фæттагъд кæна.

Мадта къахидарæс дæр унгæг гъæуама ма уа. Къах ке ресун кæнуй уомæй уæлдай ма, тогдадзинттæ æлхъевуй. Тогдадзинттæ ба æлхъивд ку уонцæ, уæд къах уазал кæнуй. Цæугæй къахи æнгулдзитæ, гæнæн цæйбæрцæ уа, уойбæрцæ сæ змæлун кæнетæ къахидарæси дæр, цæмæй сæмæ тог хуæздæр хъæрта æма къæхтæ ма исуазал уонцæ, уой туххæй.

Уазалæй уæлдай гъæуайкæнуйнаг æй цæсгон. Уомæ гæсгæ пайда кæнун гъæуй сæрмагонд кремтæй. Цæсгон си байсæрдун фæгъгъæуй,
гъæунгмæ рацæуни разæй еу 40 минути раздæр.

Иронх уи ма уæд, уолæфун ке гъæуй гъæлæсæй нæ, фал айдагъдæр фиййæй, цæмæй хъуртæ ма исуазал кæнонцæ, уой туххæй.

Зумæгон уазæлтти фудæй адæймаг цæмæй ма фæссæйгæ уа, уой туххæй гъæуй тæвдæ хуæруйнаг, калоритæ берæ кæми ес, уæхæн. Гъæунгæмæ рацæуни размæ гъæуй бахуæрун, уомæн æма уазали нихмæ фæллæуунæн организми гъæуй калоритæ дзæвгарæ бæрцæй. Хуæруйнаги гъæуама фулдæр уа уорсаг, сойнæ, витамин С. Фулдæр гъæуй дон ниуазун, уæлдайдæр ба – тæвдæ ка уа, уæхæн дæнттæ. Дон хуæздæр кæнуй тоги зелдох, æма уой фæрци организм исгъар уй.

Тамаку зумæгон уазалæй адæймаги нæ гъæуай кæнуй, е нæ, фал æ фудæй листæг тогдадзинттæ кæнунцæ никки нарæгдæр, æма бауæрæн æ гъæуай кæнуни хъауритæ лæмæгъдæр кæнунцæ. Уотæ, уазалæй нæ багъæуай кæндзæнæй карз ниуæзтæ дæр, кæд æма ’й еуæй-еуетæ  нимайунцæ  «гъаргæнæнбæл». Карз ниуæзтæ тогдадзинттæ кæнуй урухдæр, гъар бауæрæй цæуй æндæмæ, æма адæймаг кæнуй уазал.

Думгæй дæр уæхе гъæуай кæнетæ æма, кумæ нæ хъæртуй, уæхæн рауæн уæхе байаууон кæнетæ – думгæмæ исуазал кæнун æй хъæбæр æнцон.

Исуазал дæн, зæгъгæ, адæймаг куддæр балæдæра, уотæ гъæуама гъар рауæн райагора, тæвдæ цай бацума.

Еугур аци зонуйнæгтæ ку æнхæст кæнайтæ, уæд зумæгон уазæлттæй уæхе багъæуай кæндзинайтæ. Уазалæй багъæуай кæнунæн фæййагъаз уодзæнæнцæ берæ æндæр листæг гъуддæгутæ дæр, фал сæйрагдæр æнцæ – дзаума, къахидарæс, хуæруйнаг.

Уæхе гъæуай кæнетæ æма æнæнез уотæ.

 

Медицинон профилактики республикон центр