29 апреля 2024

ХУАРЗ РАКӔНӔ ӔМА ХУАРЗ ИССЕРДЗӔНӔ…

18.11.2020 | 14:51

ДЗОТТИ Аланбег, пенсиесæг

Мӕнӕ уин ци цауи кой ракӕнуйнаг дӕн, е ӕцӕг адтӕй, ӕримисгӕ си мистхали бӕрцӕ дӕр нӕййес. Цӕугӕ ба ӕркодта 1958 анзи. Ӕз уӕд мӕ ӕнхӕст лӕхъуӕни карӕмӕ нӕма исхъӕрдтӕн. Еу зумӕгон уазал сӕумӕраги нӕмӕ фӕззиндтӕй гъӕргӕнӕг ӕма нин фегъосун кодта, Елхотти цӕрӕг мӕ фиди ӕмсиахс, ӕ кари лӕг, ке рахецӕн ӕй ӕ цардӕй, уой. Ӕма мӕрддзогойни фӕццӕунмӕ кӕмӕн фегъосун кӕнун гъудӕй, уони номхигъд нӕмӕ равардта…

Мӕ ниййергутӕ уӕд каргун адтӕнцӕ. Дууемӕй дӕр хуссӕни сӕйгитӕ. Исӕнтӕстӕй син фараст сувӕллони. Мӕ фидӕ тугъдон, ӕфхуӕрд лӕг, мӕ мадӕ дӕр берӕ зиантӕ бавзурста ӕ царди медӕгӕ. Ӕ фондз хуӕри, е ’нсувӕр, ӕ ниййергутӕ се ’носон дуйнемӕ бацудӕнцӕ. Ӕхе цуппар биццеуи ба минкъийтӕй байвардта. Уобӕл куд нӕ гъенцъун кодтайдӕ, фал ин уӕлдай зин ба е адтӕй, ӕма ӕ хестӕр биццеуи байвӕрунӕн ба ин равгӕ дӕр нӕ фӕцӕй – Устур Фидибӕстон тугъд ку райдӕдта, уӕд е дӕр, ӕвддӕсанздзуд лӕхъуӕн, барвӕндонӕй рандӕй цифуддӕр знаги нихмӕ тохмӕ… Кӕми фесавдӕй, е дӕр нӕбал исбӕрӕг ӕй… Ӕнсувӕртӕй ма ӕз байзадтӕн бундорбӕл.

Номхигъд бахастон уатмӕ ӕма ’й мӕ фидӕ Гагемӕ равардтон. Е имӕ уайтӕккӕ дӕр ӕркастӕй, ӕма мӕмӕ дзоруй:

– Биццеу, хӕдзарӕмӕ гъӕргӕнӕг хумӕтӕги неке ӕрветуй… Аци номхигъд нӕмӕ ӕрбарвиста дӕ мади хуӕрӕ. Е фиццаг нӕхе гъӕуккаг киндзӕ адтӕй, фал, гъулӕггагӕн, ӕ сӕрихецау ӕригонӕй байзадӕй тугъди будури. Ӕма берӕ рӕстӕг идӕдзӕй фӕццардӕй. Ӕрӕгиау ба ӕ цард байеу кодта елхоттаг, ӕ кари лӕги хӕццӕ. Адӕми дзубандимӕ гӕсгӕ, кадгин лӕг адтӕй…

Мӕ фидӕ ма мин идарддӕр куд радзурдта, уотемӕй ӕ фурттӕ тугъди размӕ каст фӕцӕнцӕ тугъдон ахургӕнӕндӕнттӕ. Еу си райста тугъдон тӕхӕги дӕсниадӕ. Ниййергутӕ сӕ цӕуӕти цийнӕй зӕнхӕбӕл дӕр не ’фсардӕнцӕ, гъеууотӕ сӕрустур си адтӕнцӕ. Сӕ цӕуӕти исонибон уидтонцӕ райдзастӕй, адтӕй сӕмӕ зӕрдтагон унаффитӕ…

Фал син сӕ рӕсугъд фӕндитӕ уайсахат ӕрбасатар кодта Устур Фидибӕстон тугъд… Уосгор лӕхъуӕнтӕн сӕ уарзон кизгуттӕ курдуати байзадӕнцӕ, сӕ сӕртӕбӕл бабастонцӕ сау сӕрбӕттӕнтӕ. Ниййерӕг мадӕн ӕ раздӕри ходӕндзаст цӕсгон, нур сау мелай хузӕн ниццӕй, ӕ рамӕлӕти уӕнгӕ ӕ цӕстисуг нӕ басор ӕй ӕ цӕуӕти адзали фудӕй.

Дууӕ тугъдон цӕргӕсей фидӕ дзорӕгмӕ нӕбал дзурдта, игъӕлдзӕг, гъазӕн дзубандитӕ си байронх ӕнцӕ. Бон-сауизӕрмӕ сӕ хӕдзари фӕсцӕгат даргъ къелабӕл мӕтъӕлӕй бадтӕй… Цӕмӕдӕр ма ӕнгъӕлмӕ кастӕй… Фӕтӕн гъӕунги, дӕлӕмӕ идардмӕ нигъгъӕуай кӕнидӕ, кӕд, миййаг, мӕ адгин бӕдӕлттӕ ӕрбацӕунцӕ, зӕгъгӕ… Кӕми хуӕрдгунӕй, кӕми ӕстонгӕй ӕрвиста ӕ царди бӕнттӕ… Ӕрӕгиау, ку ӕрзӕронд ӕй, уӕд хуарз адӕми фӕрци ӕ цард байеу кодта дӕ мади хуӕри хӕццӕ, фал сӕ еумӕйаг цард берӕ нӕбал рахаста…

– Мӕгур ӕ бон, ӕ зиани бон дӕр тӕккӕ зуймон уазалтӕмӕ ӕрӕййафта, – нийнӕфтӕй мӕ фидӕ.

Фӕдздзурдта мӕмӕ ӕма мин бафӕдзахста:

– Биццеу, мӕнӕй дин неци пайда ес. Ӕгъдау дӕ нур ӕрахӕста ӕма исарӕхсӕ. Кӕмӕн фегъосун кӕнун гъӕуй, уонӕбӕл ӕрзелӕ. Уӕдта, рӕстӕг хъӕбӕр уазал ӕй, ӕма тагъд уайгӕ колхозмӕ, ракорӕ си, гетенӕй ӕмбӕрзт уӕзласӕн хуӕдтолгӕ, цалинмӕ ’й дӕу разӕй неке ма ракурдта, уӕдмӕ. Игонсӕр хуӕдтолги неке бакомдзӕнӕй фӕццӕун, ӕма фӕфуддзӕсгон уодзинан зиангутӕй.

… Раст зӕгъгӕй, зингомау мин адтӕй, мӕ фидӕ мин ци гъуддӕгутӕ бафӕдзахста, уони ӕнхӕст кӕнун. Уомӕн, ӕма уӕди уӕнгӕ, фур ӕригон ма ке адтӕн, уомӕ гӕсгӕ мин уӕхӕнӕй некӕдма неци барӕгонд адтӕй. Уӕдта, раст зӕгъгӕй, зианӕн уотид ӕ коййӕй дӕр радзӕгъӕлтӕ уинӕ, мӕ сӕр мӕбӕл разелидӕ… Фал мӕ фидӕн устур аргъ ке кодтон, берӕ ’й ке уарзтон, уомӕ гӕсгӕ ин ӕ фӕндонбӕл исарази дӕн.

Ӕма, уой фӕсте ӕй куд балӕдӕрдтӕн, уотемӕй мӕ фидӕн хъӕбӕр ӕхцӕуӕн адтӕй, ӕ фӕдзӕхститӕ ин ӕнӕгъӕнӕй дӕр ке исӕнхӕст кодтон, е – гъӕугӕ хуӕдтолгӕ иссирдтон, номхигъди ци адӕм амунд адтӕй, уонӕн еугуремӕн дӕр фегъосун кодтон, нӕ муггагӕй хестӕрӕн ӕрветунвӕндӕ ке искодтан, уомӕн дӕр рагацау загътон, нӕ хӕццӕ ци ниуӕзтӕ ӕма косӕрттаг фӕлласуйнаг адтан, етӕ дӕр мин цӕттӕ адтӕнцӕ… Мӕхуӕдӕг дӕр мӕхецӕй куд нӕ ниббоз адтайнӕ!

Бониккон бони ӕнӕхъорӕй мӕрддзогойнӕ ӕнгъудгонд рӕстӕгмӕ ӕрбамбурд ӕнцӕ ӕма афойнадӕбӕл ранӕхстӕр ан Елхоттӕмӕ.

Зиангинти тургъӕмӕ бацудан, ратӕфирфӕс кодтан. Саударӕн митинги ка дзурдта, е нин сӕрмагондӕй райарфӕ кодта, ке бахъиамӕт кодтан, гъӕуӕй-гъӕумӕ, изол зуймон надбӕл зианӕн фӕстаг ӕгъдау раттунмӕ ӕрцӕунмӕ ке нӕ базийнадӕ кодтан…

Еци арфӕ, ка ’й зонуй, ӕгъдау уотӕ ке амудта, уомӕ гӕсгӕ ракодта, фал мӕнмӕ уотӕ фӕккастӕй, цума ӕ загъд уомӕ гӕсгӕ адтӕй, ӕма, мӕрддзогойни ӕрбацӕун кӕмӕн ӕнгъизтӕй, уонӕй еунӕг мах бахъиамӕт кодтан… Уомӕн дӕр, ӕвӕдзи, зин адтӕй, уӕхӕн, дзиллон ӕгъдауи аккаг лӕги е ’носон дуйнемӕ рафӕндараст кӕнунӕй ихӕсгин ка адтӕй, етӕ сӕ еци ихӕс исӕнхӕст кӕнунмӕ ке базийнадӕ кодтонцӕ, е. Хъӕбӕр зин адтӕй мӕнӕн дӕр еци уавӕр. Ахид сӕмӕ цудтӕн, мӕ еунӕг мади хуӕри рабӕрӕг кӕнинӕ, ӕма ’й хуарз зудтон, цӕйбӕрцӕбӕл хуӕрзӕгъдау ӕма рӕстзӕрдӕ адӕймаг адтӕй аци рохсаггаг зӕронд лӕг. Е мӕн ӕнӕхуӕргӕй сӕ хӕдзарӕй некӕд рауагъта.

Уӕззау зунди хецау адтӕй, ӕцӕг курухон, зӕгъгӕ, кӕмӕй фӕззӕгъунцӕ, уӕхӕн лӕг. Дзоргӕ дӕр фӕлмӕн гъӕлӕсиуагӕй кодта. Уонӕмӕ уогӕй, цит, хаттӕй-хатт расабур уинӕ, ӕма талингӕ кӕнун райдӕдта, зӕгъгӕ, уӕд мӕ ездонӕй рафӕрсидӕ:

– Биццеу, кӕд ами изайис, уӕд, табуафси, фусун дин уодзинан, кӕд нӕ, уӕдта дӕхебӕл мабал ӕнафонӕ кӕнӕ, цӕмӕй афойнадӕбӕл дӕ хӕдзарӕбӕл исӕмбӕлай. Дӕ ниййергути зӕрдӕ дӕмӕ дзордзӕнӕй. Кӕд дӕмӕ, ци нӕ фӕууй, фӕндаггаг нӕййес, уӕд дин февӕрдзӕнӕн…

ДЗОТТИ Лазæр бæгъатæрæй фæммард æй Воронежи алфамбулай тугъдтити. Аци сахари æ номбæл ес гъæунгæ, ардигон дзиллæ ин исаразунцæ номерæн мадзæлттæ.

Ӕма уӕхӕн лӕгӕн ӕ уӕлзӕнхон царди фӕстаг бон ӕгъдау раттун кадӕртӕ, ихӕсгун уогӕй, сӕхецӕн ихӕсбӕл ке нӕ банимадтонцӕ, е мӕмӕ хъӕбӕр хардз ӕркастӕй. Ка ’й зонуй, еци кадӕртӕ уотӕ загътайуонцӕ, гъома, некебал ин ес ӕ фӕсте байзайӕггагӕн, ӕма ма кӕмӕ гӕсгӕ хъиамӕт кӕнӕн… Уӕхӕн зундирахаст дӕр нӕмӕ, гъулӕггагӕн, ахид рабӕрӕг уй ӕма е ба уӕлдай ӕверхъау цӕстӕмӕ миуӕ ӕй – адӕймагӕн ӕхемӕ гӕсгӕ ма исӕгъдау кӕнӕ, фал, де ’гъдауӕн дин ка исаргъ кӕндзӕнӕй, уӕхӕнӕй ин еске ес ӕви нӕййес, уомӕ гӕсгӕ…

Зианӕй ку рацудан, уӕд мӕхецӕн хъӕбӕр федарӕй дзурд равардтон: абонӕй фӕстӕмӕ маке мӕлӕд, фал мӕгури зиани хабар мӕмӕ кӕцӕй уа, уордӕмӕ ӕнӕ зийнадӕй алкӕддӕр цӕудзӕнӕн, ци гӕнӕн ӕма амал уа, уомӕй.

Мӕ сагъӕсти уотӕ арф ранигъулдтӕн, ӕма ’й лӕдӕргӕ дӕр нӕ бакодтон, нӕ хуӕдтолгӕ цӕмӕн ӕрлӕудтӕй, уой. Сахар Ӕрӕдони автомобилон кустуати уӕнгӕ ку ӕрхъӕрдтан, уӕд нӕ хуӕдтолги артаг фӕцӕй… Шоферӕн ӕ къохи резинӕ къибила ӕма шланг, уотемӕй ӕрлӕудтӕй надгӕрон, кӕд имӕ, миййаг, уоми рауайӕ-бауайӕгӕнӕг хуӕдтолгити шофертӕй еске ӕрлӕууидӕ ӕма ин артаг раттидӕ. Фал имӕ, гъулӕггагӕн, еунӕг хуӕдтолгӕ цӕуӕг дӕр некӕцӕй адтӕй.

Уӕд исфӕндӕ кодта, ци кустуати размӕ ӕрлӕудтан, уордӕмӕ гъӕуайгӕсмӕ ӕхе бахатун ӕма си еу къибилайдзаг артаг ракорун. Цӕугӕ бӕргӕ бакодта, фал еци гъӕуайгӕс, ӕхе дӕр ка нӕ уарзта, уӕхӕн лӕг разиндтӕй.

– Ӕз ами гъӕуайгӕсӕй уӕлдай неке дӕн… Кумӕ цудтӕ, уой нӕ зудтай? – зӕгъгӕ, бауайдзӕф кӕнгӕй, гъӕри буни дӕр ма ’й фӕккодта.

– Мӕ адӕм хуӕдтолги гуффи сӕ фуруазалӕй байгудзӕг ӕнцӕ… Уонӕн уӕддӕр батӕрегъӕд кӕнӕ, – нӕ шофер бабӕй имӕ лигъстӕгӕнгӕй, ӕхе бахадта.

Фал хъалагъур, цума ’й игъосгӕ дӕр нӕ фӕккодта, уотӕ ’й дзоргӕй ниууагъта, ӕ фӕсте колдуар нихгӕнгӕй.

Ци гӕнӕн ма ин адтӕй, ӕма нӕ шофер фӕстӕмӕ ӕ ревӕд къибилай хӕццӕ ӕрбаздахтӕй.

Уӕди рӕстӕгути хуӕдтолгити артаг къапеккитӕ кодта, алли кустуатмӕ дӕр ӕхе артаги ӕвӕрӕнтӕ адтӕй. Надбӕл ӕ артаг кӕмӕн фӕууидӕ, уомӕн алкедӕр фӕууорамидӕ, ӕцӕг дӕмӕ шланг ӕма къибила уӕд. Ӕхцайӕн ӕ кой кӕнгӕ дӕр неке кодта, уӕд уӕхӕн дзаман адтӕй. Мадта дӕ ӕнафони телефонӕй ахсгиагӕй бадзорун багъудӕй, зӕгъгӕ, уӕд уайӕ милицӕмӕ. Айдагъдӕр уонӕмӕ адтӕй телефон. Нури хузӕн, алкӕмӕн ӕ дзиппи телефон нӕ адтӕй.

Изӕрдалингтӕ нӕбӕл иссӕй, не ’цӕгӕй исуазал ан, суйун райдӕдтан. Уӕдмӕ нӕ нивӕн еу рацӕргӕ лӕгӕн ӕ гъог ӕргъауӕй бартӕстӕй ӕма уой агорӕг рацудӕй будургӕронмӕ. Ӕгудзӕг адӕм ку ӕруидта, уӕд сӕмӕ изолӕй фиццаг гурусхаг кӕститӕ кодта, гъома, ка ’нцӕ ӕма мети рагъбӕл къуӕрттӕ-къуӕрттӕй ци рацо-бацо кӕнунцӕ. Уалинмӕ еци лӕг, ӕ гъог ӕ разӕй, уотемӕй нӕмӕ хӕстӕг ӕрбацудӕй ӕма дин лӕгти къуарӕй кӕмӕдӕр дзоруй:

– Ду, Муртаз нӕ дӕ, Муртаз?..

– Муртаз бӕргӕ дӕн, кӕд ма аци изӕр фӕййервӕзон, уӕд…

Еузагъдӕй, еци ӕрӕдойнаг лӕг ӕма нӕхе, Дзотти Муртаз рагон хуарз лимӕнтӕ разиндтӕнцӕ.

– Дӕ гъӕлӕсиуагӕй дӕбӕл фӕггурусхӕ дӕн, уӕ рӕзти ку райевгъудтӕн уӕд ӕма гъудити бацудтӕн, ӕнӕ бафӕрсгӕ ’й нӕ ниууадздзӕнӕн, – загъта ӕрӕдойнаг.

Ӕма нур дууӕ лимӕни кӕрӕдзей еци зӕрдӕхцӕуӕнӕй нихъхъури кодтонцӕ.

– Тагъд дӕ адӕми, нӕлгоймагӕй-силгоймагӕй, дӕ фӕсте рахонӕ мӕ хӕдзарӕмӕ, – загъта Муртазӕн.

Ӕ хӕдзарӕ ба, нӕ хуӕдтолгӕ ци кустуати рази ӕрхустӕй, еци рауӕнмӕ хӕстӕг разиндтӕй.

Берӕ лигъстӕ кӕнун нин нӕ багъудӕй, уомӕн ӕма не ’цӕгӕй исӕфгӕ кодтан, аци Хуцауи уарзон лӕг нӕ ку нӕ байуазӕг кодтайдӕ, уӕд. Нӕ адӕмӕй ни алкедӕр, меддуармӕ бахезуни размӕ ӕ цӕсгон ӕрӕхснадта донӕй – уотӕ бакӕнун фӕгъгъӕуй, зианӕй хӕдзарӕмӕ бахезуни размӕ. Ӕма е, гъай-гъай, нӕ фусунтӕн ӕхцӕуӕн адтӕй, кӕд дзоргӕ неци искодтонцӕ, уӕддӕр бӕрӕг адтӕй.

Нӕ фусун лӕг уайтӕккӕ дӕр сӕ синхи лӕгтӕ ӕма силгоймӕгти ӕрбамбурд кодта. Косарт нин ракодтонцӕ, урух, гъар авӕртти фингитӕ ӕрбайвардтонцӕ – нӕлгоймӕгтӕ ӕма силгоймӕгтӕн хецӕнтӕй. Ӕфсийнӕ иуазӕгуарзон ке адтӕй, е бӕрӕг адтӕй е ’змӕлдӕй ӕма уотӕ бакодта:

– Ӕгириддӕр ма тухсетӕ, тӕвдӕ арахъ цивзий хӕццӕ мард дӕр райгас кӕндзӕнӕй…

Хӕдзари хецау Муртази хестӕри бунати исбадун кодта, ӕхуӕдӕг ба дуккаг хестӕрӕн ӕ рахес фарс ӕрбадтӕй.

– Арахъӕй уин нӕ батухӕ кӕндзӕнӕн, кӕцӕй рацудайтӕ, уой зонун, фал уи ӕ уоди тӕрегъӕди дӕр маке бацӕуӕд, – загъта иуазгутӕн хӕдзари хецау.

Муртазӕн ба, сӕрмагондӕй райарфӕ кӕнгӕй, кади ниуазӕн равардта:

– Дӕу ӕз ескӕд мӕ хӕдзари фӕууиндзӕнӕн, уой ӕнгъӕл некӕд адтӕн. Дӕ хуарздзийнӕдтӕ ӕгӕрон ӕнцӕ, некӕд сӕ феронх уодзӕнӕн. Устур арфиаг ди дӕн. Мӕ сабийтӕ дӕу фӕрци гъар авари сӕ зумӕг берӕ хӕттити рарвистонцӕ. Уӕдта ди айдагъ ӕз нӕ дӕн арфиаг, адӕм ди цӕйбӕрцӕбӕл боз ӕнцӕ, уой ма берӕ кӕмӕйдӕрти фегъосинӕ…

Цубурдзурдӕй, хъӕбӕр нӕ байуазӕг кодтонцӕ ӕрӕдойнӕгтӕ. Нӕ хуӕдтолги дӕр нин ӕ бакки тӕккӕ идзаг артаг никкодтонцӕ, ӕма нӕ уотемӕй рафӕндараст кодтонцӕ ӕмбесӕхсӕви. Нӕ бийнонтӕ дӕр, гъай-гъай, катаййи бацудӕнцӕ, хумӕтӕги сӕбӕл нӕ байнафонӕ ӕй, адӕмбӕл маци фидбилиз ӕрцӕуӕд, зӕгъгӕ, сӕхецӕн бунат нӕбал ирдтонцӕ.

Дуккаг бон Муртаз нӕхемӕ иссудӕй ӕма нӕ фидӕн ракодта ӕзини цауи хабар. Нӕ фидӕ имӕ лӕмбунӕг фегъуста, уӕдта ӕ гъудитӕ дзорун райдӕдта. Муртазӕн загъта:

– Сӕрмагондӕй мӕ фӕндуй зӕгъун Муртази туххӕй, уӕлдайдӕр ба, аци анз нӕ Уӕлахези 75 анзи цитгинӕй ке бӕрӕг кӕнӕн, уомӕ гӕсгӕ. Райгурдӕй 1915 анзи Дур-Дури, зӕнхкосӕг бийнонти ’хсӕн. Ӕ ниййергутӕ Александр (1886-1980), гъӕубӕсти ’й фулдӕр Алӕг, зӕгъгӕ, фӕсномугӕй хониуонцӕ ӕма ӕ мадӕ Гуцауон Олинкъа (1888-1962), уой дӕр фулдӕр, Гога, зӕгъгӕ, фӕсномугӕй хониуонцӕ, адтӕнцӕ ӕгъдаугин, хуӕдӕфсармӕ, фӕллойнӕуарзагӕ, гъӕубӕсти ’хсӕн сӕ кадӕ адтӕй бӕрзонд. Муртаз 1936 анзи каст фӕцӕй Дзӕуӕгигъӕуи фестӕгцӕуӕг ӕфсӕддон училище. Лӕвӕрд ин ӕрцудӕй лейтенанти цин. Нисангонд ӕрцудӕй Алагири райони тугъдон комиссариати сӕргълӕууӕгӕй. Еци анз бакодта бийнонти гъуддаг. Цардӕмбалӕн равзурста алагираг Беккузарти Асламурзайи кизгӕ Нини. Устур Фидибӕстон тугъди рӕстӕг немуцаг-фашистон ӕрбалӕборгути нихмӕ тох кодта Хонсар-Нигулӕн фронти. Ӕхе бауӕрбӕл бавзурста карз тугъди уӕззаудзийнӕдтӕ. Взводи командир уогӕй, хъазауатонӕй тох кодта цифуддӕр знаги нихмӕ. 1943 анзи, гъулӕггагӕн, уӕззау цӕф фӕцӕй ӕма ӕ цӕфтӕ ку бадзӕбӕх ӕнцӕ, уӕд дохтирти хатдзӕгмӕ гӕсгӕ тохунгъон нӕбал адтӕй, ӕма ’й сӕ хӕдзарӕмӕ исӕрвистонцӕ.

Тугъди фӕсте ӕвзурст ӕрцудӕй колхози сӕрдарӕй. Цалдӕр анзей фӕсте ба иссӕй гъӕусовети сӕрдар. Уой хӕццӕ ба ма гъӕууон астӕуккаг скъолай ахурдзаутӕн лӕвардта тугъдон цӕттӕдзийнади уроктӕ. Кӕмидӕриддӕр косгӕ рауадӕй Муртазӕн, уоми ӕ кадӕ адтӕй бӕрзонд, устур аргъ ин кодтонцӕ е ’мкосгутӕ, гъӕубӕстӕ ӕнӕгъӕнӕй дӕр.

Муртаз ӕнсувӕри цард ци берӕ адӕми хӕццӕ фӕккодта, уонӕй еу адтӕй зундгонд партион ӕма ӕхсӕнадон архайӕг Гапбати Иван. Мадта зундгонд дирижер Гергити Валерийи фидӕ Абисали хӕццӕ ба уӕлдай ӕновуд ӕрдхуӕрдтӕ адтӕнцӕ, ӕ цардӕмбал Тамарӕн ба ма къохбӕлхуӕцӕг дӕр адтӕй. Ӕма алкӕддӕр сӕ кӕрӕдземӕн ӕгъдау лӕвардтонцӕ, сӕ хӕстӕгдзийнадӕ се ’хсӕн федар адтӕй.

Муртаз хъӕбӕр хъонцгӕнгӕй имиста ӕ уарзон кӕстӕр ӕнсувӕр Лазӕри, сӕрустур си адтӕй – Устур Фидибӕстон тугъди рӕстӕг е ’ригон цард Райгурӕн бӕсти сӕрбӕлтау иснивонд кӕнгӕй, е равдиста агъазиау ӕскъуӕлхтдзийнадӕ, ӕ бӕгъатӕрдзийнади кой райгъустӕй ӕнӕгъӕнӕ Советон Цӕдесбӕл дӕр. Ӕ кадгин ном цӕруй ӕма ӕностӕмӕ цӕрдзӕнӕй арфиаг дзилли зӕрдити!..

Нӕ сӕртӕй ниллӕг ковӕн тугъди ветерантӕн. Абони ма си цардӕгас ка ’й, етӕ ӕнӕнезӕй, ӕнӕмастӕй цӕрӕнтӕ! Не ’хсӕн си ка нӕбал ӕй, тугъди будурти ӕностӕмӕ ка байзадӕй, уӕдта уордигӕй ка исӕздахтӕй, фал си абони не ’хсӕн ка нӕбал ӕй, еци тугъдонтӕн ба рохсаг зӕгъӕн…