29 апреля 2024

ФИДАР НЫХАС – ФИДАР МÆСЫГ!..

08.04.2023 | 23:26

ХАХУЫРГÆНÆГÆН  РААРФÆ КОДТОН

Мæскуыйы Суриковы номыл аивæдты Академи каст куы фæдæн, уæд нын ресторан «Арагви»-йы банкет уыдис æмæ йæм нæ ахуыргæнджыты дæр æрбахуыдтам. Ахæм бон куыд вæййы, афтæ сын фынджы уæлхъус бузныг загътам, уыдон та нын – фæстаг фæдзæхстытæ. Ныхасы бар зындгонд нывгæнæг Михаил Бабуринмæ куы æрхаудта, уæд мæнæ афтæ райдыдта:

– Мæнæ уын чысыл раздæр дипломтæ радтам, фæлæ рагацау афтæ ма банхъæлут æмæ скульптортæй агæпп ластат…

Мах кæрæдзимæ бакастыстæм, ныххудтыстæм, фæлæ йæ æнæуи та æмбæрстам, уыцы ном райсыны размæ ма нæ æцæгæйдæр бирæ фыдæбон кæнын кæй хъæудзæн, уый.

– Сымах нæ бæстæйы алы рæтты ахæлиу уыдзыстут, – кодта дарддæр йæ ныхас Бабурин, – архайдзыстут алыхуызон равдыстыты уæ куыстытимæ, чи зоны, æмæ уæ нывгæнджыты Цæдисмæ дæр райсой, къорд цыртдзæвæны сараздзыстут æмæ суыдзыстут лауреаттæ дæр, фæлæ-иу уæддæр рагацау уæхи скульптортыл ма банымайут…

Мах та ныддис кодтам, ме ’мбæлттæй чидæр нал фæлæууыд, сыстад æмæ йæ хъæрæй бафарста:

– Уæдæ-иу уæд кæцы сахатæй фæстæмæ райдайæм нæхи æцæг скульптортæй нымайын?..

Бабурин бахудти æмæ мæнæ ацы ныхæстæ загъта:

– Уæ зæрдыл æй бадарут: мæнæ уыл хахуыртæ фыссын куы райдайой, уæд-иу æй зонут: сымах уæ дæсныйады уæхи ссардтат.

Мæ бон дын бафиппайын у, Дамир, уый, æмæ хахуыргæнæг дæр йæхирдыгонау курдиатджын адæймаг кæй у. Уый дыл ахæмтæ æрымысдзæн, кæцытæ æндæры сæры никуы равзæрдзысты, æз ууыл æдзухдæр дис фæкæнын. Иу хатт архайдтон уæртæ Чырыстоныхъæуæй граждайнаг æмæ Фыдыбæстæйы Стыр хæсты чи фæмард, уыдонæн цыртдзæвæн скæныны тыххæй конкурсы. Иу чидæр сбадт æмæ партийы ЦК-мæ писмо арвыста, ома, дам, нæ республикæйы сæргълæууæг Хъæбæлоты Билар æмæ Дзбойты Михал дыууæйæ дæр сты иу районæй, Дыгуры районæй, æмæ Михал конкурс æрмæстдæр уый руаджы рамбылдта. Мæн та уæдмæ Билар зонгæ дæр нæма кодта, цæстæй дæр мæ никуы ма федта.

Уыцы конкурсæн уыдис цалдæр къæпхæны, фæстагмæ дзы рахастой æрмæст цыппар куысты, чи сæ кæй уыди, уый æвзарæн къамисы уæнгтæ сæхæдæг дæр нæ зыдтой.

Иу бон равдыстмæ æрбацыдысты партийы обкомы кусджытæ, стæй Дыгуры районы минæвæрттæ. Билар лæмбынæг фæкаст, фæкаст, сæ алкæйы цур дæр-иу алæууыд, стæй загъта:

– Мæ коймæгтæ, уæхи цы тухæнæй марут, мæнæ уын цæттæ цыртдзæвæн, цы ма уæ хъæуы?

Æмæ сын мæн куыстмæ бацамыдта. Уæд ын къамисы уæнгтæ дæр басастысты, мах дæр, дам, нæ цæст ууыл æрæвæрдтам. Æз уæд фыццаг хатт федтон Билары афтæ хæстæгмæ. Уый ацыд æмæ, уæд уым залы чи баззад, уыдоны бафæндыд уыцы куыст кæй у, уый базонын… Хахуыргæнæджы æцæгдзинад нæ хъуыди, уымæн сæйрагдæр уыдис Билар дыгурон кæй у, Дзбойы-фырт та – Дыгуры районæй. Æз æй зыдтон уыцы æдзæстуарзон нæхи нывгæнджыты Цæдисæй кæй у, уый Æвæццæгæн, бонæй куы сæмбæлæм, уæд мæм йæ къух æрбадаргъ кæны, æхсæв та мыл уыцы къухæй, цы дæн æмæ цы нæ дæн, уыдæттæ фыссы. Иу хатт нæм иумæйаг æмбырд уыдис, æз нал фæлæууыдтæн, сыстадтæн æмæ мæ раныхасы хъæрæй загътон:

– Хахуыргæнæг, мæн дæ руаджы ногæй бауырныдта, æз æцæг скульптор кæй сдæн, уый. Арфæ дын кæнын…

Æмæ æмбырды архайджытæн радзырдтон, кæддæр нын не стыр ахуыргæнæг Максим Бабурин цы ныффæдзæхста, уый. Залы чи бадт, уыдон зæрдиаг худт фæкодтой, æмдзæгъд дæр ма дзы райхъуыст.

 

БИБО УАСТЫРДЖИЙЫ СÆРЫЛ КУЫД РАХÆЦЫДИС…

Зындгонд цирчы бæхылбадæг Хъантемыраты Ирбегыл 70 азы куы сæххæст, уæд мæм хуынды гæххæтт æрбарвыста, кæцыдæр рестораны бæрæг кодта йæ юбилей. Фистæгæй араст дæн. Кæсын æмæ уыцы рестораны алыварс талынг, мидæгæй дæр рухсы цъыртт нæ кæлы.

Адæмы къорд дзы ныййæфтон, зонгæтæ мын дзы разынди, зæгъын, ам цы лæуут, мидæмæ цæуылнæ бацæут. Æмæ, дам, нæм æддæмæ ракæсæг нæй.

Æз нал фæлæууыдтæн æмæ дуар бахостон. Иу сылгоймаг дзы йæ сæр радардта, мæ хуынды гæххæтт æм равдыстон, зæгъын, уæ рухсытæ цы кодтой, мидæмæ нæ цæй тыххæй нæ бауадзут. Ницы, дам, кодтой нæ рухсытæ, уæдæ мæ нын загътой нæ республикæйы фыццаг лæгтæ, дам, хъуамæ æрбацæуой æмæ сæ куыд ничи фена, афтæ бакæнут.

Æмæ мах дæр…

Цымæ нын нæ ныхас исчи фехъуыстаид, уыйау дзырдта сусæгæй. Уæуу, мæнæ, зæгъын, цы рæстæджытæ скодта.

Диссæгтæ фæстæдæр уыдис. Хистæрæн фынджы уæлхъус бадт нæ зындгонд лæгтæй иу, абон уæлæуыл нал ис, æмæ дын йæ ном уымæн нæ зæгъын. Дыккаг хистæрæн дзы уыд Дзасохты Алыксандр, æртыккагæн Ирбег йæхæдæг. Йæ хæддæлейы дзæнæты бадинаг Уататы Бибо, дарддæр та – Ходы Камал, Дзантиаты Анатоли, Мæскуыйы цирчы артисттæй цалдæр.

Нæ хистæр Хуыцаумæ скуывта, лæугæйæ фыццаг сидт банызтам, стæй йæ цы хæйрæг сардыдта, уый дын нæ зæгъдзынæн, фæлæ фестад æмæ загъта:

– Мæнæ нæ абон йæ уындæй сбуц кодта нæ фыццаг разамонæг Дзасохты Алыксандр, цæй æмæ уымæн йæ цæрæнбоны тыххæй фæйнæ бануазæм. Æмæ дзы æппæлынтыл схæцыд, афтæмæй уæдмæ цалдæр мæйы йеддæмæ нæма куыста.

Мах кæрæдзимæ бакастыстæм, нæхинымæр ныддис кодтам. Уæлейы мæм фехъуыст Бибо хистæрмæ куыд бадзырдта, уый:

– Æмæ дæ Уастырджи рох фæцис?

Хистæр йæ къух ауигъæгау кодта, ома, аназ, æз цы кæнын, ды дæр уый кæн. Бибо йæм комкоммæ каст, афтæмæй уыцы æнæ исты сдзургæйæ анызта, æцæг фынгмæ не ’рывнæлдта. Чидæр мæ фæрсы, Дзасохы-фырт, дам, йæхæдæг куыд ницы дзуры. Уый та цыма æппындæр ницы æрцыдис, афтæ йæхи дары, йæ сырх галстук йæ сойæдзаг къухтæй рæстытæ кæны.

Дарддæр сидтытæ цæуынц, уæдæ куыд, цыппæрæм, фæндзæм… Æмæ дын мæнæ Бибо куы срæмудзид:

– Нæ буц хистæр, мах дæ уарзæм, уый ды дæхæдæг зоныс? Зоныс… Уæдæ уæд ды цы хынджылæг кæныс ирон фынгæй? Дзасохы-фырт Уастырджийы цур кæм æмæ цæмæй фæкадджындæр ис? Райсом нын æндæр хицау куы уа, уæд та нын уый дæр Уастырджийы бæсты уыдзæн?.. Алыксандр, ды та йын дæхæдæг цæуылнæ исты загътай?

Уыцы ныв дæхи цæстытæй куы нæ фенай, уæд æй фаг нæ бамбардзынæ. Фынджы уæлхъус чи бадт, уыдонæн сæ фылдæр Бибойы фарс уыдысты, кæд дзургæ ницы скодтой, уæддæр, хистæрмæ æрхатыдысты Уастырджийы сидт, дам, ма æрæджиау уæддæр рауадз…

Мæнмæ гæсгæ, нæ республикæйы уæды сæргълæууæг йæ удыхъæды арæзтмæ гæсгæ мастисæг уыди æмæ, кæд уыцы изæр ницы сдзырдта, уæддæр æй йæ зæрдыл бадардта.

Куы фæзиан Бибо, уæд чырыны цур мæ чъылдыммæ, цалдæр зонгæ лæджы лæууыд, йæ хæлæрттæ, сæ ныхæстæ мæм хъуысыдысты. Иу дзы афтæ зæгъы, мæнæ, дам, дыууиссæдзæм бон куы ахицæн уа, уæд ма-иу сæхимæ кæсæнт, мæрдтæм æй чи батардта, уыдон, тæрхондонмæ сыл бадæтдзыстæм. Сæ нæмттæ дæр сын загътой.

Абон дæр ма сыл дæттынц. Æз дзы æрæджы иуы бафарстон, зæгъын, кæмæдæрты уæд æртхъирæнтæ куы кодтат. Йæ къух ауыгъта, ома, дам, ма йæ ныр фæстæмæ чи райгас кæндзæн, цы ма дзы рауайдзæн…

Бибойæн йæхимæ цы хорз миниуæг уыдис, æргом ныхас кæнын, рæстдзинады сæрыл хæцын, уый сæ иумæ дæр нæ разынд.

 

СÆ КОММÆ НÆ БАКАСТÆН

Нывгæнджыты Цæдисмæ мæм фæдзырдтой, мæнæ, дам, дæ коллегæтæй дыууæйæн Мæскуымæ сæ гæххæттытæ æрвитæм, хъуамæ адæмон нывгæнджыты нæмттæ райсой, æмæ ды дæр нæ курдиаты дæ къух æрæвæр. Æз уæд нæ профцæдисты разамонджытæй иу уыдтæн. Зæгъын, равдисут ма, читæ сты. Сæ ныхмæ ницы загътон, фæлæ культурæйы министрады бæрнон кусджытæн мæ хъуыды бамбарын кодтон:

– Мæнмæ гæсгæ, адоны разæй уыцы кадджын ном райсын æмбæлы Дзанайты Азанбегæн. Абон уымæй курдиатджындæр нывгæнæг мах æхсæн нæй, æмæ ма зæгъут цæмæн æй хъуамæ бафхæрæм? Хъыг ын нæ уыдзæн? Ацы дыууæ-иу уый цурты куы фæцæйцæуой, уæд хъуамæ æфсæрмы кæной, ау, мах йæ разæй куыд фестæм, зæгъгæ…

Фæлæгъстæ мын кодтой, уый дæр, дам, нæ нæ ферох уыдзæн, абонæй фæстæмæ та уый кой бакæндзыстæм. Æз сын не сразы дæн, кæд мæм фæхæрам сты, уæддæр. Иу цасдæры фæстæ уыцы ном райста Азанбег, стæй та – иннæ дыууæ…

 

КЪОСТА МÆ КУЫД ФЕРВÆЗЫН КОДТА…

– Иу фæссихор мæм ме ’рмадзмæ æрбацыд нывгæнджыты Цæдисы хицæуттæй иу æмæ мын афтæ зæгъы, дæлæ, дам, нæм культурæйы министрадæй сдзырдтой, ардæм, дам, рацæут; зындгонд мæскуыйаг лектор нæм ссыд.

Ныццыдыстæм, уæдæ цы уыдаид, фæлæ дзы мæ машинæйæн йæ цуры бынат нал уыд. Цы гæнæн мын уыд æмæ йæ, æвæрын кæм не ’мбæлд, ахæм ранмæ батардтон. Зыдтон æй, милицæйæ йæ исчи бафиппайдзæн, уый æмæ уæд иу гæххæтты гæбазыл афыстон: «Ацы хатт мын бахатыр кæнут». Æмæ йæ раззаг авджы щеткæйыл бафидар кодтон.

Нæ мын бахатыр кодта милицæйы уæды æнæзонгæ кусæг.

Лекци дæр ницæййаг рауад, тæвд бон дæр уыд, залы – æнуд, бирæтæ дзы фынæй дæр ма баисты. Кæддæр-уæддæр фæци. Мæ машинæйы цурмæ куы бацыдтæн, уæд кæсын, æмæ дын раззаг авгыл æндæр æнцъылдтæ стырдæр гæххæтты гæбаз ныхæст æмæ дзы уырыссагау фыст дæ номыртæ, дам, сты паддзахадон автоинспекцийы хæдзары ахæм æмæ ахæм кæбинеты капитан Абайы-фыртмæ. Æркастæн разæй, ацыдтæн фæстæрдæм дæр, æцæгæйдæр мæ номыртæ – æппæрст.

Цы гæнæн ма мын уыд: ме ’нæзонгæ æфхæрæджы агурæг ацыдтæн. Гæххæтты гæбазыл мын цы кæбинетæй загъта, уый æхгæд разынд æмæ уæд сыхаг кæбинеттæй цалдæры дуæрттæ бахостон æмæ иу ран дæр нæ разынд. Æрæджиау мын иу æрыгон лæппу мæ катай бамбæрста, рудзынгæй кæртмæ акаст æмæ мын афтæ зæгъы дæлæ, дам, йæ машинæ кæрты лæууы, йæхæдæг дæр æнæмæнг ам искуы уыдзæн, хуыздæр æй рацагур. Æз уæллаг уæладзыгæй райдыдтон æмæ суанг бинаг уæладзыджы дæр се ’ппæт дуæрттыл дæр рахæцыдтæн, фæлæ никуы æмæ ницы…

Æмæ уæд фæкомкоммæ дæн уæрæх гом чи уыд пъадвалы уыцы дуармæ. Мæхинымæр, цы нæ вæййы, кæд уым ис, æмæ мæ сæр уым фæцавтон. Асины фæстаг къæпхæныл мæ къах куы æрæвæрдтон, уæд мæм рæбынæй кæцæйдæр кæйдæр фæдисы хъæр æрбайхъуыст, чидæр дзы æддæмæ дуар тынг хойы. Мæ цыдыл бафтыдтон, кæсын, æмæ уыцы дуарæй æддæмæ фæздæг кæлы. Бахæцыдтæн ыл æмæ – æхгæд. Мидæгæй чи уыд, уымæ мæ уынæр фехъуыст æмæ лæгъстæгæнæгау дзуры:

– Дуар мыл чидæр сæхгæдта… Исты хуызы йæ бакæн, кæннод ам фæздæг улæфынæй мæ бон нал у, хуыдуг кæндзынæн…

Æз айтæ-уйтæ нал фæкодтон, фæлæ мæ машинæмæ разгъордтон, фæрæтмæ фæлæбурдтон. Иу дзырдæй, дуар басастон, фæздæджы уацары чи бахауд, уый дын капитаны цины куы разынид. Мæ зæрдæ цæуылдæр фæкъæпп кодта æмæ, зæгъын, ды абон кæйдæр машинæйы номыртæ чи раппæрста, мыййаг, уыцы Абайы-фырт нæ дæ. Уый, дам, дæн. Æз та, зæгъын, уыцы машинæйы хицау дæн. Æмæ уæд цыма рагацау ныхасгонд уыдыстæм, уыйау æмхудт ныккодтам.

Ныр уый нал кусы, фæлæ мыл куы амбæлы, уæд мæм дардæй худгæ æрбацæуы. Нæ дыууæ дæр æхсызгонæй æрымысæм æз, æфхæрд лæг, мæ бафхæрæджы куыд фервæзын кодтон, уыцы бон…

– Иу ма ахæм æнахуыр фембæлд ма мын уыдис милицæйы кусджытимæ?.. Дæлæ Черкескы горæты астæу æвæрд ис не ’мзæххон Дзантиаты Инал кæй скодта, Къостайы уыцы цыртдзæвæн. Мах æм мæ хæлар архитектор Гуыбаты Зауыримæ кæцыдæр аз уынæг ацыдыстæм мæхи машинæйæ. Мæхицæн дæр æнæнхъæлæджы уыд, афтæмæй фæндагыл цæуыны æгъдау фехæлдтон, баурæдтой мæ.

Посты мæ сæ хицау, иу бæрзонд лæппулæгмæ бакодтой æмæ мæ миднымæр мæхицæн загътон, ныртæккæ мæ, зæгъын, уайдзæфты бын фæкæндзæн. Фæлæ уый куы базыдта кæцæй дæн, мæ цыды сæр ардæм цæй тыххæй у, уый, уæд йæ цæсгом фæрухс æмæ загъта:

– Æмæ уæ Къоста мæ уарзон поэт куы у!.. Цæй æмæ афтæ бакæнæм: кæд ын йе ’мдзæвгæтæй зæрдывæрдæй мæнæй фылдæр радзурай, уæд дæ æнæфхæрдæй ауадздзынæн, кæд нæ, уæд дæхæдæг зоныс, нæ бон цас у, уый… Разы дæ?

Уый цыппар æмдзæвгæйы радзырдта, æз фондз. Рауагъта нæ, немæ нын суанг сахары кæронмæ йæ хæдивæджы дæр ма рарвыста, мачи, дам, уал сæ бауромæд. Къостайы хорздзинæдтæ цымæ кæд бафиддзыстæм?..

 

АЗЫМДЖЫНЫ ТÆРИГЪÆД ЙÆХИУЫЛ ÆРЦÆУЫ…

– Кæцыдæр аз аивæдты Хæдзары иу нывгæнæг йæ равдысты фæстæ фынг æрæвæрдта. Хистæрæн дзы бадт Хуссар Ирыстоны уæды президент Цыбырты Людвиг, сæрмагондæй æрбацыд, уымæн æмæ нывгæнæг дæр уырдыгон уыд.

– Хистæр кувын куы райдыдта, – дзырдта мын уый фæстæ Михал, – уæд кæсын æмæ стъолы дæллаг кæрон иу арæзт бæрзонд лæг бады, сырх галстук ыл. Иууылдæр сыстадысты, уый та бады æмæ хæры. Фæхъыг мын ис æмæ дарддæр та цы архайæг уыдзæн, зæгъгæ йæ хъахъхъæнын. Сидтытæ цæуынц, уый сидæгмæ нæ хъусы, йæ ныхасæй не ’нцайы, хæлофæй нуазы, хæры… Æрдæгбадт уыдыстæм, афтæ дын уыцы бæрзонд лæг сыстад, иуы дæр нæ бафарста æмæ йæ дæндæгтæ къахгæ дæлæ араст рацæуæнмæ. Æз æй дуары цур баййæфтон, алывыдтæ йын акалдтон, ирон æгъдау афтæ куы нæ нымайай, уæд дын а зæххыл цæргæ дæр нæу, зæгъгæ, уайдзæф дæр ма йын мæ фырмæстæй ракодтон…

Ууыл иу-æртæ мæйы рацыд, чи зоны, чысыл фылдæр æмæ мæм иу бон ме ’рмадзмæ цалдæр лæджы æрбацыд, цыртмæ, дам, ма нын мæнæ ацы къам скæн. Æз æм æркастæн æмæ мæнæ диссаг: Аивæдты хæдзары йе ’нæгъдаудзинады тыххæй алывыдтæ кæмæн фæдзырдтон, уый дзы базыдтон…

 

ФÆТКЪУЫТЫ ЧЫРГЪÆД ТЕДЕТЫ ХЪÆУÆЙ

Ацы рæнхъытæ куы фыстон, уыцы бонтæй мæм иуы Мишæ телефонæй æрдзырдта æмæ йæ уæздан хъæлæсæй загъта:

– Мæнæ иу цыртæн иронау цалдæр хъуыдыйады ныффыстон, æрбауай-ма æмæ сæ иумæ бакæсæм.

Æз ын дыккаг бон иуæндæс сахатыл йе ’рмадзы дуар бахостон, баййæфтон ма дзы нæ иумæйаг хæлар, зындгонд дохтыр æмæ курдиатджын композитор Тедеты Шаликъойы. Цы ног цыртдзæвæныл кусы, уый тыххæй нын мæнæ афтæ радзырдта Мишæ:

– Ардæм мæм фæззæджы астæу Тедетæй дыууæ лæппуйы æрбацыд æмæ мæ семæ аластой уартæ Хуссар Ирыстонмæ. Уым ис иу гыццыл хъæу, цæрынц дзы æрмæстдæр мæнæ Шаликъойы æрвадæлтæ, хонгæ дæр æй афтæ кæнынц – Тедеты хъæу. Сæ курдиат та ахæм уыд: Фыдыбæстæйы Стыр хæсты нæ хотæ æмæ не ’фсымæртæй чи архайдта, уыдонæн нын аккаг цыртдзæвæн скæн…

Уырдæм цæугæйæ уымы фæндæгтæ куы федтон, уæд мæхинымæр скарстон, зæгъын, уæллæй, сыгъзæринтæ мын куы дæттой, уæддæр ницы хуызы сразы уыдзынæн. Куы йæ скæнон, уæд æй ласгæ та куыд æрбакæндзынæн? Ацы къуыппытæ æмæ дзыхъхъытæ фæндагыл фæллой ныппырх уыдзæн.

Фæлæ хъæумæ куы бацыдтæн æмæ куы федтон ме ’рбацыдмæ куыд тынг æнхъæлмæ кастысты, хæстæй сæ чи нал ссыд, уыдоны куыд тынг мысынц, сæ рухс ном сын куыд арынц, уый, уæд мæ карз фæнд аивтон. Стæй уыцы гыццыл хъæу ахæм рæсугъд у, ахæм дзæнæтон бынаты æрæнцад æмæ диссаг! Хæхты хъæбысы. Мæ алыварс фылдæр фæткъуы æмæ кæрдо бæлæстæ уыди æмæ мæм диссаг фæкаст иу хъуыддаг: зыбыты иунæг бæласыл дæр дзы зыбыты иунæг сыфтæр дæр нал баззад, нæ къæхты бын сæ сыр-сыр цыди, цыма нын сусæг ныхас кодтой, уыйау. Дыргътæ та бæгънæг къалиутыл ауыгъдæй лæууыдысты, алырдæмты æрттывдтытæ калдтой. Мемæ мын дзы иу чыргъæды дзаг сæвæрдтой, цыма йæ зонгæ кодтой балцы куы вæййын, уæд мæ дзæбæх сыхæгтæм афтидæй кæй никуы раздæхын, уый.

Нæ сын сразы дæн.

* * *

Ацы æрмæджытæ ратгæйæ нæм, Дауыраты Дамир ма загъта:

– Мæ цæстытыл уайы йæ хæлæрттæ Мишæйæн йæ юбилейы фæдыл цас арфæтæ фæкæндзысты, уый. Мæн дæр æм æнæмæнг ссæуын хъæуы, мæ иузæрдион æмгар хорз зоны, мæ куывдтытæ цæуаг кæй сты, уый. Æмæ йын зæрдиагæй раарфæ кæндзынæн йæ гуырæн боны рæсугъддзинады фæдыл, не Сфæлдисæгæй йын ракурдзынæн, цæмæй æнæниз æмæ уæнгрогæй цæра, йæ хæдзар фæрнæйдзаг уа, йæ бинонты амондæй зæрдæрухс уа, бирæ цыдæртæ ма йын бантыса нæхи ирон аивады…