НÆ ЦАРДИ НÆУÆГÆЙ ЦИ ФÆЗЗИНДЗÆНÆЙ?..
Аци анз апърелæй фæстæмæ æ хъаури бацудæнцæ, адæми царди хецæн къабæзти хæццæ баст нæуæгдзийнæдтæ. Циуавæр, – уобæл идарддæр æрдзубанди кæндзинан.
ПЕНСИТÆБÆЛ БАБÆЙ БАФТУЙДЗÆНÆЙ
Уæрæсей Хецауади унаффæй аци анз 1 апърелæй фæстæмæ пенсити феддонтæ гъæуама индексацигонд бабæй æрцæуонцæ. Фæффулдæр уодзæнæнцæ социалон пенситæ æма сувæллæнтти туххæй пособитæ.
Социалон пенситæ фæффулдæр уодзæнæнцæ 3,3 проценти, уотемæй сæ рæстæмбес бæрцæ исуодзæнæй 10 мини 193 соми. Социалон пенси фист цæуй:
– 1,2 æма 3-аг къуæртти инвалидтæн;
– сахъат сувæллæнттæн;
– 18 анзей уæнгæ седзæр сувæллæнттæн, кенæ ба, 23 анзи кæбæл нæма исæнхæст æй, уотемæй комкоммæ уагæй уæлдæр ахургæнæндони ка ахур кæнуй, уæхæн седзæртæн;
– сæ дарæг кæмæн нæбал æй, еци бийнонтæн;
– æ кусти æнзтæ берæ кæмæн нæ ’нцæ кенæ, æгириддæр ка некæд куста æма нур æ карæмæ гæсгæ пенсиесæг ка иссæй, уæхæн адæймæгутæн.
Фæффулдæр уодзæнæнцæ сæ социалон пенситæ федералон льготæй пайдагæнгутæн дæр. Етæ ’нцæ:
– Устур Фидибæстон тугъди ветерантæ, Ленингради блокади ка адтæй, еци инвалидтæ;
– Чернобыли архайгутæ;
– е ’фсæддон служби рæстæг инвалид ка иссæй, еци æфсæддонтæ.
Уомæй уæлдай, бафиститæ фæффулдæр уодзæнæнцæ, æ пенсимæ уæлæнхасæн социалон уæлæфтауæн ка есуй, æфсæддон уæхæн пенсиесгутæн.
СУВÆЛЛÆНТТИ ТУХХÆЙ ФЕДДОНТÆ
Æййивд æрцæудзæнæй, 3-7-анздзуд сувæллæнттæн ци бафиститæ ес, етæ дæр.
Алли бæлвурд региони алли бийнойнагмæ дæр мæйæ ци рæстæмбес æфтуйагæ хауй, е региони фæццæруни тæккæ минкъийдæри бæрцæй дæр минкъийдæр ку уа, уæд уæхæн бийнонтæн, нурмæ син ци социалон агъаз адтæй, е 1,5 – 2 хатти фæффулдæр уодзæнæй.
Сувæллæнтти пособитæ нæуæгæй банимайуни туххæй курдиæдтæ бадæттун æнгъезуй 1 апърелæй фæстæмæ. Социалон агъаз фæффулдæр кæнуни барæ син куддæр исбæлвурд уа, уотæ январь, февраль æма мартъий мæйтæн райсдзæнæнцæ нæуæг хузи пособитæ.
КОММУНАЛОН ХÆДЗАРАДИ ЛÆГГÆДТÆ
1 апърели фæсте фатерти хецæуттæн лæвæрд цæудзæнæнцæ коммуналон лæггæдтæн федуни нæуæг квитанцитæ. Уоми амунд уодзæнæнцæ еумæйагхæдзарон лæггæдтæн нæуæг феддонтæ.
Зæгъæн, фулдæр федун гъæудзæнæй лифти кустæн æма берæфатерон хæдзари еумæйаг электрон тухæн. Феддони бæрцæ аразгæ уодзæнæй, еци тухæй цæйбæрцæ æрцудæй харзгонд, уомæ гæсгæ. Берæфатерон хæдзари электрон тухи хæрзтæн нимайæнтæ æвæрд кæд ес, уæд федгæ уодзæнæй уони бæрæггæнæнтæмæ гæсгæ. Уотемæй, фатерти хецæуттæ феддзæнæнцæ минкъийдæр. Нимайæнтæ кæд нæййес, уæдта федун гъæудзæнæй нормативтæмæ гæсгæ, уотемæй ба еумæйагхæдзарон электрон тухæн федун багъæудзæнæй фулдæр – анзмæ 2400 соми.
Коммуналон лæггæдтæн федуни хæццæ баст иннæ нæуæгдзийнæдтæ ’нцæ зæрдæмæдзæугæдæр: цæрæнуатон-коммуналон хæдзаради лæггæдтæн федуни нихмæ 50 проценти субсиди дæттуни гъуддаг 1 апърелæй фæстæмæ иснæуæг уодзæнæй. Уорæд ба адтæй рæстæгмæ, 2020 анзæй, нæуæг коронавируси нез ке рапарахат æй, уой фудæй. Уотемæй, цубуркъох æма фæккæсуйнаг ка ’й, уæхæн бийнонтæн сæ коммуналон феддонтæн се ’мбес фæстæмæ æрветун нæуæгæй райдайдзæнæнцæ.
НÆДТÆБÆЛ ЦÆУНИ ÆДАСДЗИЙНАДÆ
Фиццаг æййивддзийнадæ æ тухи бацудæй мæйи размæ: 1 мартъийæй фæстæмæ æййивддзийнæдтæ хаст æрцудæнцæ Нæдтæбæл цæуни уагæвæрдтæмæ.
Нæдтæбæл æвæрд рохснисантæбæл фæззиндзæнæй нæуæг рохс – уорс. Нади сæрти бацæуни бунати æвæрд рохс нисанæй æ уорс «цæстæ» ку иссодза, уæд е адæмæн дæтдзæнæй нади сæрти бацæуни барæ.
Иннæ нæуæгдзийнадæ: абони æригæнттæ хъæбæр бауарзтонцæ ерхæфсæн транспорти нæуæг хузæ – электросамокаттæ, гидроскутертæ, сигвейтæ æма æндæр уæхæнттæ. Æдасæй цæуæн ба сæбæл æгириддæр нæййес, уомæ гæсгæ багъудæй Нæдтæбæл цæуни уагæвæрдтæмæ уæлæнхасæнтæ хæссун. Еци уæлæнхасæнтæмæ хаунцæ: ерхæфсæн транспортбæл цæун цæйбæрцæбæл тагъд æнгъезуй, е (бæрæггæнæнæн еу сахатмæ 25 километри, тæккæ фулдæр), уæдта сæбæл цæунæн агъазгæнæг нæдтæбæл æвæрд амонæнтæ æма æндæртæ.
Уæлдæр ранимад транспортбæл адæймаг цæмæй цæуа, уой туххæй шофери æвдесæндар нæ гъæуй. Уагæвæрдтæмæ гæсгæ, 7-14-анздзуд сувæллонæн барæ ес, цæмæй сæбæл цæуа тротуарбæл, уæдта, фестæгæй кенæ велосипедæй цæун кæми æнгъезуй, уæхæн нæдтæбæл дæр. 7 анземæй кæстæр сувæллæнттæн ба уæлдæр амунд транспортон фæрæзнитæй цæун æнгъезуй, сæ хæццæ хестæр адæймаг ку уа, айдагъдæр уæд.
ШОФЕР ИСУН КЕ ФÆНДУЙ…
Æййивддзийнæдтæ хаст æрцудæнцæ, шофери æвдесæндар райсуни туххæй фæлварæнтæ дæттуни гъуддагмæ дæр.
Исуйнаг шоферти багъæудзæнæй фулдæр зонундзийнæдтæ равдесун практикон æгъдауæй фæлварæн дæттуни рæстæг. Еци фæлварæн дæттунæн сахари медæгæ æвзурст цæудзæнæнцæ, хуæдтолгитæ минкъийдæр кæми цæуа, уæхæн нæдтæ. Фæлварæни рæстæг фæлварæ дæттæгæн хуæдтолги æ фарсмæ баддзæнæй паддзахадон автоинспекций косæг. Ахур æй ка кодта, еци инструкторæн дæр машини бадуни барæ уодзæнæй, æцæг – фæстаг бадæнбæл.
ТУРИСТ ÆМА Æ ХÆРЗТÆ
Туристон балцæг балхæнуни фæндæ ка искæна, Уæрæсей еци гражданинæн æ хæрзти кæцидæр хай фæстæмæ раттуни туххæй программæ фæззиндтæй 2020 анзи, æма нур æнхæстгонд цæуй, еци программæн е ’ртиккаг хай.
Нæ бæсти алæмæти бунæттæ фæууинун фæндæ ка искæна, етæ сæ хæрзти 20 проценти фæстæмæ райсдзæнæнцæ. Æцæг – балцæг 20 мин сомемæй хъазардæр ку нæ уа, уæд. Уæдта ма еци æууæл – балцæгæн федгæ ’й «Мир», зæгъгæ, еци банки картæй.