АДÆМ СÆ НАМУС ФИЦЦАГИДÆР СÆХУÆДТÆ КАДГИН КÆНУНЦÆ
Устур Фидибæстон тугъди агъазиаудæр цаутæй еу иссæй Кавказбæл тох. Уой фæдбæл нæ газети ахид мухургонд фæццæуй аллихузон æрмæгутæ.
Абони бабæй ин æ кой ракæнунæн ба нин ес ахсгиаг рæуагæ – 9 сентябри цуппаринсæй анзи исæнхæст æй, Кавказ немуцаг-фашистон æрбалæборгутæй æнæгъæнæй дæр уæгъдæгонд ку ’рцудæй, уобæл.
Аци агъазиау ахедундзийнади фæдбæл дзоргæй, фиццагидæр, уой зæгъун гъæуй, æма немуцаг-фашистон æрдонгтæн сæ нисан Кавказ æнæмæнгæ байахæссун уомæ гæсгæ адтæй, æма син уотемæй равгæ фæцайдæ Фæскавказмæ байервæзунæн, цæмæй сæ къохи бафтудайуонцæ уоми алæмæти æрдзон хæзнатæ, уæлдайдæр ба Бакуй нефти фæрæзнитæ. Уомæн ба неци хузи æруадзæн адтæй – е нæ бæстæн мæлæтдзаг цæфи хузæн адтайдæ. Уомæ гæсгæ ба, знагæн карз нихкъуæрд раттуни туххæй арæзт цудæнцæ еугур мадзæлттæ дæр.
Цæгат Кавкази, уæлдайдæр ба Цæгат Иристони зæнхæбæл райеудагъ æнцæ карзæй-карздæр тугъдтитæ. Сурх Æфсадмæ разиндтæй уойбæрцæ хъаурæ, æма фехалдæнцæ знаги фæндитæ нæ бæсти аци рауæни, мæнæугин зæнхитæ æма нефтхæссæг районтæ сæхе бакæнуни фæдбæл, уæдта хæстæг æма астæуккаг Хорискæсæни бæстихæйттæмæ бампурсуни унаффитæ.
Не ’фсæддонти къохи бафтудæй Кавкази адæмихæттити цард багъæуай кæнун, немуци дæлбарæй сæ исуæгъдæ кæнун. Кавказ багъæуай кæнун æма Сталингради бунмæ тугъдтитæ цудæнцæ еу рæстæгути (1942-1943 æнзти). Кавказ гъæуайгонд ке ’рцудæй, е хуæрзæрдæмæ фæззиндтæй Сталингради бунмæ знаги ниддæрæн кæнунбæл дæр. Еци тугъдтитæн ци устур нисанеуæг адтæй, уобæл дзорæг æй, 1944 анзи 1 майи федаргонд ке ’рцудæй майдан «Кавказ багъæуай кæнуни туххæй», е дæр. Еци хуæрзеуæгæй хуарзæнхæгонд æрцудæй 600 мин адæймаги. Берæ æфсæддон хæйттæ æма еугæндтæ райстонцæ Анапи, Кубани, Новороссийски, Тамани, Темрюки кадгин нæмттæ. Новороссийскæн ба 1973 анзи лæвæрд æрцудæй «Сахар-Бæгъатæр»-и кадгин ном дæр. Дзæуæгигъæу ба хуарзæнхæгонд æрцудæй цитгин ном «Тугъдон Намуси сахар»-и кадгин номæй.
БÆГЪАТÆРТИ БЮСТИТÆ – ÆРГИНАРÆГИ МЕМОРИАЛИ
Кавказ немуцаг-фашистон æрбалæборгутæй исуæгъдæ кæнуни тохи рæстæг Цæгат Иристони зæнхæбæл уæлдай карз тугъдтитæ цудæнцæ Кирови райони, Æргинарæг ке хонунцæ, еци рауæн. Æ рæстæги уой фæдбæл ами игонгонд æрцудæй сæрмагонд мемориалон комплекс. Æрæги ба ма ами арæзт æрцудæй еума ахсгиаг мадзал. Мемориали фæзуати æвæрд æрцудæй бронзæй бюсттæ Советон Цæдеси Бæгъатæртæй дууадæсемæн – се ’хсæн – Генералиссимус Иосиф Сталин, Маршæл Георгий Жуков, Советон Цæдеси дууæ хатти Бæгъатæр Плити Иссæ…
Уой фæдбæл арæзт цитгин мадзали архайдтонцæ нæ республики æма райони разамунди, æхсæнадон-политикон къабæзти минæвæрттæ, гъæути цæргутæ, ахурдзау фæсевæд.
Монументтæ исæвæруни хъæппæрес равдистонцæ республики Парламенти депутаттæ, райони бунæттон хеунаффæйади администраци ба æхцайæй фæккастæй. Бюсттæ балæвар кодтонцæ еугуруæрæсеуон патриотон проект «Уæрæсейаг Кади Аллейæ»-йи иуонгтæ. Æ нисан æй еци æнæмæлгæ бæгъатæрти нæмттæ исæносон кæнун.
Проекти автортæ куд зæгъунцæ, уотемæй сæ архайди фæрци бæсти цæргути зæрдæбæл æрлæуун кæндзæнæнцæ Фидибæсти бæгъатæрти нæмттæ, граждæнти патриотон уод фæгъгъæздугдæр кæндзæнæнцæ, ирæзгæ фæлтæр ба еци æнæмæлгæ традицитæбæл гъомбæлгонд цæудзæнæнцæ.
Аци проекти фæрци ма æрæги арæзт æрцудæй еума арфиаг гъуддаг – æносонгонд æрцудæй Устур Фидибæстон тугъди намусгин архайæг Давыдов Ладо Шириншай фурти рохс ном. Е райгурдæй 1924 анзи Дзæуæгигъæуи. Ардигæй 1942 анзи рандæй Сурх Æфсади рæнгъитæмæ, æхсаргинæй тох кодта немуцаг-фашистон æрбалæборгути нихмæ. 1944 анзи 22 июли ин лæвæрд æрцудæй Советон Цæдеси Бæгъатæри ном. Абони дæр иронх нæй æ райгурæн Иристони. Æ ном хæссуй Дзæуæгигъæуи 6-аг астæуккаг скъола. Æрæги ба аци ахургæнæндони æвæрд æрцудæй бæгъатæри бюст.