26 декабря 2024

ИССИ БÆЛÆСТÆ МИСИККАТÆМÆ

25.11.2023 | 19:39

ПЛИТИ Иссæн куддæр амал æма гæнæн фæууидæ, уотæ фæннæхстæр уидæ æ райгурæн Иристонмæ. Уоди хуасæ ин исуидæ æ уарзон рауæнтæ бабæрæг кæнун, æ зардтагон æмзæнхонти хæццæ фембæлун.

Нæ номдзуд æмзæнхон, разагъди балхон, Советон Цæдеси дууæ хатти Бæгъатæр, Манголи Адæмон Республики Бæгъатæр, æфсади инæлар ПЛИТИ Александри фурт Исси райгурдбæл 25 ноябри æнхæст кæнуй æхсæзинсæй анзи (1903-1979). Е уоййасæбæл агъазиау цау æй нæ дзиллæн, æма ни федарæй æруагæс кæнуй, тæккæ цитгиндæр хузи бæрæггонд ке ’рцæудзæнæй. Мах, газет «Дигори» косгутæ дæр, нæ хай хæссæн аци æнæмæнгæ исаразуйнаг гъуддагмæ.  Æма нæ курдиадæмæ гæсгæ не ’хсæнадон уацхæссæг ХОСОНТИ Земфирæ Беслæни фембалдæй Цæгат Иристони адæмон финсæг ДАУРАТИ Дамири хæццæ – е хуарз зудта Исси, фæцæй ин равгитæ дæр æ хæццæ фембæлун æма радзубандитæ кæнунæн.  Уомæ гæсгæ ба уотæ æнгъæл ан, æма Дамири зæгъуйнæгтæ цæмæдесаг уодзæнæнцæ нæ нури газеткæсгутæн дæр.

 

 

НÆ ФÆЛТÆРД ФИДТÆЛТИ ФАРНÆ – НÆ НАДАМОНÆГ

 

– Дамир, хуарз ма ’й гъуди кæнун, кæддæр газет «Дигори» мухургонд æрцудæнцæ, евгъуд æноси 70-аг æнзти астæу Плити Исси хæццæ куд фембалдтæ, уой туххæй æрмæгутæ. Куд загътай, уотемæй еци фембæлд ба æрцудæй сахар Ростови – нæ номдзуд æмзæнхон уæд уоми цардæй. Берæ цæмæдесаг хабæртти кой ракодтай дæ имисуйнæгти. Уæдæй нурмæ рацудæй берæ рæстæг, æма уони уæд ка бакастæй, уонæй дæр, æвæдзи, феронх адтайуонцæ, уой хæццæ ба ма рагъомбæл æнцæ нæ газеткæсгути нæуæг фæлтæртæ дæр, кæцитæ сæ, ка ’й зонуй, æгириддæр нæ фегъустайуонцæ. Зонун ба сæ æнæмæнгæ гъæуй, уомæн æма цийфæнди уодуæлдайæй ку архайæн нæ исонибон зæрдæмæдзæугæдæр аразунбæл, уæддæр, баруагæс уи уæд, нæ фидтæлтæ нин бундорæн ци фарнæ ниууагътонцæ, уой æнхæстæй ку нæ зонæн, аргъ ин ку нæ кæнæн æма уобæл æнцайгæй нæ размæцуд ку нæ аразæн, уæд нин уоййасæбæл уадессагæй неци бантæсдзæнæй. Еци фарни зингæдæр хæйттæй ба еу æй, нæ фидтæлтæ нæ Фидибæсти сæрбæлтау куд уодуæлдайæй тох кодтонцæ е ’знæгти нихмæ æма ин куд гъæуай кодтонцæ æ сæребарæдзийнадæ, е. Еци гъуддæгути уæлдай æхсаргинæй ка фескъуæлхтæй, уонæй ба еу æй Плити Иссæ дæр. Æма хуарз уидæ, уой туххæй дæ имисуйнæгтæ ку радзорисæ…

– Дæ курдиадæ мин, Зифæ, лæдæрд æй, уæдта дæ хæццæ арази дæн, нæ фидтæлти хъазауатон гъуддæгути туххæй еудадзугдæр дзорун ке гъæуй, уомæй дæр.… Мæнæ ци фембæлди фæдбæл рацудæй дзубанди, е мин Исси хæццæ дуккаг фембæлд адтæй. Фиццаг хатт æй хæстæгмæ фæууидтон уæртæ 1964 анзи. Уæд нæ паддзахади уæди разамонæг Никитæ Хрущев Цæгат Иристонмæ ку рабалци кодта, уæд уой фæдбæл арæзт мадзæлтти архайдта Плити Иссæ дæр. Еци бæнтти, бæлвурддæрæй ба 8 августи Хрущеви бафæндадтæй нæ игъустгонд зæнхикустгæнæг, Социалистон Фæллойни Бæгъатæр Æлбегати Харитъони нартихуари хумтæ фæууинун. Мæнæ нур дæ хæццæ дзорун, уотемæй ба мæ цæститæбæл уайуй Харитъон æма нæ бæсти уæди разамонæг кæрæдземæн куд фæхъхъуритæ кодтонцæ, е. Уæдта унгæг хедбæл нартихуари хуми арфмæ куд бацудæнцæ… Сæ фæдбæл уордæмæ ниххæррæт кодтонцæ ахургæндтæ, журналисттæ, берæ адæм ба хумгæрони æндегæй нади астæу лæугæй байзадæнцæ, се ’хсæн нæхе Плити Иссæ дæр, уотемæй. Уой Хрущев растæфтæй, фæстæмæ разилдæй æма Иссæмæ дзоруй:

– Æмбал инæлар, нартихуари ’хсæнмæ рацæуай, цæмæй си тæрсис?

Æз ма ’й хуарз гъуди кæнун, Иссæ, цума е уæхæн фарстамæ æнгъæлмæ кастæй, уой хузæн ин куд тагъд дзуапп равардта, уой:

– Æз еци нартихуар дæуæй лæгъуздæр нæ зонун, æ хæццæ исгъомбæл дæн, мæ райгурæн гъæу ардæмæ хæстæг æй…

Еци æнæходгæй, цума ин никкидæр ма æндæр цидæр зæгъуйнаг адтæй, къæрних дзубанди, цæмæндæр мæмæ уæд уотæ фæккастæй.

Нартихуари хумтæ ку фæууидтонцæ, уæдта си устур митинг дæр адтæй, уой фæсте ба иуазгутæн фингитæ æрæвардтонцæ Харитъони будуйрон стани устур зали. Æз æма Ходи Камал ба уоми дуаргæстæ адтан. Иссæ æма Гурдзий хецау Мжаванадзе еугурей фæсте исхизтæнцæ къæпхæнтæбæл. Мжаванадзе мин мæ къох райста, Иссæ ба Камали къох. Уой фæсте Камал алли рауæнти хе æстауни хузи уотæ дзоридæ, Иссæ, дан, базудта, æ гъæуккаг ке дæн, уой æма мæн къох уомæн райста…

– Ду, Дамир, Ростови Исси хæццæ фембæлгæй, уони ин æ зæрдæбæл не ’рлæуун кодтай?

– Куд нæ! Мæ лимæн, дзенети бадуйнаг Æгъузарти Саукуйи хæццæ имæ ку бацудан æма æз Хумæллæгæй дæн, уой ин ку загътон, уæд мæ раздæр Æлбегати Харитъонæй бафарста, Хрущеви лимæн æй рахудта. Еци кæддæри фембæлд дæр æримиста, æма ин уæд æз ракодтон нæ гъæуи кадгиндæр хестæртæй еу, Æгайти Ципирка, Хрущеви хæццæ фембæлдæй гъæумæ ку раздахтæй, уæд куд загъта, еци хабар. Синхи зæронд уоститæ ’й фарстонцæ, гъæйдæ, куд адтæй, куд лæг дæмæ фæккастæй нæ устур иуазæг. Е, дан,  еуцæйбæрцæдæр рæстæг неци дзуапп лæвардта, цидæр сагъæсти бафтудæй, уæдта еци федарæй загъта:

– Уоми Иссæй æндæр лæг нæ адтæй!

Æма уотæ зæгъгæй, æ фæллад цæститæ, дан, исæрттивтонцæ сæрустурдзийнади уолæнтæй.

– Гæрр, Микъиттæй дæр лæгдæр æй? – бадес кодтонцæ уоститæ. – Уæд уой бунати уидæ, далæ Кремли…

Хийнæйдзаг худт фæззиндтæй Ципиркай цæсгонбæл æма æ амонæн æнгулдзæ батилдта:

– Уæллæгъи, уæддæр Иссæ берæ лæгдæр æй!

Мæ аци имисуйнаг Иссæн æхцæуæн адтæй, зæрдиаг худт бакодта. – Æз Хумæллæги медæгæй некæд адтæн, – имиста Иссæ æхуæдæг дæр. – Цæликки будури ба дууæ хатти. Фиццаг хатт 1953 анзи уе ’мгъæуккаг партий обкоми фиццаг секретарь Хъулати Хъубадий Сталини рамæлуни фæсте æ кустæй ку исистонцæ, уæд. Мæ лимæн адтæй Хъубади æма ’й мæхецæн ихæсбæл банимадтон уой бабæрæг кæнун. Мæ над уобæлти ракодтон, нартихуари хуми астæу æй баййафтон… Нæ къарæ дæр ма еумæ исистан, кæд уин е цæмæдесаг æй, уæд æй нæ зæронд альбомтæй еуеми иссердзæнæн. Раст уин ку зæгъон, биццеутæ, уæд мæ уордæмæ дуккаг хатт Хрущеви хæццæ рандæ ун нæ фæндадтæй, хæран имæ адтæн æ еуæй-еу сæргъæн миути туххæй, хъæбæрдæр ба Сусловæн Хъубадий æфхуæрун ке бауагъта, уой туххæй… Сталинæн, дан, æгæр берæ аргъ кодта. Æма уомæн уæхæн аргъ æнæ гæнæн куд адтæй?..

Мах имæ Саукуйи хæццæ бацудан нæ рагацау цæттæгонд фарстати хæццæ, æма нин сæ еугуремæн дæр лæмбунæг дзуæппитæ равардта. Ростовæй ку исæздахтæн, уæд исбадтæн æма нæ еци фембæлди туххæй зæрдиагæй ниффинстон, æрмæг нæ райони газети мухургонд æрцудæй 1971 анзи 9 феврали. Кæд ма ’й гъуди кæнис, Зифæ, нæ уæди редактор, дзенети бадуйнаг Семен Волковиницери – е мин берæ арфитæ фæккодта, газети редакций уæди газети литературон косæгæн, преми дæр ма мин равардта…

– Æз ма хуарз гъуди кæнун, дæу нæмæ партий райком фиццаг хатт нæ райони газети редакторæй ку ’рбарвиста, уæд дæ хæццæ æрбахастай еу устур портрет. Мах æнгъæл адтан, е партий Центрон Комитети секретартæй кедæр хузæ ’й, зæгъгæ. Уæд е модæ адтæй, рæстæги домæнтæ уæхæн адтæнцæ. Ду ба æрбахастай… Исси портрет. Кæд си сосæгдзийнадæй неци ес, уæд ци фæцæй, кæми ауигъд æй абони?..

– Феронх ди æй, Зифæ, дууæ портрети æрбахастон уæд. Къоста æма Исси. Уони мин балæвар кодта Нæуæг Бæтæхъойгъæуи уæди совхози парторг Хъарити Заурбег. Цæстигагуйау сæ гъæуай кодтон. Гъуди ма ’й кæндзæнæ, уæд мæ еуцæйбæрцæдæр рæстæги фæсте  фæстæмæ райкоммæ ракодтонцæ. Еци дууæ портрети мæ хæццæ уордæмæ дæр фæххастон. Цалдæр анзей фæсте ба ардæмæ æрбаздахтæн, мæ къохти ба – етæ. Ами дууадæс анзи мæ косæн уати мæ сæрмæ фæцæнцæ. Беслæни сæргълæууæгæй мæ ку равзурстонцæ, уæд сæ ардигæй уæлæ æртиккаг уæладзугмæ, мæ нæуæг косæн уатмæ исхастон. Уоми ку нæбал кустон, уæд сæ мæхе дууæ къохемæй фарсæй æристон, абони уартæ нæ хæдзари мæ косæн уати ’нцæ. Еу бон нæмæ рацо, Зифæ, æма сæ фæууинæ. Къоста дæр æма Иссæ дæр хъазар æнцæ мæ уодæн…

– Евгъуд æноси æстайæймаг æнзтæй еуеми дæ хъæппæресæй нæ сахари фæззиндтæй Исси номбæл гъæунгæ. Кæмидæр еуварс фæскъуми, кæмидæр кæронæй нæ, фал æ тæккæ бæрæгастæу. Е ба куд рауадæй?

– Æнæмæнгæ уой зæгъун гъæуй, æма е, Зифæ, бустæги мæн хъæппæрес нæ адтæй. Æз ма райкоми ку кустон, уæд нæмæ еу уалдзигон бони ’рцудæй мæ лимæн, дзенети бадуйнаг Уатати Бибо, Ирон театри циуавæрдæр фарстати фæдбæл. Райкоми фиццаг секретари хæццæ æ дзубанди ку фæцæй, уæдта мæн косæн уатбæл ракодта æ над. Хъæбæр зæрдиагæй æй худтон нæхемæ, зæгъун, фусун бакæнæ, мæнæ ами хæстæг цæрун. Нæ мин исарази æй… Фал имæ райкоми къæсæртæбæл æнгъæлмæ кастæнцæ, Бибо ами ’й, зæгъгæ, ка базудта, æ еци лимæнтæ цалдæремæй. Етæ ’й «æрсастонцæ» æма рандæ ан Беслæни дæллаг кæрони уæди æнзти игъустгонд ресторан «Тыллуп»-мæ. Нæ лимæнтæй еу, Хадихъати Аслан дæр Бибойæн æхе хузæн зарун берæ уарзта æма Исси зар ку ниццæлхъ ласта, уæд ин мах дæр зæрдиагæй фæрсаг кæнун байдæдтан. Зар ку фæцæй, уæд æз æрæстæфтæн, Бибо цæбæлдæр куд фæкъкъех æй, уой. Æрæгиау мæмæ æрбакастæй æма загъта:

– Кæд нæ рæдуйун, уæд  Беслæнигъæуи Исси номбæл гъæунгæ нæййес…

Мах кæрæдземæ бакастан, е æцæгæйдæр уотæ адтæй, æ уайдзæф ин балæдæрдтан. Еунæг дзурд дæр ни некæмæй ма райгъустæй, уотемæй Бибо ба фæрразæй æй:

– Гъема уин ходуйнаг нæй? Уæ хуæздæр лæгтæ кæми ’нцæ?

Еци бонæй къуæрей фæсте æз нæ райони депутатти æмбурди трибунæмæ рацудтæн, Бибой уайдзæфи туххæй син загътон… Еугурæйдæр исарази ’нцæ, загътонцæ, еци гъуддаг æнæмæнгæ исаразун гъæуй. Уæд нæ сахари сæйраг гъæунгтæй еу хаста нецæбæл дзорæг ном – Окружная. Нур ба хæссуй нæ Ири номдзуддæр лæгтæй еу, Плити Исси ном æма æз уомæй сæрустур дæн…

– Зонун æй, ду æ рæстæги дæ диктофонæй финстай, Ири устурдæр æма кадгиндæр лæгти туххæй, ка сæ зудта, уони имисуйнæгтæ. Исси туххæй ду нурмæ неци багъæуай кодтай?

– Цæйбæрцæдæр дæ гъæуа!.. Дууæ-æртæ фагæ уодзæнæй?..

 

ИУАЗГУТÆ БÆЛÆСТÆ НИССАГЪТОНЦÆ СÆХЕ КЪОХТÆЙ

 

ПЛИТИ Исси хæццæ фембæлдтити фæдбæл ДАУРАТИ Дамир ци уацтæ ниффинста, уонæй еуеми ракой кодта, сæ дзубандий рæстæги ’й куд бафарста Михаил ШОЛОХОВИ туххæй, гъома, кæрæдземæ хæстæг цæретæ æма уе ’хсæн циуавæр рахастдзийнæдтæ ес, зæгъгæ. Æма Иссæ зæрдиагæй загъта: «Нæ устур финсæг мæ устур æрдхуард æй. Æрæги дæр мæмæ æрбадзурдта, дæ хæццæ, дан, мæ æфсæддон ахуртæмæ фæххонай, нæ нури æфсæддонтæ нæуæг уавæрти куд архайунцæ, уой фæууинон… Уæхæн лæгæн «нæ», зæгъгæ, куд гъæуама зæгъай?! Хъæбæр аразийæй байзадæй не ’фсæддонтæй. Æма нæмæ æцæгæйдæр тухгин æфсад ес: дæсни æма ахургонд æфсæддонтæ…»

Аци хабар мин ракодта раздæр æнзти Октябри номбæл, абони ба Джибилати Заури номбæл гъæунги цæрæг Мисиккати Тотик. Е Исси хуæрзхуæрифурт адтæй…

– Иссæ ма уартæ Бакуй ку службæ кодта, уæд мин еухатт уотæ зæгъуй, мæ номбæл, дан, уæ устур тургъи æнгозæ бæласæ ниссадзæ. Е цæмæндæр æ уарзон рæзæбæласæ адтæй. Мæ мади æнсувæри фæдзæхст мæнæн тугъдон бардзурдæй уæлдай нæ адтæй, фал мæ нана нæ бауагъта, цæбæлдæрти æууæндагæ адтæй, уотæ мин зæгъуй, уомæн, дан, æ зæнгæ дæ къобали æстæвдæн ку исуа, уæд рамæлдзæнæ, фидтæлтæ, дан, уотæ дзориуонцæ.

Уобæл æнзтæ рацудæй æма Исса еухатт Иристонмæ ку ’рбатахтæй, уæд æз дæр æ размæ уартæ зæронд аэропортмæ рандæ дæн. Хъулати Хъубади дæр уоми, уæдта нæ синхаг Дагестани уæди хецау Даниялов дæр. Иссæй æ кæддæри курдиадæ нæ феронх æй, æма мæ рафарста:

– Гъæйдæ, куд æй, ниссагътай æнгозæ бæласæ?

Æз ин, хабар куд рауадæй, уой ку ракой кодтон, уæд гъæрæй ниххудтæй:

– Мæнæ дессæгтæ, мæ дзæбæх хуæрифурт æ нанай аргъæуттæбæл баууæндтæй…

Нæхемæ ку ’рбацудан, уæд иуазгутæ Хъубадий хæццæ белтæ байагурдтонцæ æма сæхе къохтæй нæ тургъи æртæ къумеми æртæ æнгози, дууæ фæткъуй æма еу кæрдту бæласæ ниййаразтонцæ. Бакæсун сæмæ, æма бабæй мæ устур мади ’нсувæр мæ цæститæбæл рауайуй, уоди бæстæ мин æрхæссуй…

Еци бæлæстæ уал анзей фæсте ци фæцæнцæ, уой нæ зонун… Зифæ, ду алли бон кустмæ сæ рæзти ку фæццæуис. Еубон сæмæ баздæхай, фæууинæ сæ…

 

МÆ ФИДИ ХÆЦЦÆ ФЕМБÆЛД МАНЬЧЖУРИЙ

 

Аци хабар ба мин радзурдта нæ республики промышленности раздæри министр Байти Хъазбег. Е адтæй 1997 анзи. Уæд уой хæццæ еумæ фæттахтан далæ Лондонмæ, нæ номдзуд æмзæнхон Токати Гогкибæл киунугæ ниффинсун ку исфæндæ кодтон, уæд. Хъазбегæн ба Гогки æ фиди хуæри лæг адтæй…

– Мæ фидæ тугъди рæстæг службæ кодта Маньчжурий, – дзурдта мин Хъазбег. – Иссæ разамунд кæмæн лæвардта, уæхæн æфсæддон хæйттæй еуеми адтæй америкаг хуæдтолгæ «Студобеккер» æскъæрæг. Еу бон имæ æ командиртæй еу хуæрзæнгорæггаг фæцæй, де ’мзæнхон, нæ хецау Иссæ, дан, мах æрдæмæ ’рбацæуй, тагъд æй ардæмæ гъæуй. Уоми итигъд будури æрбунатгæнæг æфсæддонтæн сæ алфамбулай фонс берæ адтæй. Мæ фидæ айтæ-уойтæ нæбал фæккодта, еу фус æрбавгарста. Æ хæццæ тугъдмæ фæххаста гали сикъа, кæрæй-кæронмæ дæр æ хæццæ фæцæй, фæстæмæ дæр æй исласта æма ’й уæдта æз фæлластон, далæ Магаданмæ институти фæсте ку цудтæн, уæд.

Гъема еци сикъай мæ фидæ спъирт никкодта, æртæ фезонæги райста, уотемæй Исси размæ надмæ рацудæй. Уой Иссæ ку фæууидта, уæд æй уайтæккидæр балæдæрдтæй, айдагъдæр ирон лæг уотæ ке бакæндзæнæй уой. Хæстæгдæр имæ ку бацудæй, уæд æй базудта: мæ фидæ Дзæуæгигъæуи цардæй Байти Чермени гъæунги æвддæсæймаг хæдзари, Иссæ ба уордæмæ хæстæг Сæребари фæзи, мах хæдзари къилдунмæ. Хъæбæр бацийнæ кодтонцæ сæ кæрæдзебæл, Иссæ сикъа райста, искувта, уæдта ’й æ тæккæ бунтæй баниуазта. Æ алливарс инæлартæ десæй мардæнцæ – инæлар уоййасæбæл æхцул нæ адтæй карз ниуæзтæбæл…

Æз мæхуæдæг еухатт Исси хæццæ Хъæбæлоти Билари хæдзари дуармæ æнæнгъæлæги фембалдтæн. Баууæндтæн имæ æма ин мæхе байамудтон, цæуæн, зæгъун, нæхемæ дæ хонун, еци сикъа дæр фæууиндзæнæ. Æндæр гæнæн ин нæбал адтæй…

 

ИССÆБÆЛ ЕЦИ НОМ КА ИСÆВАРДТА?

 

Хабар мин ракодта Карсанати Дзамболат:

– Тугъди рæстæг мæ фидæ Заманхъули колхози бригадирæй куста. Æз ма мæхуæдæг хуарз гъуди кæнун, тугъд ку фæцæй, уæд гъæугувд куд искодтонцæ, уой. Мæнмæ си гали æстæг дæр ма ’рхаудтæй.

Еухатт мæ фидæ æма хæдзаради иннæ бригадир Таутиати Иналухъ кæмидæр гъæди астæу иссирдтонцæ дзæгъæлгæлст трактор – ЧТЗ. Еу зуймон бон имæ рандæнцæ цонæгъæй, базилдæнцæ имæ, артаг си никкодтонцæ, искосæ, зæгъгæ, Хуцаумæ искувтонцæ. Искуста!..

Мæ фидæ ибæл æхуæдæг исбадтæй, хумæ си кодта, æ хуарз кусти туххæй æй Мæскумæ дæр ма рарвистонцæ. Æма уотæ дзоридæ:

– Раст гъе уоми Иссæбæл исæмбалдтæн, нæ къарæ дæр еумæ исистан. Хъæбæр мæбæл бацийнæ кодта, заманхъуйлаг дæн, уой ку базудта, уæд. Цæмæн? Нæ гъæуккаг Хъæстуати Иссæ еухатт иуазæгуати бафтудæй синхаг Зæронд Бæтæхъойгъæумæ æ хæстæгутæмæ.  Еци бон уонæмæ кадæр хонæг æрбацудæй, уæлæ, дан, Плитæ сæ нæуæгигурд биццеубæл ном æвæрунцæ æма, дан, рацотæ, заманхъуйлаг иуазæги дæр, дан, уæ хæццæ æнæракæнгæ ма фæууотæ. Уоми кувди номæвæруни хæлттæ ку исгæлстонцæ нæ фидтæлти рагон æгъдаумæ гæсгæ, уæд  Хъæстуати Исси ном исхаудтæй, е æхе ном ниффинсун кодта.

Мах, заманхъуйлæгтæ, абони сæрустур ан Иристони æскъуæлхтдæр лæгтæй еуебæл мах ном ке исæвардтонцæ, уомæй.

– Æма ци гъæу нæ уайдæ уомæй сæрустур, Зифæ?

 

Æ ЦÆСТИСУГТÆ ИН ФÆУУИДТОН РОСТОВИ

 

Зундгонд куд æй, уотемæй ПЛИТИ Иссæ уосиат кодта, цæмæй, æ цардвæндаги кæрон ку æрхъæрта, уæд æй Иристони зæнхæбæл – кæми райгурдæй, æ хæстæгутæн æма къабæзтæн се ’носон бунат кæми иссæй, еци рауæн байвæрун. Æма æ еци фæндæ æнхæстгонд æрцудæй – æ уæлзæнхон цардæй ку рахецæн æй, уæд æй байвардтонцæ Дзæуæгигъæуи Кади Аллейи.

Хумæллæггаг колхози раздæри агроном Борухъуати Зашар, æ рæстæги адтæй зундгонд Кæсæбити Митяй зартæгæнгути къуари иуонг. Мæнæ кутемæй æримиста еци къари хæццæ æ кæддæри исфæлдистадон балци Ростовмæ.

– Уоми сценæмæ ку рацудан æма Исси зар ку никкодтан, уæд нæмæ сценæмæ исхизтæй Иссæ æхуæдæг, баруагæс ди уæд, Дамир, æ цæстисугтæ æ ростæбæл æруадæнцæ. Раздæр нин нæ хестæр Митяй æрбахъури кодта, уæдта нæ еугуремæн дæр нæ къохтæ райста, фæййарфитæ нин кодта. Фал мæмæ уæлдай дессаг ба зали бадæг адæм фæккастæнцæ: еугурæйдæр исистадæнцæ æма цалинмæ Иссæ фæстæмæ æ бунати не ’рбадтæй, уæдмæ ин лæугæй æрдзæф фæккодтонцæ.

Куд нæ адтæн уомæй размæ дæр сæрустур нæ устур æмзæнхонæй, фал уоми, кедæр сахари, мæ цæсти уæлдай кадгиндæр иссæй.

Нуртæккæ Дзæуæгигъæуи цæрун, сахари сæрмæ, Исси цирт мæмæ хæстæг æй. Нæ ди баруагæс уодзæнæй, Дамир, фал уæхæн бон ефстагмæ фæууй, æма уордæмæ ма иссæуон, æ циртбæл ин мæ къох ма байвæрон, æ рази ма ралæууон. Митя дæр мæ цæститæбæл рауайуй. Ардигæй уордæмæ мæнæн дæс-инсæй минуттей цудæй æндæр нæййес. Ардигæй уордæмæ цæугæй дæр Исси зар фæккæнун, фæстæмæ цæугæй дæр. Беретæ мæбæл исахур æнцæ, мæ еци миуæбæл нæбал бадес кæнунцæ, æнæзонгитæ ба мæ фæдбæл кæсгæй байзайунцæ, фал, ка ’й зонуй, уонæй дæр кадæртæ æнæ бафæрсгæ нæ фæууодзæнæнцæ мæн туххæй, æма мæ етæ дæр, æвæдзи, балæдæрдзæнæнцæ…