22 декабря 2024

АДÆМИ ЦÆСТÆ УИНАГÆДÆР ÆЙ!..

28.05.2022 | 15:17

ДÆХУÆДÆГ ÆМА ДÆ ЛÆГИГЪÆДÆ!..

Нуртæккæ дуйней паддзахæдтæй беретæ нæ нихмæ фудмиутæ ку аразунцæ, нæ экономикон уавæри бунгондбæл еци архайги ку архайунцæ аллихузон мадзæлттæй, уæд, куд фæззæгъунцæ, сæр нæ багъудæй, фæсарæнтæй ци товартæ истан æма нæмæ лæггæдтæ цудæй, уони нæхе хъауритæй æма равгитæй æнхæст кæнун. Æма нæ бон исуодзæнæй? Уæхæн фарста дзиллон цæстингас бæлвурдгæнæг Еугуруæрæсеуон центр æрæги равардта Уæрæсей цæргутæй 1600 адæймагемæ, сæ карæ – æстдæс анземæй уæлдæр. Дзуæппитæ лæвæрд цæунцæ проценттæй.

Уонæн сæ 20% куд æнгъæл æнцæ, уотемæй нæ фидибæстон кустгæнгути бон исуодзæнæй, нæ бæстæй ци фæсарæйнаг компанитæ рандæнцæ, етæ ци товартæ уагътонцæ æма лæггæдтæ æнхæст кодтонцæ, уони æнæгъæнæй дæр аразун.

Мадта 48% ба уобæл дæр æууæндунцæ, æма уони  баййевун бантæсдзæнæй  берæ рауæнти.

Импорт баййевун нин бантæсдзæнæй, уобæл секк ба кæнунцæ не ‘мбæстæгти 26%.

 

Фæсарæйнаг компанитæ нæ бæсти ке нæбал косдзæнæнцæ, е уæхебæл æма уæ бийнонтæбæл комкоммæ фæббæрæг уодзæнæй? Кæд фæббæрæг уодзæнæй, уæд цæйбæрцæбæл хъæбæр?

Хъæбæр фæббæрæг уодзæнæй – 12%

Фæббæрæг уодзæнæй, фал цаудгомау – 21%

Бæлвурдæй зæгъун мæ бон нæй – 5%

Фæббæрæг уодзæнæй ромбæлæй – 23%

Нæ фæббæрæг уодзæнæй – 39%