АДÆМИ ЦАРДИУАГИ ÆДАСДЗИЙНАДÆ – СÆЙРАГДÆР
Цæгат Иристони Сæргълæууæг Сергей Меняйлой разамундæй рацудæй терроризми нихмæ архайæг республикон къамиси æмбурд. Æмбурди оперативон штаби иуонгтæй уæлдай ма архайдта Уæрæсей Президенти Цæгат-Кавказаг федералон зилди æнхæстбаргин минæвари хуæдæййевæг Максим Владимиров дæр.
Бони фæткæмæ ци цалдæр фарстай хаст æрцудæй, етæ сæ еугурдæр абони æнцæ уæлдай ахсгиаг: терроризми идеологий нихмæ архайд ахедгæдæр кæнун, дини, санаторон-курортон косæндæнтти, фусунуæтти комплексти террористон фудракæндтитæй багъæуай кæнуни мадзæлттæ æнхæст кæнун, æригæнттæй аллихузон усхъуммæ зундрахасти ка бахауй, уони хæццæ ахедгæдæр куст аразун.
Сергей Меняйло æ радзубандийæмбурди архайгути æргом раздахта, цæмæй аци фарстати фæдбæл куст æнхæстгонд цæуа нуриккон цардарæзти домæнтæмæ гæсгæ:
– Нуртæккæ ци уавæрти цæрæн, никки ба ма, Дагестани æверхъау фудракæнди цау нимайгæй, уæдта нæмæ рæхги ци дзиллон мадзæлттæ гъæуама арæзт æрцæуа, уонæмæ гæсгæ нæ фулдæр æргом раздахун гъæуй æдасдзийнади фарстатæмæ…
Æмбурди архайгутæ ма æрдзубанди кодтонцæ, Донецки æма Лугански Адæмон республикитæй, Запорожье æма Херсони облæсттæй нæмæ иссæуæг адæм кæми æрфусун кодтонцæ, еци рауæнти сæ террористон фудракæндтитæй багъæуай кæнуни туххæй исаразуйнаг фарстатæбæл.
Фæллойнæ æма социалон ирæзти министр Айдарти Алинæ куд фегъосун кодта, уотемæй хецаудзийнади оргæнтæ еугур мадзæлттæ дæр æнхæст кæнунцæ террорæй багъæуай кæнуни туххæй. Ахурадæ æма науки министр Алибегти Эллæ ба радзурдта, терроризми идеологий уацари бахауæг æригæнтти хæццæ куд косунцæ, уой туххæй.
Аци æмбурди ма æркастæнцæ, террори нихмæ Национ комитет æма Цæгат Иристони террори нихмæ къамиси æмбурдти ци унаффитæ рахастонцæ, уони æнхæстгæнæг, бунæттон хеунаффæйади æма хæдзарадон косæндæнтти разамонгутæ куд исæнхæст кодтонцæ, уомæ.Уой фæдбæл дзоргæй, Цæгат Иристони Сæргълæууæги агъазгæнæг Олег Баранов куд загъта, уотемæй, уæхæн унаффитæ æнхæст кæнунæй æхе ка еуварс кæнуй, уони гъæуй æфхуæрун. Сергей Меняйло ба æмбурди архайгути зæрдæбæл æрлæуун кодта, 2024 анзи 1 июлæй æ хъаури ке бацудæй сæрмагонд закъон, кæцимæ гæсгæ, террорæй гъæуай кæнуни фæдбæл домæнтæ æнхæст кæнунæй ихæсгин ка уа, уотемæй ба сæ ка не ’нхæст кæна, етæ уголовон æгъдауæй æфхуæрд цæудзæнæнцæ.
Цæгат Иристон-Аланий Сæргълæууæги æма Хецауади пресс-службæ