21 ноября 2024

Æ ФÆРЦИ НÆ АДÆМИ УОДВАРНÆ АГЪАЗИАУДÆР КÆНУЙ!..

21.05.2021 | 20:48

Адæймагбæл дæс æма инсæй анзи ку исæнхæст уй, уæд е айдагъ æ рабайлæгъ уни бæрæггæнæн нæ фæууй. Еци кари бæлвурдæй рабарæг уй æ уодиконд æма зæрдихатт, адæми ’хсæн раргом уй, циуавæр лæгигъæдтæй арæзт цæуй æ цардиуагæ.

Гъе уæхæн цæстингасæй ку ’ркæсæн республикон литературон-аййевадон æма æхсæнадон-политикон журнал «Ирæф»-и карнæмæ, уæд берæ зæрдрохсдзийнæдтæбæл бадестæ кæндзинан. Уони туххæй æхцæуæнæй дзубанди цудæй, Гæздæнти Гайтой номбæл фæсевæдон республикон киунугæдони журнали редакций косгутæн æрæги журналкæсгути, æхсæнади минæвæрттæ æма ахурдзау фæлтæрти хæццæ ци фембæлд рацудæй, уоми. Аци мадзал арæзт ба æрцудæй, журнал «Ирæф»-и исарæзтбæл дæс æма инсæй анзи ке исæнхæст æй, уой фæдбæл.

Журналæн æ фиццаг номертæй еуеми Сагети Рамазан æ имисуйнæгти ракой кодта, кæддæр раги Чиколай куд исæмбалдæй æ хуæрзæрдхуард Кертанти Тæхири хæццæ (уæд ма е æригон поэт адтæй).

Æма ин е цийнæгæнгæй фегъосун кодта:

– Мæнмæ ес Малити Геуæргий киунугæ «Ирæф».

Æз уой фегъосгæй куд нæ бадес кодтайнæ, гъома, кæми дин адтæй, кутемæйти ибæл фæххуæст дæ, зæгъгæ. Тæхири уотæ дæр ма рафарста:

– Мадта ’й æз ба кутемæй фæууинон, ку ’й бакæсинæ…

Тæхир имæ равардта æ киунугæ. Æма Рамазан сæхе уæнгæ дæр нæбал бабухстæй – кæсун æй байдæдта надбæл цæугæй… Цалинмæ сæхемæ бахъæрттæй, уæдмæ ’й каст фæцæй.

Дуккаг бон скъоламæ æрбацæугæй (Рамазан си ахургæнæгæй куста), киунуги хабар ракодта. «Æма мæхе зæрди ка адтæй, – финсуй Рамазан, – еци гъуди мин скъоладзаутæ дæр, корæгау, загътонцæ, гъома, киунугæ син куд бакастайнæ… Уæд Лескени скъолай кълæстæ адтæнцæ устур. Равзурстан си сæ тæккæ устурдæри. Пъартæбæл бадтæнцæ цалдæргæйттæй. Иннæ кълæстæй дæр ма æрбахастонцæ къелатæ æма устур къласи къах байвæрæн нæбал адтæй. Æрбацудæнцæ игъосунмæ ахургæнгутæй дæр еу къуаремæй.

Кæд æнæуой урокки кæрæй-кæронмæ фæббадгæй, бафæллайиуонцæ, уæд нур дууæ уроккемæй дæр берæ фулдæр рæстæги дæргъи скъоладзаутæй змæлгæ дæр неке искодта. Хъæбæр дес кæнгæй кастæнцæ æма игъустонцæ киунуги финститæмæ. Æма куд нæ игъустайуонцæ, куд нæ кодтайуонцæ дес, Геуæргий «Ирæф»-и ци æмбесонди кадæнгитæ æма æмдзæвгитæ ес, уæхæнттæ нæ еугурдæр фиццаг хатт фегъустан…»

Рамазан æй лæдæрдтæй, киунугæ æ хецау Кертанти Тæхирæн

фæстæмæ дæтгæ ке уодзæнæй, уой. Æма цæмæй еци хæзнайæй

бустæги ма фæффудевгед адтайдæ, уомæ гæсгæ ба исфæндæ кодта «Ирæф» къохæй рафинсун: Æма ’й фиццагидæр е æхуæдæг рафинста кæрæй-кæронмæ, æхуæдæг куд адтæй, уотемæй, латинаг алфавитбæл. Геппæй уагъд киунугæ ба фæххаста æма ’й равардта æ хецаумæ.

– Мæнмæ къохæй финстæй ка байзадæй, уомæй ба скъоладзаутæн загътон, сумах дæр æй ардигæй къохæй исфинсетæ, зæгъгæ. Æма фæййагайдтонцæ кезугай. Архайдтонцæ, æз раздæр фæууонбæл. Æма ’й гъе уотемæй хъæбæр беретæ рафинстонцæ…»

Аци хабар уомæ гæсгæ æримистан, цæмæй æй зонайтæ, нæ адæми уæди фæлтæртæн цæйбæрцæбæл хъазар æма зæрдтагон адтæй нæ дигорон æвзаг, æдонуг адæймагæн дони еунæг хъуртт дæр куд уодбæл фæххуæцæг исуй, уоййасæбæл царддæттæг син ке адтæй геппи уагъд дигорон дзурд. Фал син еци равгæ берæ рæстæгути нæ адтæй – кедæр фудзунди унаффитæй дигорон æвзагæн литературон-публицистикон фæрæзнитæй исдзоруни барæ лæвæрд нæ цудæй, æ цъух ин сæ илгъаг къимбустæй æрæхгæдтонцæ. Уой фудæй дигорон финсгути æма журналистти барæ-æнæбари дæр багъудæй айдагъдæр иронау финсун.

Хуарз æма цæйбæрцæдæр рæстæгути фæсте рæстдзийнадæ уæддæр фæттухгиндæр æй. Уотемæй 1991 анзæй фæстæмæ цæун байдæдта дигорон æвзагбæл литературон-аййевадон æма æхсæнадон-политикон журнал, хонгæ дæр æй искодтонцæ Малити Геуæргий æностæмæ æнæмæлгæ киунугæ «Ирæф»-и нæргæ номæй. Никки еума нисанеуæггон хабар ба е æй, æма æ бундорæвæрæг, уæд æ фиццаг сæйраг редактор иссæй Малити Геуæргий фурт Васо. Гъулæггагæн, абони не ’хсæн нæбал æй, уæддæр ци агъазиау гъуддаги сæргъи æрлæудтæй, е нерæнгæ дæр ма цæруй æма федар ампъезтæй цæуй æ ирæзти бæрзæндтæмæ.

Аци журнал арæзт ке ’рцудæй, е дессаги агъазиау хуарздзийнадæй фæббæрæг

æй нæ национ литератури райрæзтбæл. Уой хæццæ ба ма иссæй нæ

адæми еугæнæг артдзæстæ. Æ алли номер дæр фæууй медесгун æма гъæздуг иронау æма дигоронау финст литературон-зонадон, амæй а хуæздæр уадзимистæй.

Журнал «Ирæф»-и кæсгутæн ес федар бастдзийнадæ æ редакций алли косæги хæццæ, адæмæн сæ бон æй царди алли фарстати туххæй дæр журнали æргомæй æма лæмбунæг зæгъун.

Уобæл æма берæ æндæр гъуддæгути фæдбæл цудæй дзубанди Гæздæнти Гайтой номбæл фæсевæдон республикон киунугæдони ци мадзал арæзт æрцудæй, уоми.

Уой райдайæни аци киунугæдони разамонæг, нæ республики культури æскъуæлхт косæг Царахати Ритæ загъта:

– Журнал «Ирæф» дæс æма инсæй анзи нæ дзиллити ’хсæн ци рохситауæн куст кæнуй, е æй зингæ æма ахедгæ. Цæмæдессаг растауйнаг æй е дæр, æма журнал мухур кæнуй куд дигоронау, уотæ иронау финст æрмæгутæ дæр. Уомæй ба зингæ æвæрæн хæссуй Иристони еудзийнадæ æма фæрнугадæмæ.

Нæ маддæлон æвзаги еугур къабæзтæн сæ еугурей дессагдзийнадæ багъæуай кæнуни æма сæ идарддæри сæрбæлтау журнал «Ирæф»-и коллектив куд æновудæй архайуй, уой туххæй зæрдæмæдзæугæ гъудитæ загъта Цæгат Иристони адæмон поэт Дзасохти Музафер. Уой ма сæ радзубандити баханхæ кодтонцæ республикон газет «Дигорæ»-йи сæйраг редактор Сакъити Эльбрус, газет «Рæстдзинад»-и сæйраг редактор Хозити Барис, Хуæнхон паддзахадон аграрон университети ректори хуæдæййевæг Гецати Салават, киунугути рауагъдадæ «Ир»-и бæрнон косгутæ Тъехти Тамерлан, Мамукъати Хъазбег, Будайти Милуся, поэт Къибирти Амурхан, æхсæнадон æзмæлд «Малити Геуæрги»-й раздзæуæг, этнограф æма историк Тамати Таймораз æма мадзали иннæ архайгутæ дæр.

Нæ радзубандий кæронбæттæни ба ма нæ фæндуй æримисун Сагети

Рамазан æ кæддæриккон финстæги ци гъуди загъта, уой: «…Æхцæуæн мин фæууй, еци дзаманти æз не скъолай æма гъæуи цæргутæй берети ке базонгæ кодтон нæ Дигори хуæздæр æма устурдæр поэт Малити Геуæргий исфæлдистади хæццæ, е. Мæн хъæбæр фæндуй, абони дæр, нæ рагон рæстæгау, не скъолати, уæдта гъæути цæрæг адæми ’рдигæй дæр айдагъ Малити Геуæргий нæ, фал нæ еугур финсгути, поэтти исфæлдистадæмæ дæр уæхæн цæстингас дарун ку райдайиуонцæ, ку сæ кæсиуонцæ, ку сæ уарзиуонцæ. Мæн хъæбæр фæндуй, нæ маддæлон æвзагмæ хуæздæр цæстæй кæсун ку райдайанæ, дигорон æвзагбæл газеттæ, журналтæ æма киунугутæ ахиддæр ку кæсианæ, нæхе æвзагбæл минкъийæй, устурæй фулдæр ку дзорианæ, лæмбунæгдæр æй ку ахур кæнианæ, хуæздæр æй ку зонианæ, гъе мæ хъæбæр фæндуй…»

 

Æма Сагей-фурти аци бæлдæ тæккæ хуæздæр хузи исæцæг уа, уобæл ба хъæбæр æновудæй кæд еске архайуй, уæд уонæн сæ фиццæгти-фиццæгтæй æнцæ журнал «Ирæф»-и косгутæ æма сæ агъазгæнгутæ. Уой бæлвурдæй уинунцæ, журнал еудадзугдæр ка кæсуй, етæ. Фал, баруагæс уи уæд, айдагъ уони хъазауатæй еци бæлдæ нæ райрæздзæнæй куд нæ фæндуй, уотæ æнхæстæй. Гъæуй, цæмæй нæ дзиллæ æмхузонæй, сæ равгитæ æма фадуæтти æмбæрцæ агъаз кæнонцæ журнали ирæзтæн. Æма нин еци арфиаг гъуддаг бантæсæд. Уадзæ æма нæ маддæлон æвзаги фарнæ гъомусгиндæр кæнæд.

 

ГАСАНТИ Валерий,

БИЧИЛТИ Алетæ.