ÆНÆНЕЗДЗИЙНАДÆ
26.11.2022 | 16:59
Æрæги Æрæдони райони Къостайгъæуи цитгин уавæри байгон æй нæуæг амбулаторий азгъунст. Нæуæг медицинон косæндони ес еугур фадуæттæ дæр еу бонмæ 50 адæймагемæн балæггадæ кæнунæн. Лæггадæ ба си кæндзæнæнцæ куд хестæр кари адæймæгутæн, уотæ сабийтæн дæр. Еума хабар: Беслæни 2023 анзи бавналдзæнæнцæ медицинон реабилитаций центр аразунмæ. Уой туххæй федералон æма бунæттон бюджетæй радех кæндзæнæнцæ 120 миллион соми. Никки ба ма реконструкцигонд æрцæудзæнæй Рахесфарси райони поликлиникæ – уомæн ба федералон æма бунæттон бюджетæй дехгонд æрцæудзæнæй 757 миллион сомемæ хæстæг. Куститæ райдайдзæнæнцæ иннæ анз.