ÆНОСÆЙ-ÆНОСМÆ НÆ АДÆМИ РÆСТЗÆРДÆ ÆМБÆЛЦЦОН
Абони газет «Северная Осетия» дуйней рохс фæууидта 28 656 хатти æма уал мин хуарздзийнади æрхаста Иристони дзиллитæн.
105 анзи газет æндиуд æма нифсгунæй цæуй царди гулфæнти. Берæ адæм æ хæццæ бæттунцæ сæ бæллецтæ, сæ рист, æй сæ еугæнæг, сæ дзурæгæмбал.
Исфæлдистадон коллектив æмдухæй архайуй æма парахаттæй æвдесуй республикæ æма нæ берæнацион райгурæн бæсти æнтæстдзийнæдтæ промышленности æма гъæууон хæдзаради, культурæ æма спорти, ахуради, медицини æма царди æндæр къабæзти.
105-анздзуд газети коллективæн, æ юбилейи фæдбæл, æрæги, Цæгат Иристони Национ музейи райарфæ кодтонцæ, устур аргъ ин ка кæнуй, æ хуæрзтæмæ ка бæллуй, еци берæ адæм.
Æмбурд амудта Республикæ Цæгат Иристон-Аланий журналистти Цæдеси сæрдар Хъусати Тимур.
Нæ республики Сæргълæууæг Сергей Меняйлой номæй Республикæ Цæгат Иристон-Аланий Хецауади Сæрдар Дзанайти Барис зæрдиаг арфæ ракодта редакций коллективæн.
– Æносæй фулдæр газет лæггадæ кæнуй адæмæн. Фæлтæр фæлтæри æййевуй, фал æнæййевгæ ’й газетмæ уарзондзийнадæ. Кæддæриддæр æ сифтæбæл бакæсæн фæууй цæмæдесаг æма зæрдæмæдзæугæ уадзимистæ. Сæ хестæртæ син ци æгъдæуттæ æма традицитæ ниууагътонцæ, уони идарддæр рæсугъдæй хъæртун кæнунцæ абони коллективи иуонгтæ. Газет æй нæ республики анзфинст. Æма никки фулдæр æнтæстдзийнæдтæ амонди хæццæ уæ къохи бафтуйæд, – загъд ес Арфи финстæги.
Нæ республики Парламенти Сæрдар Тускъати Таймораз зæрдиаг арфæ ракодта газети коллективæн æма фæннисан кодта, ке си косуй мухури æцæг профессионалтæ.
– Адæмæн уарзон газет æноси бæрцæ финсуй нæ хуæздæрти туххæй. Иристони æнтæстдзийнæдтæ, зиндзийнæдтæ, æ уалахезтæ финста «Сурх Туруса», уæдта «Социалистическая Осетия», абони ба «Северная Осетия». Кæддæриддæр дзиллити разæнгард кодта фæллойнæмæ æма ахурмæ. Хуарз уайдæ, газети ирддæр финстæгутæ еумæйагæй мухури рауадзун. Е дæнцæгæн хæссуйнаг уайдæ фæсевæдæн æма берæ разамонгутæн дæр, – загъта Тускъати Таймораз.
Уацхæсгутæн æма еугур исфæлдистадон коллективæн райарфæ кодта Республикæ Цæгат Иристон-Аланий Мухур æма дзиллон коммуникацити комитети сæрдар Фидарати Юри.
– Кæд æнзтæ берæ рацудæй, уæддæр не ’ййевуй газетæн æ рахастдзийнадæ æ уарзон газеткæсгутæмæ, – загъта «Северная Осетия»-йи сæйраг редактор Битарти Маринæ арфи дзурдти хæццæ. – Нæ хестæртæ нин ци хуарз фæткæ ниууагътонцæ, уони хъæртун кæнæн идарддæр. Бæргæ гъавтан устур æма игъæлдзæг бæрæгбон исаразунмæ. Фал, нæ алливарс дуйнемæ цийфæнди цæстæй нæ кæсæн. Нæ газети фæрстæбæл финсæн абони бæгъатæртæбæл, фембæлæн, сæ хъæболтæ сæрмагонд æфсæддон оперций кæмæн байсавдæнцæ бæгъатæрдзийнадæ ’вдесгæй, еци ниййергути хæццæ. Уавæр уотæ ’й. Еу бæрæгбонмæ – айдагъдæр Уæлахези еумæйаг бонмæ æнгъæлмæ кæсæн еугурæйдæр.
Берæ æнзти еузæрдиуон фæллойни туххæй паддзахадон хуæрзеугутæ æма Кади нисантæ райстонцæ редакций косгутæ.
Майдан «Иристони намусæн» исаккаг кодтонцæ журналист Суанти Сергейæн.
Кади грамотитæ райстонцæ редактори хуæдæййевæг Гогати Нателлæ, сæрмагонд уацхæссæг Губурати Зæлинæ, системон администратор Владислав Казанский, къарæесæг Татьянæ Шеходанова. Арфи финстæгутæ райстонцæ Битарти Маринæ, бæрнон нимæрдар Валентинæ Зыгина, редактори хуæдæййевæг Колити Иринæ, реклами хайади косæг Татьянæ Попова, бухгалтер-къассир Къубусти Мая æма иннетæ.
105-анздзуд газет нурма æ тæккæ хъаури æй, æма редакцийæн æ рæсугъд фæндитæ исæнхæст уæнтæ.
ГУГКАТИ Жаннæ