21 ноября 2024

«ÆНТÆСТГИНÆЙ РАЗМÆЦУДÆН НÆМÆ ЕС ЕУГУР РАВГИТÆ ДÆР, ÆМА СИ ГЪÆУАМА ХÆДЗАРДЗИНÆЙ ИСПАЙДА КÆНÆН!..»

07.03.2024 | 21:46

ФÆРÆЗНИТИ ТУХХÆЙ

Владимир Путини хатдзæгмæ гæсгæ, гъæуама кæлæдздзаг хæдзæрттæй цæргути нæуæг фатертæмæ раййевуни нæуæг программæ царди рауадзонцæ. Дзæхæрадæнтти æмбалæдти цæргути бахæсдзæнæнцæ хæдзæрттæмæ социалон æгъдауæй газ уадзуни программæмæ. Æ дзубандимæ гæсгæ, гъæуама хъалонти уæзæ æрæнцайа, фулдæр æма устурдæр æфтуйæгтæ ка есуй, уонæбæл, гъома, гъæздугутæбæл.

Тагъд, гъома, 2025 анзи æ тухи бацæудзæнæй программæ «Культури гъæуккаг косæг», уомæ гæсгæ гъæумæ кустмæ æрцæуæг адæймаг райса еухаттон феддон – 1 миллион соми. Нæуæг регионти ба – 2 миллион соми. Уæлдæр ахургæнæндæнтти гъæуама фæффулдæр уа фундаменталон дисциплинитæ амонæг ахургæнгути мизд. Мадта 2030 анзмæ мизди тæккæ минкъийдæр бæрцæ исуодзæнæй 35 мин соми.

 

ДУЙНЕУОН ТЕРРОРИЗМИ НИХМÆ ТОХ

Владимир Путин аци анзи райдайæни Санкт-Петербурги паддзахадон техникон университети фембалдæй сæрмагонд æфсæддон операций архайæг студентти хæццæ.

Владимир Путин æ нистауæни искодта ахсгиаг æма ахедгæ хатдзæгтæ. Æ дзубандимæ гæсгæ, Уæрæсе æрлæудтæй дуйнеуон терроризми нихмæ, ци тухстдзийнæдтæ исæвзурдæй, уони сæрти нæ бон бахезун бауодзæнæй. «Севастополи æма Донбасси бæгъатæртæ æвзурун кæнунцæ сæрустурдзийнадæ. Куддæр сæрмагонд æфсæддон операци райдæдта, уотæ нæ адæм равдистонцæ сæ рахаст, нæ рази ’рбалæудтæнцæ», – загъта Президент.

Нæ бæстæ гъæуама идарддæр архайа демократий институтти ирæзтбæл, нæ гъуддæгутæмæ гъæуама маке ниххела. Президент куд фæббæрæг кодта, уотемæй нин колониалон нигулæн нæ ирæзт уорамуй. «Иннæ бæстити хæццæ, дуйней регионти, зæгъæн, Украини хæццæ цитæ исаразтонцæ, уой сæ фæндуй мах  хæццæ дæр искæнун. Мах гъæуама нæ хуæдбарæдзийнадæ багъæуай кæнæн сабур царди дæр æма фронти дæр. Уæрæсе кæддæриддæр æ зæрдæбæл дардзæнæй ка фæммард æй, еци бæгъатæрти.

Нæ гæрзефтонг тухтæмæ фæззиндтæй устур фæлтæрддзийнадæ, уинæн æй, кæми ци раййевун гъæуй, уой. Еци куст цæуй фронти дæр æма къилдуни дæр. Мах фæндуй сæрмагонд æфсæддон операци рахецæн кæнун, еугур фарстатæ дæр ралух кæнун, нацизмæн кæрон исæвæрун, нæ граждæнти æдасдзийнадæ багъæуай кæнун. Уæрæсей ядерон стратегион тохæнгарз ес цæттæдзийнади фæтки.

Кадæртæ дзорунцæ, гъома, Уæрæсе гъавуй æ ядерон гæрзтæ космоси райвæрун, фал е айдагъдæр дзубанди æй. Цæмæй нæ бадзубандимæ рахононцæ, уомæн фадуæттæ аразунцæ, е ба хауй Америки Еугонд Штаттæмæ. Мах, 2008 анзи рахастан космоси ядерон гæрзтæ райвæруни нихмæ проект, Америки Еугонд Штаттæ æ нихмæ фæцæнцæ, æвдесунцæ, нурмæ дæр дуйнейæн разамунд ке дæттунцæ, уой.

Уæрæсе Европæмæ бампурсунмæ ке гъавуй, уой туххæй сæнттæ цæгъдунцæ. Сæхуæдтæ ба нæ фæзуæттæбæл агорунцæ нисантæ, цæмæй сæбæл гæлдзонцæ рæмодзæнтæ. Æнæ тухгин Уæрæсейæй дуйней сабур цардæн уæн нæййес. Хъæбæр берæ экономикон æма æндæр гæрæнтæ æвзарæн», – загъта Владимир Путин.

 

КАДРТИ БАЗÆ

Уæрæсей ирæзуй устур æригон фæлтæр. 2030 анзи нæ бæсти уодзæнæй, 20-24 анзи кæбæл цæудзæнæй, уæхæн 8,3 миллион граждæни. Е æй, раздæри æнзти демографий ирæзтæн ци мадзæлттæ исаразтан, уони фæстеуæг. Нæ нисан – цæмæй еци ирæзгæ фæлтæрæй сæ равзурст дæсниæдти профессионалтæ рауайа. Уомæ арæзт æй нæуæг национ проект «Кадртæ». Гъæуй скъолай уæлдæр ахурадон уагæдони хæццæ бастдзийнæдтæ федар кæнун. Еугур скъолати дæр цæуй профориентацион куст. Сувæллæнттæн æхсæзæймаг къласæй уæлæмæ сæ бон æй еугур дæсниæдти хæццæ дæр базонгæ ун.

2020 анзæй фæстæмæ мизди тæккæ минкъийдæр бæрцæ исирæзтæй 1,5 хатти, 2030 анзмæ ба гъæуама исхъæрта 35 мин сомемæ. Е ба, æнæмæнгæ, фæззиндзæнæй социалон феддонтæ æма бюджетон къабæзти миздбæл.

Уæрæсе æй Европи агъазиаудæр экономикæ æлхæнуни гъомусадæмæ гæсгæ, фæндзæймаг ба – дуйней. Куд ирæзуй, е нин нифс дæттуй, хæстæгдæр рæстæги ма мах размæ еу ампъез ке ракæндзинан – дуйней еугуремæй агъазиаудæр экономикити фиццаг цуппар рæнгъеми ке ’рлæудзинан. Е ба, æнæмæнгæ, фæззиндзæнæй алли бийнонти æфтуйæгти ирæзтбæл.

 

СКЪОЛАТÆ ÆМА АХУРГÆНГУТÆН АГЪАЗИ ТУХХÆЙ

Владимир Путин 2024 анзи 1 феврали сувæллæнтти æма фæсевæди Уæрæсейаг æзмæлд «Фиццæгти æзмæлд»-и съезди, Уæрæсей Гимн заруни рæстæг.

2024 анзи 1 октябри  скъолатæ æма колледжти директорти унаффæгæнгутæ гъомбæладон фарстати уæлæнхасæн есдзæнæнцæ фæйнæ 5 мин соми.

100 мин адæймагемæй минкъийдæр цæргутæ кæми ес, еци цæрæн бунæтти мартъийæй фæстæмæ дууæ хатти фæффулдæр уодзæнæнцæ къласон разамунд æма кураторади туххæй – 10 миней бæрцæ.

Путин байхæс кодта регионти бюджетон къабæзти косгути мизд исæмхузон кæнун. Пилотон проектти фæлгæти бакосдзæнæнцæ мизд федуни нæуæг хузæбæл хецæн субъектти, 2026 анзи ба – еугур бæсти.

Еумæйаг паддзахадон фæлварæн фæххуæздæр кæнунбæл косун гъæуй. Рауагъдон фæлварæн ку нæ ратта, уæд ин æхе фæндæмæ гæсгæ гъæуама барæ уа равзурст предметæй нæуæгæй Еумæйаг падзахадон фæлварæн уæлдæр ахурадон уагæдæнттæмæ есæн кампаний кæронмæ æ гæгъæдитæ раттунæн. Радех кæнун гъæуй 9 миллиард сомемæй уæлæмæ педагогон ахурадон уагæдæнтти инфраструктурæ иснæуæг кæнунæн. Корун хецауадæй 2025 анзи бюджетон къабази косгутæн мизд федуни нæуæг хузæбæл бакосун, 2026 анзи ба аци фарста  ралух кæнун æнæгъæнæ бæстæн дæр.

Бюджетон къабази мизд федуни системæбæл гъæуй бакосун. Рæстæмбес мизди бæрцæ регионти фæйнæхузи æй. Уой хæццæ дохтир æма ахургæнæги куст алкæмæн дæр æмхузон бæрнон æй.

Седун уæмæ фæсевæдон политики хуæздæр фæлтæрддзийнадæ байеу кæнун æма аци анз нæуæг национ проект «Уæрæсей  фæсевæд» исаразун, е уодзæнæй нæ бæсти федæни проект.

Устур сахартæ ирæзунцæ. Ахурадон уагæдæнтти бунæттæ кæми нæ фагæ кæнуй, еци сахарти ма уæлæнхасæн исараздзинан тæккæ минкъийдæр 150 скъолай æма 100 рæвдауæндонемæй фулдæр.

Иннæ анзæй фæстæмæ бавналдзинан рæвдауæндæнттæ цалцæг кæнуни программæмæ. Скъолатæбæл ку дзорæн, уæд 2030 анзмæ аци фарста ралух кæнунмæ регионтæн фæййагъаз кæндзинан. Скъолатæ æма рæвдауæндæнтти капиталон цалцæгæн радех кæндзинан уæлæнхасæн 400 миллиард сомемæй фулдæр.

Нæ къохи бафтудæй карз ниуæзтæ фæнниллæгдæр кæнун, е ба хуарзæрдæмæ зиннуй нæ наций æнæнездзийнæдæбæл. Гъæуй федералон фæрæзнити фæрци регионти исаразун 350 спортивон объекти. Уæлæнхасæн уой туххæй æхсæз анзей дæргъи федералон бюджетæй радех кæндзинан 65 миллиард сомей бæрцæ. Скъолатæ, рæвдауæндæнттæ æма уæлдæр ахурадон уагæдæнтти гъæуама уа гъæугæ уавæртæ спорти хузтæй архайунæн.

 

АДÆЙМАГИ ЦÆРУНИ КАРÆ

2030 анзмæ адæймаги цæруни карæ гъæуама уа 78 анзи. Уæлдай æргом раздахун гъæуй гъæуккаг регионтæмæ. Еци нисан цæмæй æнхæстгонд æрцæуа, уомæ арæзт æй национ проект «Дæргъвæтийнæ сæрæн цард».

Арфæ ракæнун мæ фæндуй, рацæргæ æма сахъат адæмæн ка агъаз кæнуй, еци организацитæн.  Æз куд гъуди кæнун, уотемæй 2030 анзмæ уонæмæ цæстдарæг системæн фулдæр фæрæзнитæ радех кæнун гъæуй, цæмæй фæккæсун гъæуагæ граждæнтæн гъæугæ агъаз лæвæрд цæуа.

Ниййерæги капитал еудазуг индексацигонд цæуй. Фæдзæхсун уин аци программæ тæккæ минкъийдæр 2030 анзмæ раидарддæр кæнун.

Æртиккаг – Уæрæсей æртæ миллионемæй фулдæр ес, æртæ æма уомæй фулдæр сабийтæ кæми ирæзуй, уæхæн бийнонтæ. Уæхæн бийнонтæ нæ сæрустурдзийнадæ ’нцæ. 2018 анзæй фæстæмæ берæсувæллонгин бийнонти нимæдзæ исирæзтæй 26,8 проценти.

Нуртæккæ æртиккаг сувæллони райгурди фæсте ипотекон кредити æртиккаг хай, 450 мин соми, æхгæд æрцæуй. Фæдзæхсун еци мадзал дæр 2030 анзи уæнгæ раидарддæр кæнун, уой туххæй нæмæ æхца ес.

Бийнонти ипотеки программæ косдзæнæй июльмæ. Фæдзæхсун æй 2030 анзи уæнгæ раидарддæр кæнун.

Фарæ Уæрæсей арæзт æрцудæй 110 миллион квадратон метри цæрæнуæттæ. Миллионгай адæймæгутæ сæ цæрæнуæтти уавæртæ фæххуæздæр кодтонцæ.

Уæрæсей регионтæ федералон программитæй уæлдай уæлæнхасæн уæхæн бийнонтæн сæхе агъази мадзæлттæ дæр аразунцæ.

Уæлæнхасæн агъаз раттун гъæуй, Уæрæсей рæстæмбес нимадæй сувæллæнттæ минкъийдæр кæми игуруй, еци регионтæн – етæ ба ’нцæ 39 субъекти. Æхцай фæрæзнитæ син дæттун райдайдзинан иннæ анзæй фæстæмæ.

 

НАЦИОН ПРОЕКТ «БИЙНОНТÆ»

Аци рауæн мæ дзубанди райдайдзæнæн, ахсгиагдæр нæмæ ци фарстатæ ’нцæ, уонæн сæ еуемæй – берæсувæллонгин  бийнонтæн се ’фтуйæггæгтæ минкъий ке ’нцæ, уомæй…

Евгъуд анзи бæрæггæнæнтæмæ гæсгæ, бустæги мæгур цард ка кодта, еци адæми нимæдзæ фæнниллæгдæр æй, нуртæккæ ’нцæ 13 миллион адæймаги. Фал е дæр минкъий нимæдзæ нæй. Аци фарстамæ еудадзугдæр нæ цæстæ дарæн. 2023 анзи 1 январæй федаргонд æрцудæй аллимæйон бафист. Евгъуд анзæй æй истонцæ 11 миллион адæймагемæй фулдæр. Фæххумæтæгдæр кодтан социалон бадзурд бафинсуни уагæвæрдтæ, æма, æ райсун къохи æнцондæрæй цæмæй æфтуйа, уобæл архайдзинан. Гъуддаг домуй фулдæр хæрзтæ – еу 100 миллиард сомей бæрцæ, æма уомæн æхца ес.

Мæгурдзийнади фарста раздæри хузæн æй карз. Нуртæккæ е тухсун кæнуй бийнонти 9 проценти, берæсувæллонгин бийнонти ’хсæн ба мæгурдзийнади æмвæзадæ ’й 30 проценти. Байархайун гъæуй уобæл, цæмæй 2020 анзмæ еци æмвæзадæ фæнниллæгдæр уа æма æрхауа 7 процентемæ, берæсувæллонгин бийнонти ’хсæн ба – 12 процентемæ. Аци къабази ци мадзæлттæ арæзт цæуй, уонæн сæ пайда гъæуама уа хъæбæр бæрæг, æма е æй сæйраг.

Демографибæл ахедунцæ айдагъ экономикæ æма социалон къабазæ нæ, фал хецаудзийнади еугур оргæнти еумæйаг куст дæр. Сувæллонгин бийнонтæн агъаз кæнун – уомæй ахсгиагдæр гъуддаг паддзахадæн нæййес. Нæ адæмæн се ’ргом гъæуама раздахæн берæ цæуæт кæнунмæ æма сæ алли фарстатæ лух кæнунмæ дæр сæ фарсмæ гъæуама балæууæн. Сувæллæнттæ нæмæ фулдæр куд игура, еци гъуддаг нæ къохи гъæуама бафтуйа хæстæгдæр æхсæз анземæ. Æма еци нисантæн еугур мадзæлттæ дæр араздзинан.

Равдист «Уæрæсе»-й æ цуд райдæдта бийнонти Анз. Бийнонти сæйраг нисан – цæуæт кæнун, сувæллæнтти гъомбæл кæнун, еу фæлтæр инней куд æййева, уомæн агъаз кæнун. Уæрæсей алкæддæр федар адтæнцæ æма идарддæр дæр федар уодзæнæнцæ фæткон хæзнатæ, уони бундорбæл арæзт цæуй адæми цард æма сæ федæн. Æма аци рауæн нæ фарсмæ ’нцæ æма еци гъудибæл хуæст æнцæ миллионгай адæймæгутæ.

 

 

ÆДАСДЗИЙНАДИ НÆУÆГ МАДЗÆЛТТÆ

Æнæ федар æма хуæдбарæ Уæрæсейæй дуйней нæ уодзæнæй нæдæр сабурдзийнадæ, нæдæр нивæбæлдзийнадæ. Америки Еугонд Штатти архайдæй ихæлд æрцудæй европаг æдасдзийнади системæ. Расизми аци идеологи, æз дæуæй хуæздæр дæн, зæгъгæ, уæдта, Уæрæсемæ æнæуинондзийнадæ ба Америки бахъæрæу кодта. Æ контингенттæ нин нæ зæнхитæмæ ка æрвиста, уони карнæ иронх нæма ’й. Фал нæмæ нур ка бандеуа, уонæн сæ фæстеугутæ уодзæнæнцæ никки кæуйнагдæр æма сагъæссагдæр. Сæ нисантæ син ка фехала, уæхæн тохæнгарз нæмæ ес.

Хæстæг Скæсæни, дуйней иннæ рауæни дæр тугъдон буцæутæ ракъахæг, адæмæн мæнгæ дзубандитæгæнæг æй Нигулæн, æма имæ æргом раздахун гъæуй. Гадзирахаттæй цæун нæбæл ке гъавуй, уой лæдæрæн, уомæ гæсгæ гъæуй æфсæддон-промышленнон комплекс парахат кæнун, Уæрæсей наукон æма промышленнон гъомусадæ фулдæр кæнун, аккаг нихкъуæрд раттунмæ хъæбæр цæттæ ка уа, уæхæн Гæрзефтонг тухтæ исаразун, æфсад æма флот алцæмæй дæр хуæрзцæттæ куд уонцæ, уобæл бакосун.

Стратегион фарстати фæдбæл Америки Еугонд Штатти хæццæ дзубанди кæнунмæ Уæрæсе æй цæттæ. Фал гъуддаг уой медæгæ æй, æма сæ, еуæрдигæй нæ хæццæ дзубанди кæнун фæндуй, иннердигæй ба нæбæл стратегион æгъдауæй тугъди будури фæууæлахез уонцæ, еци фæндитæ уæддæр нæ уадзунцæ.

2018 анзи нистауæни тохæнгæрзти туххæй ке загътон æма ци пълан кодтан, етæ нуриуæнгæ къохи бафтудæнцæ, еуæй-еу рауæн ба куститæ кæронмæ фæхъхъæртунцæ. Уотæ, комплекс «Кинжал»-æй абони пайдагонд цæуй сæрмагонд æфсæддон операций, «Циркон» дæр æрлæудтæй тугъдон тохæнгæрзти рæнгъити. Тугъдон кезу хæссунцæ, хъæбæр хуарз бæрæггæнæнтæ ка равдиста, еци комплекстæ: «Авангард», «Пересвет» æма «Сармат». Хæстæг рæстæги е дæр æхе равдесдзæнæй.

Тугъд Донбасси мах нæ райдæдтан. Нæ Гæрзефтонг тухтæн сæ хъауритæ фæффулдæр æнцæ цалдæр хатти. Нæ бæгъатæр æфсæддонтæ разæнгардæй цæунцæ размæ æма знагæй есунцæ нæуæг æма нæуæг зæнхитæ. Не ’фсæддонтæмæ фæззиндтæй æгæрон устур тугъдон фæлтæрддзийнадæ. Тугъдон цаути бахсистæнцæ дæсни командæгæнгути нæуæг фæлтæртæ. Ке зæгъун æй гъæуй, нерæнгæ ма нæмæ ес фарстатæ дæр, уинæн сæ, æма сæбæл идарддæр куд архайгæ ’й, уой зонæн. Нæ бæсти хуæдбарæдзийнадæбæл, æ сæребарæбæл, нæ еудзийнадæбæл абони тугъди будури бæгъатæрæй ка тох кæнуй, етæ ’нцæ æцæг хъайтартæ æма син арфæ кæнун сæ еугуремæн дæр. Абони не ’хсæн ка нæбал æй, бæгъатæрæй ка фæммард æй, уони рохс нæмттæ ба лæугæй иссерæн.

Нигулæйнаг бæститæ архайунцæ Уæрæсейæн æ размæцуди надбæл цæлхдортæ æвæрунбæл. Тухгин Уæрæсе сæ нæ гъæуй, фал, цард кæми баминæг æй, уæхæн игон æма бæгънæг зæнхитæ, æндæр бæстити син куд бантæстæй, уотæ. Фал Уæрæсей хæццæ е сæ къохи некæд бафтуйдзæнæй.

 

НÆ ХЪАУРÆ – НÆ ЕУДЗИЙНАДИ

Владимир Путин 2024 анзи 15 феврали Нижний Тагили Уралвагонзаводи косгути хæццæ фембæлди рæстæг.

Уæрæсей политикон системæ æй нæ бæсти хуæдбарæдзийнади астæуккаг цæгиндзитæй еу, æма демократий институттæ парахат кæнунбæл идарддæр дæр косдзинан. Нæ гъуддæгутæмæ ниххелуни барæ некæмæн ратдзинан.

Нуртæккæ акъоппити ка ’й, тугъди будури знаги хæццæ ка тохуй, нæ еци бæгъатæртæ зонунцæ, еугур Уæрæсе дæр сæ хæццæ ке æй, уой. Аккаг аргъ кæнун «Фидибæстæ гъæуайгæнгути» фондæн æма хецаудзийнади оргæнтæй корæг дæн, цæмæй нæ бæгъатæрти бийнонтæн уа еудадзуг агъаз.

Кустуæтти нæ фæллойнæгæнгутæ косунцæ æртигай кезуйæй, фронт цæйбæрцæ домуй, уойбæрцæ. Арфæ кæнун уонæн дæр, гъæууон хæдзаради косгутæн дæр. Адæм фронтмæ ’рветунцæ финстæгутæ, дзаумау, æхца, се ’фтуйаг уотæ берæ кæд нæй, уæддæр. Уæхæн агъазæн аргъ нæййес. Е æй нæ еумæйаг уæлахезмæ  байвæрæн. Нæ тухтæ ку байеу кæнæн, уæд алцидæр нæ къохи бафтуйдзæнæй.