ÆРДЗÆБÆЛ АУОДУН – РАЙДЗАСТ ЦАРДИУАГÆ АРАЗУНИ АХСГИАГ ФÆРÆЗНÆ!..
Цæгат Иристони Сæргълæууæг БИТАРТИ Вячеславæн косæг фембæлд адтæй республики æрдзон фæрæзнитæ æма экологий министри ихæстæ рæстæгмæ æнхæстгæнæг ХИДИРТИ Батрази хæццæ.
Куд зонæн, уотемæй фæстаг рæстæг Хидирти Батраз разамунд лæвардта Ирæфи райони муниципалон искондæн. Æма еци бæрнон бунати æнтæстгинæй ци хъæппæресгин куст бакодта, уой туххæй ин республики разамонæг райарфæ кодта.
– Ирæфи райони сæргълæууæги бунати косгæй, дæхе равдистай хъæппæресгин æма курухон разамонæгæй, де ’мкосгути хæццæ бунæттон цæргути пайдайæн берæ арфиаг гъуддæгутæ исаразтайтæ, – загъта Битарти Вячеслав. – Æруагæс ми кæнуй, республики хецаудзийнади ахсгиагдæр министрадти еуей сæргъи æрлæугæй дæр, дæ куст уæхæн фæткæбæл ке араздзæнæ, е. Раздæри министр Мамиати Чермен министради ахедгæ архайдæн хуарз бундор ниввардта. Уой хæццæ, министради разамунд æма специалисттæмæ идарддæр дæр æнгъæлмæ кæсуй бæрнон æма вазуггин куст – республики экологион æдасдзийнадæ федардæр кæнун, æрдзи фæрæзнитæй хæдзардзинæй пайда кæнунæн æнæмæнгæ гъæугæ мадзæлттæ аразун. Хидирти Батраз республики Сæргълæууæгæн райарфæ кодта, æ раздæри архайдæн ин устур аргъ ке искодта æма ’й нæуæг бæрнон бунатмæ ке иснисан кодта, уой туххæй.
Фембæлди рæстæг бæлвурд гъуддагон дзубанди цудæй хæстæгдæр анзи министради архайди сæйрагдæр нисантæ æма фæндæнттæбæл.
Сæрмагонд æргом здæхт æрцудæй, фиццаградон национ проект «Экологи»-й уагæвæрдтæбæл республикæ идарддæр куд косдзæнæй, уомæ.
Зундгонд æй, экологий фарстатæ тæккæ гъæугæдæр æма хуæздæр райаразун, нуртæккæ нæмæ нимад цæуй тæккæ ахсгиагдæр паддзахадон ихæстæй еуебæл. Уомæн æвдесæн æй е дæр, æма Уæрæсей Конституцимæ æрæги ци æййивддзийнæдтæ хаст æрцудæй, уонæмæ гæсгæ 114 статьяй федаргонд æрцудæй сæрмагонд фæткæ: нæ бæсти хуæрз фадуат экологион уавæрбæл ауодунæй ихæсгин уодзæнæй Уæрæсей хецауадæ. Еци статьяй куд амунд æй, уотемæй хецауадæ æнхæст кæнуй мадзæлттæ, кæцити нисан æй адæми цардархайдæн хуæрзфадуатон уавæртæ аразун, хæдзарадон æма æндæр архайдæй алфамбулай итигъдæн зæранхæссæг фæстеугутæ минкъийдæр кæнун, нæ бæсти уникалон æрдзон æма биологон берæхузондзийнадæ багъæуай кæнун, цæрæгойтæмæ æхсæнади медæгæ бæрнон рахастдзийнадæ федар кæнун…» Уой хæццæ ба ма «аразуй равгитæ гражданти экологион ахуради къабази райрæзтæн, экологион культури æгъдауæй сæ гъомбæладæн…»
Куд уинæн, уотемæй нисантæ бæлвурд бæрæг æнцæ, гъæуй еугур æхсæнади еудадзугон æмгустадæ. Æма еци ихæс ба хауй айдагъ хецаудзийнади къабæзтæмæ нæ, фал не ’хсæнадæмæ æнæгъæнæй дæр.
Æма еци гъуддаги нæ республикæ гъæуама тæккæ хуæздæр хузи æхе бавдеса – уæхæн æй абони æнæмæнгæ райаразуйнаг гъуддæгутæй еу.