27 июля 2024

АФТÆ РАЙГУЫРЫНЦ ÆМДЗÆВГÆТÆ…

10.02.2024 | 21:52

ДИДИНДЖЫТÆ ÆМÆ ЦÆССЫГТÆ

Хуæрзæрдхуæрдти фембæлд (галеуæрдигæй рахесæрдæмæ): зундгонд хуæдахур хузæгæнæг КЪОРНАТИ Владимир, Цæгат Иристони адæмон хузæгæнæг ДЗБОЙТИ Михал, æхсæнадон архайæг ЛОЛАТИ Батраз, ДАУРАТИ Дамир.

Советон Æфсады рæнхъыты уæвгæйæ нæ иу сæрдыгон райсом æфсæддон ахуыртæм тыгъд быдырмæ акодтой. Уыгæрдæны фаллаг кæрон ауыдтам сылгоймаджы. Базыдтам æй: уый уыд нæ полчы хистæр лейтенант Алексей Козликины мад. Хистæр сержант нын цалдæрæй бабар кодта, зæгъут ын, ам ныртæккæ автоматтæй æхсдзыстæм, зæгъгæ. Стæй ма йæ ныхасыл бафтыдта: «Уемæ йын дидинджытæ æртонут…»  Уыгæрдæн та быдираг алыхуызон дидинджытæй йедзаг уыдис.

Бацин ныл кодта урссæр уырыссаг ус, раарфæ нын кодта, бафарста нæ нæ службæйæ, нæ ныййарджытæм пъисмотæ фыссæм æви нæ фыссæм уымæй, стæй нын йæ царды хабæрттæ радзырдта.

Йæ раныхас тынг ныххызт мæ зæрдæмæ. Æхсæвы ме ’мбал æфсæддонтæ тарф фынæй кодтой, æз та старшинайы сусæгæй къазармайы къуымы уыцы сылгоймаджы хъысмæтыл поэмæ фыстон…

 

… Сымах федтат, куыд фæкæуынц лæгтæ?

Домбай лæгтæ?

Æз та федтон… Хæсты.

Нæ хъæубæстæ куы уыдысты æмбæхсты,

Уæд мæ лæг дæр мастисæгæй ацыд.

Мæ бон не сси –

Æз æнхъæлмæ кастæн

Уыцы аз фыццаг сывæллонмæ.

Сусæны мæй æхсæвы æрбацыд

Фæстагдæр хатт.

Йемæ мын æрхаста

Æртæхæвдылд дидинджыты баст,

Æмæ сæ мæ цæсгоммæ нылвæстон,

Æз куыдтон мæ фырамондджынæй,

Фæлæ дын æнæнхъæлæджы, æваст

Немыцæгтæ бакалдысты уатмæ.

Мæ лæджы бон нал баци æхсын дæр.

Уаты астæу хъæдмæ йæ ныббастой.

Афицер, кæсæнцæстджын, даргъ,

Дидинджытæ пъолæй систа.

– О, уарзондзинад,

Исты йын зонут, исты?

Æз дæр хъæды дидинджытæ уарзын…

Фæлæ ацы дидинджытæ сты

Партизанты!

Хъуамæ сæ уд сисой!

Раскъæфта фæтæгены цырагъ.

Фæтæген сыл бапырх кодта сонтæй,

Ныццавта дзы мæ лæджы æхсæрварс,

Ныццавта дзы мæ лæджы фæсонтæ

Æмæ йын сæ акалдта йæ раз.

Мæ лæг дæр ын бацавта йæ фарс

Цырыхъхъæй.

Стæй йæ алыварс амбырд сты:

Надтой йæ, надтой…

О, куыннæ ысхаудта уæд йæ уд!

О, уæд сын куы федтаин сæ мард!

Дидинджытыл бафтыдтой арт…

Мæ фæсонæрхæджы дæр нæ уыд.

Дидинджытæ судзгæ кæй кæнынц,

Адæймаг сæ арт кæй ыскæндзæн?!

Адæймаг нæ уыдис уый, æвæццæгæн.

Æз куыдтон.

Мæ лæг дæр куыдта.

Йæ цæссыгтæ дидинджытыл хаудысты.

Нæ дзæгъæлныфс бæллицтау, хъавыдысты

Арт ахуыссын кæныныл, бæргæ…

Фæлæ сæм лæбурдта уый, нæргæ,

Дидинджытæ басыгъдысты…

Цæссыгтæ дæр басыгъдысты…

Нæ Уарзт æмæ нæ Фыдæхы цæссыгтæ.

Уыцы æнæхайыры артæвзæгтæ

Уæдæй нырмæ мæ буары зилынц.

Æнæзынгæ ранæй мæм æвзидынц,

Æнæзынгæ ранæй мæм лæбурынц,

Хæйрæджытау.

Цымæ  мæ цы курынц?

Мæ цæстыты бон дæр æмæ ’хсæв дæр,

Хæдзарагур бæлæттау, тæхынц…

Мæ лæджы мын акодтой кæдæмдæр,

Фæндаггон у уал азы дæргъы.

Ныр мæнмæ æппынæдзух кæсы,

Цыма мæм æнæнхъæлæджы ’рцæудзæн,

Дидинджыты стыр баст мын æрхæсдзæн,

Агурын æй быдыртæ æмæ хъæдты,

Агурын æй дидинæгджын рæтты.

Арæх мæнæ ардæм дæр цæуын.

Дидинджытыл зымæджы кæуын.

Хъахъхъæнут сæ, уæ хорзæхæй.

Хъахъхъæнут.

Автоматтæй уыдоны ’рдæм ма æхсут… –

Æмæ ацыд.

Кастыстæм йæ фæстæ.

О, цы зæрдæ базыдтам, цы зæрдæ!

Автоматтæ фидардæр нылхъывтам.

– Хъахъхъæндзыстæм! –

Не ’ппæт дæр ысдзырдтам.

Батуми.

1963 аз.

 

ЛÆППУЙЫ ФÆСМОН…

Мæ сыхаг лæппу мæм æрбацыдис æхца, дам, мын æфстау авæр. Æрæджы Мæскуыйæ сыздæхт, еу-дæс азы бæрц дзы фæцис. Уæдмæ йæ мад дæр амард, йæ фыд дæр. Фæбадтыстæм, фæныхæстæ кодтам йæ царды хабæрттæ кæмдæр куыд рауадысты, цæмæн афтæ, уыдæттæ мын фæдзырдта. Уыдис фæлладхуыз æмæ æнкъард.

Цымæ мæ разы йæ тæригъæдтæ уадзы, уыйау йæ ныхас даргъ монолоджы хуызæн рауад, æз æй ницæмæй фарстон, нæ йæ баурæдтон, æцæг ын фæстагмæ ныхас загътон:

– Афтæ зæронд нæма дæ, ныр ма дыл, Хуыцауы фæндæй, хуыздæр рæстæджытæ дæр скæндзæн…

Уый мын мæ цæстытæм бирæ фæкаст, цыма мæ æцæгæйдæр ахæм ныфсæвæрæн ныхæстæ фехъусын æнхъæл уыд, уыйау.

Æз уыцы æхсæв ме ’нкъард сыхаджы мысинæгтæ раздæр мæ блокноты ныффыссинаг уыдтæн куыддæриддæр сæ фехъуыстон, афтæмæй, фæлæ мæ сæры кæцæйдæр дыууæ поэтикон рæнхъы мæхицæн дæр æнæнхъæлæджы куы рагæпп кодтой, уæд æй æз дæр афтæ ауагътон. Мæнæ дзы цы рауад:

Кæддæр, æвæдза, цæй фыдуаг уыдтæн!

Мæ фыды ныхас ницæмæ дардтон.

Мæ сæртæг митæй мæ фæлмæн мады,

Мæ фæлмæн мады мæрдтæм батардтон.

Ыстыр горæттыл æз баууæндыдтæн.

Уым хæлд чызджытæй мæ мондаг уагътон.

Æхсæвæй-бонæй сæндæтты бадтæн.

Æххуырст фæндыртæ мæ номыл цагътой.

Цæй риссаг вæййы æрæджиауы фæсмон?!

Цытæ бакуыстон?

Мæ сæр кæм уыди?

Дысон дæр та мæм мæ ныййарæг мад,

Мæ ныййарæг мад мæ фынты ’рцыди.

Куы мын-иу дзырдта:

– Чындзаг нын равзар, –

Æмæ-иу цæссыг æртылд йæ рустыл, –

Æппын мацы уа, фæхъæстæ ма уон,

Фæхъæстæ ма уон йæ мыды къусæй…

Бæргæ раздæхтæн…

Фæллад, æгуыдзæг,

Кæддæры тентекк, кæддæры æрра.

Ничи мæм ракаст…

Нæ къæс ныдздзæллаг

Нæ рудзгуыты бын æрзад пысыра.

Уæлмæрдты кæрон мæ мад, мæ фыд дæр.

Мæ сыхæгтæ сын цыртытæ сагътой.

Мæхæдæг та сын,  сæ иунæг лæппу,

Рухсаг ут, зæгъгæ, нырма нæ загътон.

Нæ уаты къулыл сау бындз æрфынæй.

Мæ мад-иу мын сæ нæ уагъта марын.

Нæ йæ хъыгдарын,

Нæ йæ хъыгдарын…

Уый ма мын баззад ныхасæмбалæй.

2014 аз,

февраль.

*  *  *

«УÆДДÆР ДÆМ ÆЗ ССАРДЗЫНÆН…»

Кæцыдæр аз нæ хæлар поэт Хæмыцаты Албег мæн æмæ Ходы Камалы радиокомитетмæ бахуыдта микрофоны цур, дам, фæйнæ фондз æмдзæвгæйы бакæсут. Камал мæнæй уæлдай бакаст уымæй размæ Хъайтыхъты Геор æмæ Æлборты Хаджумарыл кæй ныффыста, уыцы пародитæ дæр.

Студийы фæстæ Албеджы кæбинетмæ куы раздæхтыстæм, уæд Албег Камалæн афтæ зæгъы:

– Афтæ ма-иу кæс, ныр та уыдон фысдзысты дæуыл.

Камал цыма Албеджы уыцы фыссинагмæ рагацау цæттæ уыд, уыйау ын хъæддыхæй афтæ куы зæгъид:

– Мæнмæ уыдон пародийы аккаг рæнхъытæ не ’ссардзысты!..

Мæнмæ цæмæндæр йæ дзуапп æгæр къæйных фæкаст æмæ йæм мæхи нал баурæдтон:

– Уыдон куы не ’ссарой, уæддæр дæм æз ссардзынæн!..

Абон дæр æй нæ зонын, баууæндыд мыл, æви нæ баууæндыд, уый, йæ цæстæнгасыл бæрæг нæ уыд.

Къуырийы фæстæ йæм æз фысджыты Цæдисмæ бацыдтæн, мæнæ дæлдæр кæй бакæсай, мæ кæсæг, уыцы рæнхъытæ йын йæ кæбинеты Хæблиаты Сафары цур бакастæн æмæ-иу Камал куы ныххудти, æрмæст мæнæ ацы ныхæстæ загъта дыууæ хатты йæ бæзджын хъæлæсæй:

– Уæллæй ссардтай, уæллæй ссардтай!..

Стæй телефоны хæтæл систа æмæ Албегмæ сдзырдта дæ фæндаг, дам, ма-иу  ауылты ракæн, мæнæ мæныл дæр кæдæй-уæдæй пароди ныффыстой…

Сафар нын йæ къуындæг кæбинеты фынг ацарæзта, фæбадтыстæм, фæхудтыстæм…

 

«МÆ АДРИС – ЙÆ ТÆККÆ ЦЪУПП ПАРНАСÆН…»

Кæнын рæнхъамал

Ходы Камал

 

Дæлæрдæм акæс – æмæ та дын рæнхъ.

Уæлæрдæм азил – уырдыгæй дæр афтæ.

Æмæ та ныццæлхъ кæнын, ныццæлхъ,

Æз ног зарæг, мæ фыр цинæй кафгæ.

Хатт та зилын мæгуыргурау раст,

Мæ зонгуытыл хатт мæхи æруадзын.

Ракалы мыл чи æхсæнты тас,

Чи та мыл йæ бур куыдзы суадзы.

Фæлæ зилын.

Мæ къæхтæ дарынц мæн.

Мæхицæн дæр – дыууæ чызджы даринаг.

Бахъæуы æвæджиауы хæрдзтæн

Мæ гонорар, –

Хъазæнтæ сын, адджинаг.

О хорз адæм, ис уын кæд амал,

Рарвитут мын фæйнæ рæнхъы, уастæн.

Мæ мыггаг – Ходæй,

У мæ ном Камал.

Мæ адрис –

Йæ тæккæ цъупп Парнасæн.