АРÆЗТ ЦÆУЙ ПОЛК
Зундгонд куд æй, уотемæй 58-аг æфсади бундорбæл идарддæр арæзт цæуй нæ номдзуд балхон Советон Цæдеси дууæ хатти Бæгъатæр, æфсади инæлар Плити Исси номбæл полк.
Цæгатиристойнæгти ихæс æй сæрмагонд æфсæддон операций тæлми исæвзурæг ихæслæвæрдтæ æнхæст кæнунæн хъаурæгин æфсæддон еугонд исаразун. Полкмæ службæ кæнунмæ бацæун ке фæндуй, уæхæн адæймæгутæ Цæгат æма Хонсар Иристони берæ ес. Уомæй уæлдай, цæгатиристойнаг паддзахадон службæгæнгути дæр фæндуй амунд полкки службæ кæнун, уомæн æма тугъди архайæг батальонтæ «Алани» æма «Шторм. Осетия» устур æскъуæлхтдзийнæдтæ ’вдесунцæ. Не ’фсæддонтæбæл баууæндæн ке ес, адæм уой зонунцæ.
Плити Исси номбæл полкки ка службæ кæна, еци дууæ мин адæймаги рацæудзæнæнцæ цæттæкæнуйнади сæрмагонд ахуртæ. Полкки еугур службæгæнгутæ ефтонггонд уодзæнæнцæ нуриккон техникон фæрæзнитæй. Полк еудадзугон уагæй æрбунæттон уодзæнæй Цæгат Иристони. Сæрмагонд æфсæддон операци ку фæууа, уæд æфсæддон службæгæнгутæн уодзæнæй идарддæр службæ кæнуни, кенæдта бабæй запаси рацæуни барæ.
Полкки командирæй исæвардтонцæ Цæгат Иристони Сæргълæууæг æма Хецауади Администраций разамонæг, батальон «Алани»-й фиццаг командир Гобети Ибрагими. Цæгат Иристони Сæргълæууæг æфсæддон хаййи арæзтадæмæ цæстæ даруй. Хæдзари бадуни бæсти æфсади службæ кæнунмæ ка цæуй, Иристон æ еци хъæболтæй сæрустур æй.