21 ноября 2024

«АРХАЙУН ГЪÆУЙ, ЦÆМÆЙ АДÆМИ ЦАРД УА ÆДАС ÆМА ФÆРНГУН!..»

08.07.2023 | 22:19

Цæгаткавказаг региони абони тæккæ ахсгиагдæр фарстати фæдбæл дзубанди цудæй, Уæрæсей Федераций Президенти Æнхæстбаргин минæвар Цæгат Кавкази федералон зилди Юрий Чайка æрæги видеобастдзийнади хузи ци урух æмбурд исаразта, уоми. Архайдта си нæ республики Сæргълæууæг Сергей Меняйло.

Æмбурди архайгутæ фиццагидæр се ’ргом раздахтонцæ нæ федералон зилди еугур регионти дæр æхсæнадон æдасдзийнадæ æма барадон фæткæ гъæуай кæнуни, бунæттон хеунаффæйадæ æма регионалон къæпхæни æвзурститæмæ цæттæ кæнун æма æндæр ахсгиаг фарстатæмæ.

Æ рудзубандий Юрий Чайка куд фæббæрæг кодта, уотемæй украинаг сæрмагонд службитæ æма националистти къуæрттæ нигулæйнаг бæстити ардудæй еугур фадуæттæй дæр архайунцæ, цæмæй Уæрæсей адæми сабур цард фехæла.

Аци æмбурди Цæгат Кавкази федералон зилди субъектти разамонгутæ æма профилон федералон ведомствити бæрнон косгутæй уæлдай ма архайдтонцæ æма дзубанди кодтонцæ Национ гвардий æфсæдти федералон служби цæгаткавказаг зилди командæгæнæг Сергей Захаров, федералон службæ «Ростехнадзор»-и кавказаг управлений разамонæги ихæстæ рæстæгмæ æнхæстгæнæг Марат Джанибеков.


Юрий Чайка:

– Зундгонд куд æй, уотемæй Президент Владимир Путини сæрмагонд Указæй паддзахадон арæнмæ хæстæг уæрæсейаг регионти æвæрд æрцудæй алли æнæнгъæлæги цаутæмæ цæттæдзийнади бундорон фæткæ. Уой уагæвæрди бундорбæл Цæгат Кавкази федералон зилди регионти дæр арæзт цæунцæ уæлæнхасæн мадзæлттæ, цæмæй адæм æма фæзуæттæ ахедгæ хузи гъæуайгонд цæуонцæ аллихузон æнæнгъæлæги цаутæ æма фидбилизтæй.


Бони фæтки фарстати фæдбæл дзубандимæ гæсгæ хаст æрцудæнцæ бæлвурд унаффитæ. Барадæгъæуайгæнæг æма тухи ведомствити минæвæрттæн лæвæрд æрцудæй уæлæнхасæн фæдзæхститæ.

Æмбурди фæсте Юрий Чайкайæн фембæлд адтæй, Уæрæсей Президенти номбæл аллихузон курдиæдтæ ка балæвардта, федералон зилди еци цæргути къуари хæццæ.

Еци фембæлдмæ ке байагурдтонцæ, уонæй еу адтæй Цæгат Иристони цæрæг Данæ Бачалова. Æригон силгоймаг куд рахабар кодта, уотемæй æ рæстæги байзадæй æвæгæсæгæй. Æма уæхæн адæймагæн паддзахади харзæй цæрæнуат раттун ке æмбæлуй, уомæ гæсгæ ’й 2012 анзи исæвардтонцæ номхигъди, бæрæг æй æ кезу. Фал уæддæр гъуддагæй нерæнгæ дæр неци уайуй, æма Данæ æ гъаст рарвиста Президенти номбæл.

Аци уавæрбæл дзоргæй, Сергей Меняйло куд фегъосун кодта, уотемæй Дзæуæгигъæуи Цæгат-Нигулæйнаг муниципалон зилди цæргути социалон гъæуайкæнуйнади управлени нуриуæнгæ сæрмагонд бадзурд бафинста Данæн фатер байхуæрсуни туххæй.

– Июли кæрони Данæ æрцæрдзæнæй æ нæуæг фатери, – зæрдæ байвардта Цæгат Иристони Сæргълæууæг.

Уæлæнхасæн Сергей Меняйло куд фегъосун кодта, уотемæй республикæ идарддæр косуй седзæр сувæллæнттæн цæрæнуæттæ дæттуни программæбæл. Уотæ, 2023 анзи кæронмæ цæрæнуæттæ гъæуама райсонцæ амунд къуари 70 адæймаги.