ЦӔЙ ФУДӔЙ ФУЛДӔР КӔНУНЦӔ НӔДТӔБӔЛ ФИДБИЛИЗТӔ?..
Уӕхӕн адӕймаг нӕййес, ӕма ӕнӕнез, ӕнӕфидбилизӕй цӕрун ке нӕ фӕндуй. Ӕма цӕмӕй уотӕ уа, е берӕ цӕмӕйдӕрти нӕхецӕй аразгӕ ке ӕй, е ба ни, гъулӕггагӕн, хъӕбӕр ахид феронх уй. Райсӕн нӕдтӕбӕл цӕуни ӕдасдзийнади хабӕрттӕ. Уой фӕдбӕл домӕнтӕ ӕнӕмӕнгӕ ӕнхӕст кӕнун ке гъӕуй, уой ни, ӕвӕдзи, алкедӕр лӕдӕруй. Фал сӕ, куд гъӕуй, уотӕ ба ӕнхӕст кӕнӕн? Нӕ сӕ ӕнхӕст кӕнӕн!.. Уомӕ гӕсгӕ нӕдтӕбӕл бӕлӕхтӕ минкъийдӕр нӕ кӕнунцӕ.
Куд еугур Уӕрӕсей, уотӕ Цӕгат Иристони дӕр аци анз, евгъуд анзи хӕццӕ рабаргӕй, фӕндаггон-транспортон бӕлӕхтӕ фӕффулдӕр ӕнцӕ 3,8 процентей бӕрцӕ. Республики нӕдтӕбӕл аци анзи дӕс мӕйей дӕргъи ӕрцудӕй 605 бӕлахи, уонӕми фӕммард ӕй 69 адӕймаги, аллихузи цӕфтӕ ӕма гъӕдгинтӕ фӕцӕнцӕ 852 адӕймаги. Фарӕ уал мӕйей дӕргъи ӕрцудӕй 583 цауи, фӕммард си ӕнцӕ 85 адӕймаги, 837 ба фӕццӕфтӕ ӕнцӕ.
Уогӕ уой дӕр зӕгъун гъӕуй, ӕма нӕдтӕбӕл фидбилизти бӕрцӕ кӕд исирӕзтӕй, уӕддӕр, ка си фӕммард ӕй, уони нимӕдзӕ ба 13,7 проценти минкъийдӕр фӕцӕй. Е уой фӕрци дӕр ӕй, ӕма тагъд агъази ӕма ервӕзун кӕнуни службити куст ке фӕххуӕздӕр ӕй.
Цӕгат Иристони нӕдтӕбӕл транспортон фидбилизтӕ цӕй фудӕй ӕрцӕунцӕ, уобӕл дзоргӕй фиццагидӕр уой зӕгъун гъӕуй, хуӕдтолгитӕбӕл берӕ гъӕнгӕлӕстӕ, рӕуӕг сӕртӕ бадунцӕ, нӕдтӕбӕл цӕуни домӕнтӕ нимади дӕр кӕмӕ нӕ ‘нцӕ, уӕхӕн сӕргъӕнтӕ. Мадта фестӕгӕй цӕуӕг адӕмӕй дӕр беретӕмӕ нӕ гъарунцӕ закъони домӕнтӕ, нӕ кӕсунцӕ светофортӕмӕ. Дзубанди дӕр ибӕл нӕййес, еци гъуддӕгутӕмӕ цӕстӕ дарунӕй ихӕсгин ка ‘й, уонӕмӕ дӕр гъӕуй карздӕр фӕллӕуун.
Нӕдтӕбӕл ӕдасдзийнади фӕдбӕл нӕ республики ци мадзӕлттӕ арӕзт цӕуй, уонӕй еу е ӕй, ӕма берӕ рауӕнти ӕвӕрд ӕрцудӕй цӕстдарӕн телекамеритӕ, уӕдта еци гъуддаг идарддӕр дӕр ӕнхӕстгонд цӕуй, зӕгъӕн, аллирауӕнти ма анзи кӕронмӕ ӕвӕрд ӕрцӕудзӕнӕй инсӕй камери.
Нӕдтӕбӕл ӕдасдзийнадӕ аразгӕ ‘й нӕдти хуӕрзгъӕдӕдзийнадӕй дӕр. Ӕма еци фарстай фӕдбӕл нӕ республики ци куст цӕуй, уой туххӕй ӕрмӕг ба кӕсетӕ 2-аг фарсбӕл.