21 декабря 2024

ЦӔЛКОСТИ Анатолий Урусбийи фурт

26.02.2021 | 15:37

Ӕ уӕлзӕнхон цардӕй рахецӕн ӕй нӕ республики номдзуддӕр лӕгтӕй еу, Уӕрӕсей Федераций  ӕма Республикӕ Цӕгат Иристон-Аланий гъӕууон хӕдзаради ӕскъуӕлхт косӕг, фӕллойни ветеран, Цӕгат Иристон-Аланий Парламенти раздӕри депутат Цӕлкости Анатолий Урусбийи фурт.

Цӕлкости Анатолий райгурдӕй Ирӕфи райони Сурх-Дигори гъӕуи 1942 анзи. Сахар Саратови экономикон ӕма гъӕууонхӕдзарадон институт 1967 анзи каст фӕууогӕй, косун райдӕдта Ирӕфи райони Ленинон фӕскомцӕдеси номбӕл совхози. 1973 анзи ба косун райдӕдта республикон еугонд «Птицепром»-и сӕйраг экономистӕй, фӕстӕдӕр ба си нисангонд ӕрцудӕй сӕргълӕууӕги хуӕдӕййевӕгӕй. 1991 анзӕй ба ӕ царди фӕстаг бӕнтти уӕнгӕ адтӕй Ӕргом акционерон ӕхсӕнадӕ «Племрепродуктор «Михайловский»-и генералон директор. Цӕлкости Анатолийӕн, куд профессионалон ӕгъдауӕй дӕсни ӕма арӕхстгин разамонӕг, уотӕ бантӕстӕй берӕ арфиаг гъуддӕгутӕй фескъуӕлхун. Уонӕн сӕ агъазиаудӕртӕй иссӕй е, ӕма евгъуд ӕноси уӕззау  90-аг ӕнзти исарӕхстӕй, еуемӕй, кустуат нихгӕнунӕй багъӕуай кӕнун ӕма фӕлтӕрдгин коллектив ӕнӕ кустӕй нӕ байзадӕй, уой хӕццӕ ба ма ӕ арми бафтудӕй нӕуӕг косӕн бунӕттӕ дӕр ма райгон кӕнун,  уӕдта кустуат ӕнӕгъӕнӕйдӕр рӕстӕги домӕнтӕмӕ гӕсгӕ райаразун, зингӕ ‘й иснӕуӕг  ӕма фӕгъгъомусгиндӕр кӕнун. Ӕма еугур еци ӕййивддзийнӕдтӕ хуарзӕрдӕмӕ фӕббӕрӕг ӕнцӕ кустуати архайдбӕл – маргъи фидизгъӕли рауагъд фӕббӕрзонддӕр ӕй. Нӕ республики фӕззиндтӕнцӕ  сӕ продукци уӕйӕгӕнӕн сӕрмагонд бунӕттӕ.

Цӕлкости Анатолийи  арӕхстгин разамунди фӕрци кустуат алкӕддӕр архайдта аллихузи гъӕууонхӕдзарадон хуӕлци еристи, равдистити, кӕцитӕми син лӕвӕрд ӕрцӕуидӕ фиццаг къӕпхӕни Дипломтӕ.

Цӕлкости Анатолийи  берӕанзон ӕма хъазауатон фӕллойнӕ паддзахади ‘рдигӕй ӕнӕргъудийӕй нӕ байзадӕй. Маргъдарӕн къабази кустадӕ  парахат кӕнуни гъуддаги ин ци берӕ хуарздзийнӕдтӕ исаразун ӕнтӕстӕй, уой туххӕй берӕ хӕттити хуарзӕнхӕгонд ӕрцудӕй Уӕрӕсей хуӕлцади еугонди Кади грамотитӕй. Цӕлкости Анатолий Урусбийи фуртӕн лӕвӕрд ӕрцудӕй майдан «Иристони намусӕн», Уӕрӕсей Федераций профцӕдести Комитети уӕлдӕр хуӕрзеуӕг «Профцӕдесмӕ еузӕрдиуондзийнадӕ».

Цӕлкости Анатолий цалдӕр  хатти ӕвзурст ӕрцудӕй нӕ республики Парламенти депутатӕй. Еци ахсгиаг кусти дӕр ӕхе равдиста хъӕппӕресгинӕй, цалдӕр хатти бахаста гъӕугӕ ӕма ахсгиаг ӕййивддзийнӕдтӕ бюджетон закъонӕвӕрунадӕмӕ.  Куд депутат, уотӕ ӕ еудадзугон архайд гъӕугӕ уагӕбӕл аразта паддзахадон ӕнхӕстгӕнӕг оргӕнти хӕццӕ, ӕма уой фӕрци е ‘взаргутӕн сӕ царди цигъӕуӕгтӕ, райаразуйнаг фарстатӕ ӕнхӕст кӕнун ӕ къохи ӕфтудӕй. Уӕлдай ӕнӕмӕнгӕ ӕнхӕсткӕнуйнаг ихӕсбӕл ӕхецӕн нимадта тугъди ӕма  фӕллойни ветерантӕн, берӕсувӕллонгин ӕма нӕхъӕртондзийнӕдтӕ ӕййафӕг бийнонтӕн гуманитарон ӕгъдауӕй агъаз кӕнун.

Цӕлкости Анатолий, куд ӕцӕг адӕймаг, дӕсни специалист ӕма курухон разамонӕг, нӕ зӕрдити  ӕностӕмӕ  цӕргӕ байзайдзӕнӕй.

 

Маргъдарӕн Акционерон Ӕхсӕнадӕ  «Михайловский»-и коллектив.


Республикон газет «Дигори» редакций коллектив дӕр хъӕбӕр хъонцгӕнгӕй тӕфирфӕс кӕнуй Цӕлкости Анатолийи бийнонтӕн, хӕстӕгутӕн ӕма берӕ ӕнзти разамунд кӕмӕн лӕвардта, еци коллективӕн. Куд нӕ Иристони дзиллӕй хъӕбӕр беретӕ, уотӕ мах, редакций коллектив дӕр си уӕлдай арфиаг ан, уомӕн ӕма алкӕддӕр адтӕй нӕ фарсмӕ, ӕ бон ци адтӕй, уомӕй агъаз кодта маддӕлон ӕвзагбӕл цӕуӕг мухури фӕрӕзнитӕн.  Рохсаг уӕд… Ӕ берӕ хуарздзийнӕдтӕ, ӕ кадгин рохс ном махӕй иронх некӕд уодзӕнӕнцӕ…