16 сентября 2024

ЦÆГАТ ИРИСТОН ЦИЙНÆ КÆНУЙ ЗÆРДИАГÆЙ!..

06.07.2024 | 12:22

Зундгонд куд æй, уотемæй аци анз нæ республикæ бæрæг кæнуй æртæ ахсгиаг цауи – Иристон Уæрæсей хæццæ байеу уни 250 анзи, Цæгат Иристони автономий 100 анзи æма Дзæуæгигъæуи 240 анзи. Анæй фиццаг бæрæгбони кадæн мадзæлттæ арæзт æрцудæнцæ 12 июни.

Аци бæнтти, 6-7 июли ба арæзт цæудзæнæнцæ нæ республики автономий 100 анзей кадæн цитгингæнæн мадзæлттæ. Уони  цæттæгæнæн куститæ куд цæунцæ, уомæ æркастæнцæ, Цæгат Иристони Хецауади сæрдар Дзанайти Бариси разамундæй æрæги ци æмбурд арæзт æрцудæй, уоми.  Куд си амунд æрцудæй, уотемæй бæрæгбон исфедаудзæнæй гъæздуг культурон æма æндæр аллихузон зонадон-хейерхæфсæн программитæй.

Бæрæгбони мадзæлттæ 6 июли арæзт æрцæудзæнæнцæ Дзæуæгигъæуи еуæндæс сахаттемæй ба æхсæрдæс сахаттей   уæнгæ Хетæгкати Къостай номбæл культурæ æма фæлладуадзæн Центрон парки, уæдта Сабурдзийнади проспекти. Ами республики цæргутæ æма иуазгутæн уодзæнæй равгитæ киунугутæ æма гъæууонхæдзарадон армукъати, «Нарти гъæзтити» архайунæн,  хуæрзадæ хуæруйнæгтæ исахуадунæн,  робототехникæй, туристон техникæй, гъосингæнæн æма курдбадзи гъуддæгути сæ арæхстдзийнадæ бавдесунæн.

Сабурдзийнади проспекти ма цæудзæнæй акци «Музыкæ – балкъонтæбæл», уæдта вернисаж «Иристони мозаикæ» – амалеуæггæнгути конд дзаумæутти армукъа.

Бæрæгбони кадæн цитгин æмбурд дæр арæзт æрцæудзæнæй 6 июли, райдайдзæнæй 14 сахаттебæл. Цæгат Иристони Тæбæхсæути Балой номбæл Цæгат Иристони паддзахадон академион театри.

Республики паддзахадон музейти байгон уодзæнæнцæ Цæгат Иристони автономий 100 анзей кадæн равдиститæ. Сабати Сæребари фæзуати нæудæс сахаттебæл уодзæнæй устур концерт, архайдзæнæнцæ си Цæгат Иристон æма Уæрæсей зундгонд аййевадон коллективтæ æма артисттæ. Республики автономий 100 анзей кадæн юбилейон мадзæлттæ арæзт æрцæудзæнæнцæ еугур муниципалон искондти дæр.

Зундгонд куд æй, уотемæй Уæрæсей Федераций Президент Владимир Путин 2019 анзи бафинста  сæрмагонд Указ 2024 анзи Цæгат Иристони автономий 100 анзей бæрæгбон исбæрæг кæнуни туххæй. Аци анз майи мæйи документмæ бахастонцæ æййивддзийнæдтæ, цæмæй ма уой хæццæ федералон æмвæзадæбæл бæрæггонд æрцæуа Иристон Уæрæсей хæццæ байеу уни 250 анзей юбилей дæр. Юбилейтæ бæрæг кæнуни фæлгæти аци анз фæззæги Мæскуй арæзт æрцæудзæнæнцæ  Цæгат Иристони культури бæнттæ.