25 апреля 2024

ЦÆМÆЙ ФУЛДÆР ТУРИСТТÆ ИСИУАЗÆГ КÆНÆН…

12.03.2021 | 00:26

Цæгат Иристони Сæргълæууæг Битарти Вячеславæн косæг фембæлд адтæй Республикæ Цæгат Иристон-Аланий Хецауади Сæрдари фиццаг хуæдæййевæг Сæбæтхъуати Æхсарбег æма Туризми республикон комитети сæрдар Хъодзати Заурбеги хæццæ.

Фембæлди рæстæг æргом раздахтонцæ Цæгат Иристони инфраструктури идарддæри райрæзтмæ, уæдта хæстæгдæр туристон сезонмæ аккаг хузи бацæттæ кæнуни фарстатæмæ.

Дзубандий райдайæни Битарти Вячеслав куд фæннисан кодта, уотемæй сæрди фæлладуадзæн рæстæгмæ цæттæгæнæн куститæ нури уæнгæ райдайун гъæуй, цæмæй туристти фæлладуадзунæн Цæгат Иристони уа зæрдæмæдзæугæ уавæртæ.

– Нæ зæрдæ дарæн, аци анз республикæмæ æндæр регионтæй никки фулдæр иуазгутæ ке иссæудзæнæй, уобæл. Еугур фадуæттæй дæр байархайун гъæуй, цæмæй Цæгат Иристони иуазгутæ аразийæй байзайуонцæ, республики ци бонтæ рарветонцæ, уомæй, – бафеппайдта Битари-фурт.

Еци нисанбæл профилон ведомствитæ æма организацитæ куд косунцæ, уой туххæй адтæй æ дзубанди Хъодзати Заурбегæн. Комитети сæрдар куд загъта, уотемæй фиццаградон æргом æздæхт цæуй, туристтæ сæ фæллад кæми уадздзæнæнцæ, еци курорттæ æма иннæ уæхæн бунæтти лæггæдти хуæрзгъæдæдзийнадæ æнаййепдæр æма хуæздæр кæнунмæ. Цæмæй фæллад исуадзун æма республики зæрдæбæлдарæн бунæттæ фæууинунæй уæлдай, туристтæн алли рауæн дæр уа, хуайраг кæми бахуæронцæ, транспорти лæггæдтæй кæми испайда кæнонцæ æма уотæ идарддæр. Хъодзайи-фурти дзубандимæ гæсгæ, уæхæн техникон æма санитарон ефтонгдзийнади еугур фарстатæ дæр лухгонд цæудзæнæнцæ федералон нормативти бундорбæл.

Фембæлди архайгутæ сæрмагонд æргом раздахтонцæ Цæгат Иристони туристон гæнæнти хæццæ фулдæр адæми базонгæ кæнуни фарстамæ дæр. Профилон комитети сæрдар куд фæннисан кодта, уотемæй еуæй-еу федералон æма регионалон дзиллон хабархæссæг фæрæзнити рæстæгæй-рæстæгмæ мухургонд æрцæуй рекламон  игъосункæнуйнæгтæ Цæгат Иристони алæмæти æрдзæ æма зæрдæбæлдарæн бунæтти туххæй. Уомæй уæлдай, хæстæгдæр рæстæг республикæмæ радон хатт æрхондзæнæнцæ уæрæсейаг туристон агентадти минæвæртти, цæмæй етæ сæхе цæстæй фæууинонцæ республики рæсугъддзийнæдтæ æма фулдæр адæми æргом раздахонцæ Цæгат Иристонмæ.

Аци æма иннæ фарстатæ ахедгæдæр хузи лух кæнуни фæдбæл Битарти Вячеслав бæлвурд амунддзийнæдтæ равардта профилон ведомствити разамонгутæн.

 

Республикæ Цæгат

Иристон-Аланий Сæргълæууæги æма Хецауади пресс-службæ