ЦИТГИЙНАГ НИН ДӔ, НИЙЙЕРӔГ МАДӔ!..
Расул Гамзатов
Берегите матерей
Воспеваю то, что вечно ново.
И хотя совсем не гимн пою,
Но в душе родившееся слово
Обретает музыку свою.
И, моей не подчиняясь воле,
Рвется к звездам, ширится окрест…
Музыкою радости и боли
Он гремит – души моей оркестр.
Но когда скажу я, как впервые,
Это Слово-Чудо, Слово-Свет, –
Встаньте, люди!
Павшие, живые!
Встаньте, дети бурных наших лет!
Встаньте, сосны векового бора!
Встаньте, распрямитесь, стебли трав!
Встаньте, все цветы!.. И встаньте, горы,
Небо на плечах своих подняв!
Встаньте все и выслушайте стоя
Сохраненное во всей красе
Слово это – древнее, святое!
Распрямитесь! Встаньте!.. Встаньте все!
Как леса встают с зарею новой,
Как травинки рвутся к солнцу ввысь,
Встаньте все, заслышав это слово,
Потому что в слове этом – жизнь.
Слово это – зов и заклинанье,
В этом слове – сущего душа.
Это – искра первая сознанья,
Первая улыбка малыша.
Слово это пусть всегда пребудет
И, пробившись сквозь любой затор,
Даже в сердце каменном пробудит
Заглушенной совести укор.
Слово это сроду не обманет,
В нем сокрыто жизни существо.
В нем – исток всего. Ему конца нет.
Встаньте!..
Я произношу его:
«Мама!»
Кайсын Кулиев
МӔ МАДЫ ХЪӔЛӔС
Ӕхсӕв миты сӕр урс-урсид дары,
У мӕ низ та хуыдалынг, ызнӕт –
Дур хох, дурдзӕнд… Мӕ удӕй лӕмары,
Цард кӕй ацыди, уый охыл мӕт.
Ӕз – мӕ уаты, рынчынӕй, ӕнкъардӕй.
Рӕстӕг – иугъӕдон, сабыр, фӕлмас.
Фӕлӕ тар ӕхсӕв фехъуыстон дардӕй
Ӕз мӕ мады фӕлмӕнзӕл ныхас.
Цыд йӕ ныхас дӕлзӕххы ӕнудӕй,
Уыд йӕ фӕндиаг рухс ныфс дӕттын:
«Нӕй ӕрӕнцой мӕрдты дӕр мӕ удӕн,
Уый куы зонон – уынгӕджы дӕ ды!..
Уӕ, мӕ хъӕбул, чысыл ма куы уыдтӕ,
Уӕд дӕ фӕдыл цыд, хурау, мӕ цӕст.
Уӕд ӕз уыдтӕн дӕ мад дӕр, дӕ фыд дӕр;
Уӕд дӕ лечъыр – мӕхӕдӕг ӕрмӕст.
Ныр ӕвдадзы хос нал дӕн дӕ рыстӕн, –
Лӕуу дӕ рынмӕ, мӕ хъӕбул, хъӕддых!..»
«Уӕ, мӕ гыцци, фӕлварын, дӕуыстӕн,
Фӕлӕ уый фаг куынӕ суа мӕ тых?!.»
Гадати Лазӕр
Амонд
Сарай, хуаси лӕвӕрӕнбӕл бадуй биццеу ‘ма киунуги кӕсуй. Ӕ мадӕ рацудӕй хӕдзарӕй. Ӕ къохтӕ къинси гъӕстӕ.
– Биццеу, сог рафадӕ, – дууӕ, ӕртӕ хатти исдзурдта мадӕ, фал биццеу не ‘змӕлуй.
«Абӕрегтӕ къӕдзӕхи аууон фӕццӕунцӕ, фӕдесонти топпи фӕдтӕ къӕдзӕхи дорбӕл исӕмбалдӕнцӕ ‘ма скъотгӕнгӕ коми иннӕ фарсмӕ фесхъиудтӕнцӕ. Ком гъӕр, нӕгӕ фестадӕй…» – кастӕй биццеу киунуги. Мадӕ нецибал дзоруй, ӕрмӕст лӕмбунӕг кӕсуй ӕ цӕуӕти кӕстӕрмӕ ‘ма гъуди кӕнуй: «Ме ‘ннӕ цӕуӕти федӕн бӕрӕг ӕй, ке бон си ци ӕй, уой архайуй, фал аци биццеуӕй ци рауайдзӕнӕй, уой ба нӕ лӕдӕрун. Киунугӕ ӕ къохи ку бафтуйа, уӕд си ӕнӕгъӕн дуйней дӕр феронх уй».
Мадӕн ӕхцӕуӕн ӕй, биццеу киунугӕбӕл ӕновуд ке ӕй, е, фал ин тӕрсгӕ кӕнуй, ци уодзӕй, куд уодзӕй ӕ царди фӕндаг?
«Фӕдесонтӕ бахъӕрдтӕнцӕ къӕдзӕхи фӕстемӕ, фал абӕрегтӕн сӕ кой дӕр некӕмибал адтӕй, раст цума зӕнхи скъуди ниххаудтӕнцӕ, уотӕ».
– Уотӕ ӕнцонӕй сӕ нӕ райердзинайтӕ! – гъӕрӕй загъта биццеу. Ӕхцӕуӕн ин адтӕй, абӕрегти ке нӕ раййафтонцӕ, е.
– Ке хӕццӕ дзорис? – фӕрсуй мадӕ.
Биццеу искастӕй.
«Мӕн мадӕй рӕсугъддӕр зӕнхӕбӕл силгоймаг нӕййес», – рагъуди кодта.
Еу сахатти фӕсте биццеу бадтӕй пеци дуармӕ, устур арти зингитӕмӕ лӕмбунӕг кастӕй.
Гъар хӕдзари мадӕ нӕуӕгконд тӕвдӕ ӕхцинти уӕлцъарӕ фиуи морӕй исарста. Фиуи адгин тӕф дзиги кодта уолӕфӕнтӕ. Еци рӕстӕг биццеуӕй амондгундӕр зӕнхӕбӕл адӕймаг нӕ адтӕй.
Ӕгъузарти Саукуй
ЗӔНХИ ДУАР
Мӕ мадӕ ӕ тарф сӕйги уӕззау нийнӕфтӕй:
– Цалдӕр хатти мӕ уодӕй зӕнхи дуар игон кодтон ӕма мин нӕ бакумдта.
Ӕз ба загътон:
– Ма игон кӕнӕ зӕнхи дуар, дацци. Исон уа – иннӕбон, не ‘гасей дӕр уордӕмӕ гъӕуй. Ма игон кӕнӕ дӕ цола рист зӕрдӕй зӕнхи дуар, дацци, ӕхуӕдӕг байгон уодзӕнӕй.
МАДИ ФИНСТӔГ
Мӕ хъӕболӕ, мӕ зӕрдӕлӕууӕн!
Еунӕг хузӕ мӕмӕ адтӕй, дӕ хузӕ, ӕма мин фесавдӕй. Мӕ хӕдзарӕй устур хӕзна фӕгъгъудӕй. Ӕхсӕвӕ мӕбӕл хуссӕг нӕбал хуӕцуй, бонӕй цӕбӕлдӕр фӕттухсун. Цӕбӕл фӕттухсун, уой зонун – истӕрсун, ку нӕбал дӕ фӕууинон, ку нӕбал исӕмбӕлӕн кӕрӕдзей хӕццӕ…
Зонун ӕй: ци бӕсти цӕрис, уоми дин устур кадӕ ес, рӕстӕг ба дин ӕппундӕр нӕййес. Нӕййес, ӕндӕр ауал анзи уӕддӕр еу хатт не ‘суадайсӕ нӕхемӕ? Нӕййес дин рӕстӕг ӕма дӕ азуми нӕ дарун, мӕ бундор!
Косӕ фӕрнӕй, дӕ дзӕбӕхи хабӕрттӕ мӕмӕ игъусӕнтӕ. Ӕз дин ардигӕй уордӕмӕ цирагъдарӕй лӕудзӕнӕн, естӕбӕл ку тухсай, уӕд ӕй мӕ зӕрдӕ базондзӕнӕй ӕма дин табу-мендар кӕндзӕнӕн. Тухсун дӕ нӕ бауадздзӕнӕн. Ӕма ӕз дӕр цӕмӕй мацӕбӕл тухсон, уой туххӕй мин мӕ фӕндон исӕнхӕст кӕнӕ. Дӕхецӕн еци зин искӕнӕ ӕма мин дӕ хузӕ исӕрветӕ. Дӕ хузӕ дин алли бон ку уинон, уӕд мӕмӕ хӕстӕгдӕр уодзӕнӕ…
Рарветӕ мин дӕ хузӕ, мӕ еунӕг! Дӕуӕй мӕ хуӕздӕр хуарз нӕ гъӕуй.
Ма фӕззийнадӕ кӕнӕ.
Рарветӕ ‘й…