27 декабря 2024

ЦИТГИЙНАГ НИН ДÆ, НИЙЙЕРÆГ МАДÆ!..

25.11.2020 | 15:26

Цалдæр боней фæсте, 29 ноябри бабæй бæрæггонд цæудзæнæй, алли адæймагæн дæр уæлдай зæрдтагон æма хъазар ка ’й, еци бæрæгбон – Мади Бон. Алли адæймаг дæр иссердзæнæй равгæ уой исцитгин кæнунæн. Сæ мадтæлтæ ма цардæгас кæмæн æнцæ, етæ сæ барæвдаудзæнæнцæ сæ арфитæй. Сæ мадтæлтæ цардæгас кæмæн нæбал æнцæ, етæ ба син сæ рохс нæмттæ исердзæнæнцæ, сæ номерæнæн иннæ мадтæлти сæ арфитæй фæххайгин кæндзæнæнцæ – мади зæрдæ лæдæрагæ ’й, æма сæ рохсаггаг мадтæлтæмæ сæ еци хуарздзийнади кой байгъусдзæнæй æма син е æфсапи уодæнцойнæдзийнадæ уодзæнæй.

Еузагъдæй, Мади Бон æй еугурадæмон бæрæгбон, æма ’й рæстуодæй нæ еугурдæр исбæрæг кæнæн. Нæ еугуремæн дæр исуæд хуарз ракæнуни æма рæстуодæй ауодуни равгæ. Нæ фидтæлтæ хумæтæги нæ зæгъиунцæ: «Мади зæрдæ – царди нивæ!..» Æма æцæгæйдæр уотæ ке ’й, уой нæхе бæлвурд райдзастхæссæг гъуддæгутæй бавдесæн!..