21 ноября 2024

ЦУБУРДЗУРДÆЙ…

23.06.2022 | 16:05

– Уæрæсей æгуст адæми бæрцæ нуртæккæ æй 4 миллион адæймагемæй фулдæр, уой хæццæ ба ма хебарæй косæг 30 миллион адæймаги, кæцитæ зæгъæн ес, æгуст адæмбæл банимайун æнгъезуй. Мæгурдзийнади уавæрти цæруй нæ бæсти цæргути 30%, минкъиймулкгин адæми бæрцæ дæр нур дæс анзей дæргъи минкъийдæр нæ кæнуй… Еци адæмæн сæ уавæртæ никки æгудзæгдæр кæнуй æргъти æнæбауорамгæ ирæзт.

 

 

Цæгат Иристони кæронмæ арæзт ка не ‘рцудæй, уæхæн объектти номхигъдмæ ма хаст æрцудæнцæ æхсæз берæфатерон хæдзари.

Фирмæ «Ника» Дзæуæгигъæуи Джиккайти Шамили номбæл гъæунги кæронмæ ке нæ исаразта, еци амунд объекттæй еуемæн рахастонцæ компенсаци бафедуни туххæй унаффæ. Тогой-фурти номбæл гъæунги ка æрбунæттон æй, никкидæр ма еу хæдзарæ кæронмæ исараздзæнæнцæ.

Курскаг æма Владикавказаг гъæунгти æртæ æрдæгарæзт объектти туххæй унаффæ анзи кæронмæ рахæсдзæнæнцæ. Тæрхондонæ аразгути гъуддаг ку равзара, уæд Тельмани гъæунги æрдæгарæзт хæдзари карнæ исбæлвурд уодзæнæй.

Уой хæццæ, ке басайдтонцæ, хе фæрæзнити харзæй цæрæнуæтти арæзтади хайгай архайæг, уæхæн адæймæгути туххæй закъонæвæрунадæ бæлвурд унаффæ рахæссуни барæ ке нæ дæттуй, уой нимайгæй, Алагири, уæдта Дзæуæгигъæуи Владикавказаг гъæунги 63-аг бæстихаййи æма Маркови гъæунги æрдæгарæзт объекттæ идарддæр арæзт цæудзæнæнцæ æви нæ, е нерæнгæ бæлвурдгонд нæй. Куд рабæрæг æй, уотемæй аци объекттæ хайгай нæ, фал кооперативон уагæй ке аразтонцæ, уой нимайгæй, къулумпидзийнадæ исæвзурдæй.