ДӔ ЦЪУХБӔЛ КУ НӔ ХУӔЦАЙ!..
Кӕддӕр ӕма кӕддӕр еу лӕгӕн адтӕй дууӕ кизги. Хестӕр лӕгмӕ ӕрцудӕй зӕнхкосӕгмӕ, кӕстӕр ба – буркутӕгӕнӕгмӕ.
Еуцӕйбӕрцӕдӕр рӕстӕги фӕсте фидӕ бабӕрӕг кодта хестӕр кизги ӕма ‘й бафарста ӕ царди хабӕрттӕй. Кизгӕ ин загъта, гъома, алцидӕр нӕмӕ ес, айдагъдӕр еудадзуг Хуцаумӕ ковӕн, цӕмӕй нин карз уарунтӕ исаккаг кӕна, ӕма нӕ халсартӕ донӕй ӕфсес уонцӕ.
Уой фӕсте фидӕ бабӕрӕг кодта ӕ кӕстӕр кизги ӕма уой дӕр бафарста ӕ царди хабӕрттӕй. Кизгӕ ин загъта, неци гъӕуагӕ, дӕн, ӕййафӕн, айдагъдӕр еудадзуг Хуцауӕй корӕн, цӕмӕй нин хорбӕнттӕ фулдӕр радта ӕма нӕ буркутӕ афойнадӕбӕл сор кӕнонцӕ.
Уӕд дин фидӕ уотӕ:
– Ду хорбӕнттӕ ку корай, дӕ хуӕрӕ ба уарун бӕнттӕ, уӕд мӕнӕн ба ци кӕнгӕ ‘й?.. Кӕций туххӕй уи ковон?..
– Уотӕ уӕмӕ нӕ кӕсуй, ӕма абони мах ӕхсӕнадӕ дӕр еци мӕгуйраг лӕги уавӕри ‘й?
Ке бон куд ӕй, уӕлдайдӕр ба ка куд мулкдзастдӕр ӕй, уотӕ айдагъдӕр сӕхе пайдабӕл архайунцӕ. Сӕ фӕндитӕ ескӕмӕн зӕран ӕрхӕсдзӕнӕнцӕ, е ба сӕ гъудий кӕрони дӕр нӕй. Уомӕ гӕсгӕ ниддехтӕ ан фур гъӕздугутӕ ӕма фур мӕгуртӕбӕл; еуетӕ ни царди уӕлбилӕ, иннӕтӕ ба – ӕ дӕлбилӕ… Уотемӕй нӕ исонибон куд уодзӕнӕй?..
Сергей ГАЛИЦКИЙ, миллиардер: «Кири дзиппитӕ нӕййес. Ци мулкитӕ дӕмӕ ес, уони ӕхсӕнади бакустай, ӕма си гъӕуама ӕхсӕнадӕн дӕттай. Цийфӕнди ку фӕккӕнай, уӕддӕр дууӕ сехуари нӕ бахуӕрдзӕнӕ…»
Арази ан, цийфӕнди гъӕздуг олигарх дӕр дууӕ сехуари нӕ бахуӕрдзӕнӕй. Фал сӕ мулкитӕй ба уӕддӕр кӕмӕндӕр неци хузи радех кӕндзӕнӕнцӕ, уомӕн ӕма сӕ сагъӕс еунӕг ӕй: цӕмӕй сӕ бийнонти, сӕ хеуӕнтти – сауӕнгӕ цалдӕр ӕма цалдӕр фӕлтӕрей уӕнгӕ – бафсадун, уой дӕр парахат, царв ӕма еугӕфи хӕццӕ сехуартӕй, рӕфтадтӕй ӕма ӕхсӕвӕртӕй…
Ӕма дин уонӕмӕ, мӕгурӕй-мӕгурдӕр цӕрӕг адӕми сагъӕс ес? Ка син ӕнцӕ, миййаг?..
Илья ШЕСТАКОВ, кӕсалгикустгӕнӕг федералон агентади («Росрыболовство»-й) разамонӕг: «Уӕрӕсе ӕнӕгъӕнӕй дӕр ӕхе исефтонг кодта устрицитӕй. Е ӕй, нури уӕнгӕ ци нӕма бакодтан, уӕхӕн гъуддаг…»
Нур ма уой хӕццӕ уотӕ дӕр ку бакӕниуонцӕ, ӕма нӕ бӕсти дзиллӕн ӕнӕгъӕнӕй дӕр ку исаразиуонцӕ уӕхӕн равгитӕ, цӕмӕй еци цӕмӕдессаг хуӕруйнагӕй сӕхе рӕвдауонцӕ. Фал кунӕг – абони адӕмӕн сӕ фулдӕрӕй-фулдӕрей бон ку нӕй тӕккӕ хумӕтӕгдӕр кӕсалгӕ балхӕнун дӕр.
Дмитрий ПЕВЦОВ, Паддзахадон Думи депутат: «Афонӕ ‘й экономики дӕргърӕстӕгон пълан аразундзийнадӕмӕ раздӕхун. Уӕхӕн устур, экономикон ӕгъдауӕй размӕцуд бӕстӕн нӕййес идарддӕр ирӕзӕн ӕнӕ дӕргърӕстӕгон пълантӕй…»
Исонибонмӕ нисантӕ бӕлвурд кӕнун бӕргӕ хуарз ӕй, фал Паддзахадон пъланаразӕг къабазӕ (советон Госплани хузӕн) райгас кӕнгӕй бабӕй нӕмӕ ку не ‘рбаздӕхиуонцӕ фиди, къалбаси, сапойни ӕма ма царди берӕ ӕнӕмӕнгӕ гъӕугӕ товарти нӕхъӕртондзийнадӕ…