21 ноября 2024

ДÆ ЦЪУХБÆЛ КУ НÆ ХУÆЦАЙ…

30.12.2020 | 16:30

Гæлиати гъæугæрон ес уæхæн рауæн, кæцими кæддæр гъæубæстæ æрæмбурд кæниуонцæ сæ тиллæг, сæ есбон. Еу фæззæг ку адтæй, уæд кæцæйдæр æрбабурдæй залиаг хелагæ. Еци бунатбæл æртухстæй тæлий хузæн æма æ думæг æ гъæлæси бацавта. Адæмæй имæ уотид хæстæг бацæун дæр неке æндиудта. Устур мæти бацудæнцæ, зудтонцæ ’й, æстонгæй сæ исæфт ке æрцæудзæнæй, уой.

Уæд разиндтæй еу бæгъатæр лæхъуæн, Хъантемурати муггагæй. Е исфæндæ кодта адæми фидбилизæй фæййервæзун кæнун. Лæхъуæн гал равгарста, æ цар ин бастъигъта, æхебæл æй искодта, æма ’й уотемæй хормæ сор кæнун байдæдта. Цар лæхъуæни æмбауæр ку иссор æй, уæд æ бæхбæл фæббадтæй æма гæрзефтонгæй хелагæмæ бампурста. Берæ фæттох кодтонцæ, еуафони лæхъуæн исарæхстæй æма æ хъæмайæй ракъуæрдта хелаги сæр. Сæ тох ба цудæй еу цæугæдонмæ хæстæг. Хелагæй уойбæрцæ тог фæццудæй донмæ æма си æнæгъæнæ анз баниуазæн дæр нæ адтæй… Фал цидæр адтæй, уæддæр гæлиатæгти цард æ кеми æрцудæй…

– Гæлиатæгтæ бæргæ фæййервазтæнцæ еци тогцъух хелагæй æма сæ есбонадæ нæуæгæй сæхе бацæй. Фал нур махæн, Уæрæсей фæллойнæгæнæг дзиллæн ба ци кæнгæ ’й? Нæ еумæйаг фæллойнæй ци есбонадæ бамбурд æй, уобæл нин еци гæлиатаг хелаги хузæн æфсæйнаг тæлий бадт ка ’ркодта, еци «хелгутæй» кутемæй фæййервæзæн? Æвæдзи, некæд æма некутемæй, уомæн æма паддзахади цардигъдауи фæткитæ дæр етæ аразунцæ… Еузагъдæй, уæрæдæсгæнæг дæр æма уæрæйдæгæнæг дæр етæ ’нцæ. Мах ба…

 

Наталья БЕСТЕМЬЯНОВА, олимпаг чемпионкæ, – æ пенсий туххæй: «Æнæуой, уæдта ма нин президент ке федуй, еци пенситæ ку байеу кæнай, уæд еумæ рауайдзæнæй 85-90 мин соми. Фал мин уоййасæбæл берæ сагъæссæгтæ ес, æма æгириддæр нецæмæн фагæ кæнуй».

– Гъенур е, мæгурæг, тæрегъæд нæй?!. Гъæйдæ уотæ бакæнæн, æма сæ пенси 8-12 мини кæмæн æй, етæ ин фæййагъаз кæнæнтæ. Кæдимайди ба фæййервæзидæ. Мæнæ æцæгæй гъæуагæ ка ’й, етæ ба бабухсдзæнæнцæ – нуриккон хецаудзийнадæ сæ æгæрдæр ма исахур кодта бухсунбæл.

 

Светланæ БЕССАРАБ, Паддзахадон Думи депутат: «Нуриккон Уæрæсей сагъæссагдæр фарстатæй еу æй уарзондзийнадæ. Мах гъæуй нæхе бауарзун. Мах хъæбæр мæнгæгъудигæнагæ адæмихатт ан, кæци уарзуй фæццалх ун хе рабарæ-бабарити, зæгъун æнгъезуй, хекъахæнти… Æма  уотемæй еудадзуг гъенцъун кæнæн…»

– Ка, фал нæ депутаттæ æма хецаудзийнади бæрзонд бунæтти бадæг чиновниктæ ба сæ фуруарзондзийнадæй æгæрдæр ма æфсес æнцæ. Растдæр зæгъгæй – хеуарзондзийнадæй. Æркæсайтæ сæмæ – цæхуæн уæларвон æнцæ сæ мулкитæ, адæмæн хуæздæр цардиуагæ аразуни туххæй син ци равгитæ лæвæрд цæуй, уонæй дæр пайда кæнунцæ сæхе хуарзæн, уой фæрци гъæздугæй-гъæздугдæр кæнунæн. Сæ гъенцъун ба кæд естæй фæдбæл æй, уæд кæцæй ма ци ратонон, зæгъгæ, айдагъдæр уобæл.

 

Сергей ГЛУШКО (Тарзан), бодибилдер, гъома, нури гириззаг «аййевæдти» архайæг: «Сæ пенситæ нури уæнгæ куд истонцæ, уотæ сæ нерæнгæ дæр ка есуй, еци нанатæ æма бабатæй уæлдай махмæ ба, артисттæмæ, къапекк дæр не ’фтуйуй…»

– Кæд дæ еци нанатæ æма бабати хузæн пенси есун фæндуй, уæд телеуинунади дæ маймулий миутæ кæнун ниууадзæ, ести пайда ди кæми уа, уæхæн кустади косунмæ бацо æма си дæ къохвæллойнæй бакосæ пенси. Фал кунæг!.. Дæ хъахбайдзийнæдтæй гъæздугути рæвдаугæй цæйбæрцæ æхцатæ бакосдзæнæ, уойбæрцæ хумæтæг пенсиесгутæ сæ фуни дæр  нæ фæууиндзæнæнцæ…