ДÆ ЦЪУХБÆЛ КУ НÆ ХУÆЦАЙ…
Еу гъæуи цæргутæ, дан, аллихузон дæвдтитæ сæмæ æгæр ке исахид æнцæ, уомæ гæсгæ сæрмагондæй хъалагъуртæ байхуæрстонцæ… Фал сæмæ уæддæр дæвдтити хабæрттæ нæ фæмминкъийдæр æнцæ.
Уæд бабæй син еу æхсæвæ сæ фонс радавтонцæ, æма гъæубæстæ æмвæдес фæцæнцæ. Давгути æд фонс кæмидæр будури æрахæстонцæ. Æма давгутæ ба разиндтæнцæ хъалагъуртæ сæхуæдтæ…
Уæд еу зæронд лæг обауи сæрмæ исхизтæй æма уордигæй дзоруй:
– Хуарз адæм, байгъосайтæ мæмæ!..
Адæм фæгъгъос æнцæ æма уæд зæронд лæг загъта:
– Цæй, нæ хъалагъуртæн хъалагъуртæ байхуæрсæн!..
Уотæ уæмæ нæ кæсуй, æма еци гъæубæсти уавæри æй абони нæ бæстæ дæр. Паддзахадон есбонадæ хæлæттаг кæнуни æма æндæр уæхæн фудракæндти нихмæ ка гъæуама тох кæна, уæхæн ведомствитæ нæмæ æгæр берæ дæр ма ес. Фал уæддæр еци фудракæндти бæрцæ минкъийдæр нæ кæнунцæ, фал анзæй-анзмæ ирæзунцæ. Фал фулдæр хæттити фудгин разиннунцæ… еци фудракæндти нихмæ ка гъæуама тох кæна, етæ сæхуæдтæ. Уой дæр тæккæ барæуадзæдæр бунæтти бадæг «тохгæнгутæ». Дæнцитæ?.. Цийфæнди газеттæмæ дæр æркæсетæ, æма си иссердзинайтæ уæхæн хабæрттæ. – Цæйбæрцæдæр уæ гъæуæд!..
Александр ХИНШТЕЙН, Паддзахадон Думи депутат: «Гъулæггагæн, мах дес дæр нæбал кæнæн нæдæр гæртанти бæрцитæбæл, нæдæр ба гæртанесгутæ хецаудзийнади цæйбæрцæбæл бæрзондбадгутæ ’нцæ, уобæл дæр – сæ зудæвналæг къохтæй æрахæссунцæ министрти дæр, губернаторти дæр, инæларти дæр…»
– Цæбæл дестæ кæнæн? Еци «дессæгтæ æма тæмæстæ» иссæнцæ нæ цардиуаги аллибониккон бæрæггæнæн. Уотæ дæр æнгъæлун æнгъезуй, æма хецаудзийнади бæрнон бунæттæмæ фулдæретæ тундзунцæ, цæмæй син мулкитæ бамбурдтæ кæнунæн агъазиаудæр равгитæ уа. Уæрæсей генпрокуратури нимадмæ гæсгæ, аци анзи æртæ мæйемæ нæ бæсти коррупцион фудракæндти бæрцæ фари еци рæстæги хæццæ рабаргæй, исирæзтæй 18,7% (10 минемæй 11,9 миней уæнгæ). Еци фудракæндтæй сæ рæстæмбес æнцæ – гæртантæ.
Мишель де МОНТЕНЬ (1533-1592), французаг философ: «Цæрæгойтæмæ ес еу бафæнзуйнаг менеуæг. Зæгъæн, домбай, æндæр домбайæй тæрсгæй, æ цагъар некæд исуодзæнæй, бæх ба – æндæр бæхи цагъар…»
– Мадта уæд адæймаг уоййасæбæл æгъатир цæмæн æй, æма æхе хузæн исфæлдесонди цæмæн исцагъайраг кæнуй, цæмæн æй гъезæмарæ кæнуй?!
Еци æверхъаудзийнадæ хумæтæг адæймаг нæ абони цардиуаги æхебæл æвзаруй. Æ цагъайраг хъиамæтæн ин хузæнон мизд нæ федунцæ, паддзахади сæрбæлтау ка фæхъхъазауат кодта, уой туххæй нæдæр аккаг пенси ес, нур ба ма ин пенсий рацæуни афонæ фæффæстæдæр кодтонцæ… Уæхæн æвдесæнтæ æгæр берæ дæр ма ‘нцæ…
Дмитрий БЫКОВ, финсæг æма публицист: «Уæрæсей æгæр дæр ма иссæй уæхæн адæймæгути бæрцæ, кæцитæ арæхсунцæ айдагъдæр хъор кæнунмæ, æма син ци кæнгæй, е бустæги æнæлæдæрд æй…»
Е дæр дин нæ абониккон цардиуаги еума зæрдæмæгургæнæн фæззинд. Ести гъæугæ бæлвурд кусти ка нæ арæхсуй æма хуæрзгæнæг кæмæн фæууй, е уайтæккæ равзуруй «разамунддæттæг» бунати. Уæхæн фæтки фæстеугутæ уинетæ: уæхæн бунæттæ ахæсгутæ нæмæ, æцæгæйдæр, уоййасæбæл æгæр исберæ ‘нцæ, æма дæ ходæ уотид ку фехсай, уæд уæхæн бунат ахæсгутæй уæддæр еуей раргъæвдзæнæ, фал багъæуаги ба си лæгигъæдæ равдесунмæ ефстæгтæй уæлдай неке исарæхсдзæнæй… Ци син кæнгæ ’й? Сæ бунæттæй соргæ, уæддæр си ести пайда кæми уа, уæхæн рауæнтæмæ!..