06 октября 2024

ДÆ ЦЪУХБÆЛ КУ НÆ ХУÆЦАЙ…

29.10.2022 | 14:36

Советон цардарæзти тæккæ райдайæни еу гъæдгæройнаг бонгин бийнонти кæстæртæ се ’мгæртти фæнзгæй фæскомцæдесонтæ ку иссæнцæ, уæд сæ фидæ æ мулкитæ – сугъзæринттæ паддзахадæн балæвар кæнунбæл син ке нæ арази кодта, уомæ гæсгæ ибæл, кумæ гъудæй, уордæмæ багъаст кодтонцæ. Уайтæккæ сæ хæдзари исмедæг æнцæ деголæгæнгутæ, фал ку неци иссирдтонцæ хæдзари хецаумæ, уæд имæ баурдуг æнцæ: дæ сугъзæринттæ кæми баримахстай, уой зæгъæ!.. Æ фурттæ дæр имæ, паддзахадæ исмæгур æй æма сæ уомæн радтæ, зæгъгæ, ниллæудтæнцæ, уæд фидæ рамæстгун æй æма нийнæфтæй: «Æз сæ сумахæн æмбурд кодтон, æма, кæд сумах нæ гъæунцæ, уæд мæн дæр нецæмæн гъæунцæ. Сумах ке нæ зонетæ, уæхæнттæ дæр ма мæмæ хецæнæй тугури ес æма уони дæр рахæссетæ!

* * *

Æруагæс уи кæнуй æви нæ, фал уæди фæсевæд, уæлдайдæр ба фæскомцæдесонтæ уоййасæбæл рæстзæрдæ адтæнцæ, æма, нæуæг цардарæзти гъуддæгути бацæугæй, рæстуодæй си архайдтонцæ, уой сæрбæлтау ма нивонд кодтонцæ сæ бийнонти – хе хъиамæттæй бакуст! – есбонадæ.

Мадта Советон Цæдеси фехæлди фæсте «нæуæг цардарæзти» фæрци еугурадæмон гъæздугдзийнæдтæбæл æдзæсгонæй фæххæлæф кæнгæй, ка рабонгин æй, уони цæуæт дæр сæ фидтæлти мулкитæбæл нæ ауæрдунцæ – кæми сæ сæ зæрдидзæбæхæн парахаттæй харз кæнунцæ, кæми ба сæ фæсарæнтæмæ – уой дæр, Уæрæсей нихмæ комкоммæ ка ’й, еци паддзахæдтæмæ дæр!.. – тиллеф кæнунцæ. Сæ дзубандитæмæ гæсгæ ба уонæй патриотдæр Уæрæсей неке æй…

 

Николай НЕКРАСОВ (1821-1877), поэт: «Фудзæрдæ хæссунæй ка бафæллайа, еци зæрдæ уарзунбæл некæд исахур уодзæнæй…»

* * *

Фудзæрдæ нæмæ ка дардта, уонæмæ еци зæрдихаттæй кæсуни бæсти аллихузон уарзундзийнæдтæй æгæр ке табедзæ кодтан, нæ еци зæрдхæлардзийнадæ нин нæ фæрстæй фæцæй. Æзинæ нæмæ уотид искъес-къос кæнун дæр ка не ’ндиудта, етæ нæбæл нур ба кедæр ардудæй сæ рæйунæй не ’нцайунцæ. Баруагæс уи уæд, хъæбæр рæхги ибæл хъæбæр æрфæсмон кæндзæнæнцæ…

 

Наполеон БОНАПАРТ (1769-1821), французаг император: «Райгурæн бæстæ уарзун æй цивилизацигонд адæймаги фиццагидæр хуæрзменеуæг…»

* * *

Мæнæ нур уæрæсейæгтæй фæсарæнтæмæ ка фæлледзæги æй, етæ уомæй басастæнцæ сæ райгурæн бæстæ ке нæ уарзунцæ, уобæл. Уомæ гæсгæ ба, цивилизацийæй сæ æрдзон исконди неци ес. Мадта сæ ци исхонæн ес? Æвæдзи – нецитæ æма некетæ!..

 

Антон МАКАРЕНКО (1888-1939), номдзуд педагог: «Еунæг гъуддагæн дæр нæййес хуарз исаразæн, циуавæр æнтæстдзийнадæмæ исхезуни фæдбæл æй, уой нæ зонгæй…»

* * *

Махмæ дæр кæдæй ардæмæ циуавæр реформитæ арæзт ба не ’рцудæй æма ма нерæнгæ дæр цæуй. Сæ ракъахгутæ нин берæ хуæрзтæй зæрдитæ бæргæ февæрунцæ, фал, куд рабæрæг уй, уотемæй сæ хъæппæрестæ сæхуæдтæ дæр æнхæст нæ фæллæдæрунцæ… Еци азуймæгтæбæл сæ æнæзунд миути фудæй сæхебæл неци ’рцæуй, еугур зæрантæ махбæл, хумæтæг адæмбæл ранцайунцæ…