«ДАВУЙ ИЗОЛМÆ Æ СОНТ СÆР ЕУНÆГДЗИЙНАДÆЙ И СИРД ДÆР…»
ИСАТИ Мæхæмæт айдагъ наукон æма æхсæнадон архайдæй нæ фескъуæлхтæй, фал ма имæ адтæй литературон искурдиадæ дæр: финста аллихузон аййевадон уадзимистæ. Уой хæццæ ба ма дигорон æвзагмæ тæлмац кодта зундгонд финсгути уадзимистæ дæр. Зæгъæн, æ фæрци дигоронау «исдзурдта» Владимир Маяковский æ зундгонд æмдзæвгæ «Ци ’й лæгъуз æма ци ’й хуарз?»-æй. Абони уой дæр мухур кæнæн Исай-фуртæн æхе финст æмдзæвгити хæццæ.
Мадæмæ
Зæрди ку ’рбафтуис, мæ мадæ…
Цæстити размæ æвеппайди
Хорау ку ’рбастуй дæ сорæт,
Нæбал рауинун уæд рæстæгмæ
Мæхе, гъæунгтæ ма хæдзæрттæ,
Адæми ма егъау горæт.
И сау цæститæ сæ ирд касти
Ку фæккæнунцæ дæу мæнгуиндæ
Идзулд, æнкъардæй, е кæугæй…
Зæрдæ байгъæлдзæг уй де ’дзулдмæ,
Æхе æрбалвасуй де ’нкъардмæ,
Кенæ байзайун сах лæугæй…
«Æмбаргæ уо, мæ хор, мæ радæ!
Ма уо де ’нгæртти ’хсæн æгадæ!»
Райгъосун дин æдзох дæ дзурд.
Фæззæгъун мæ дзуаппи
Некæд байзайуй нæ гъуддаги
Фæстаг, æгадæй дæ фурт!
Ленинград, 1947 анз.
* * *
Мæ райгурæн, дæуæй
Имистон, цит, мæ зарти
Дæ цитгин ном фæрнæй.
Надтæ некæд иронхи
Дæ ном кодтон кадгин.
Адтæй дæ куст, дæ тонхи,
Де ’гъæлдзæгæй хайгин.
«Ирон фæндур» æрбайсгæй
Цагъта тæмæс Къоста.
Геуæрги æ бæрнæхстæй
«Ирæфи» зар кодта.
Етæ некæд иронхи
Нæ уагътонцæ, нæ, дæу.
Адтæн дæ куст, дæ тонхи,
Номдзуд Дзæуæгигъæу!
Ленинград – Лескен, 1947 анз
Еунæг
Давуй изолмæ æ сонт сæр
Еунæгдзийнадæй и сирд дæр.
Хонхæй рансонуй, цит, æхе,
Байзайгæй æнæ ’къай, сикъе.
Ледзгæй цæугæдон еунæгæй,
Ниууадзуй хуртæ бæгънæгæй.
Бæрзонд къæдзæхбæл и мæсуг,
Калуй æ реубæл цæстисуг,
Зæрдæ ку ’сунгæг уй хатгай,
Неке разæгъуй:
– «Ци кодтай?»
Еунæг æноси мæгурæй,
Мæгур алкæддæр,
еунæг æй…
Ленинград, 1948 анз.
* * *
Тæходуйтæ, зæрди хурфæ,
Уинун фæтгæ ку фæцайдæ!
Уæд абони мæн финсунтæ
Турхъæ-мурхъæй нæ гъудайдæ,
Нæ гъудайдæ
Дзурдæвзарæ –
Æнарæхсгæ куст равзарæ –
Зæрди хурфæн æ хузист
Æрцæйцудайдæ æрвист!
* * *
Æфсад æзнагмæ ку æмпурса,
Фæууй нифсхаст æма гъæддух.
Æрмæст фесафгæй æ туруса,
Никкæндзæнæй æзнаг уой пурх.
Уоййау лæг дæр æ царди бонти
Не ’ронх кæнуй некæд бунтон
Е ’гъдау, фæллæнттæ, фудæбæнттæ,
Кæцитæ ’нцæ уомæн æ ном.
Æмбалмæ
Кæд нæй не ’стæг æрвадæ,
Кæд нæй нæ тог æмхуз,
Еуæй магъзæн – æ адæ,
Æмхуз зæрдæн е ’схуст.
Ленинград, 1948 анз.
* * *
Нурданти ма и дуйнебæл,
Уæхæн фæтгæ ку фæцайдæ:
Зæрди фæндон æнæдзебæл
Æ нисанмæ ку тахтайдæ!
Ку тахтайдæ!
Тæхгæ маргъау!
Уæд абони мæ даргъ аргъау,
Фæрресунгæнгæй мæ сæр,
Нæ багъудайдæ мæн дæр.
* * *
Зæрди фæндон, сæри гъуди
Æрвистай нæ уæ дæ размæ,
Цубур рæстæгмæ – се ’мгъуди –
Нихъхъæрдтайонцæ Кавказмæ,
Нæ Кавказмæ!
Мæ тæлæнтæ!
Кезугай дин мæ хабæрттæ
Кодтайонцæ, о, ме ’мбал,
Дæтгæй мæнæй мæ салан…
Владимир Маяковский
Ци ’й лæгъуз æма ци ’й хуарз?
Минкъий биццеу
æ бабай
ку рафæрсуй
карз:
– Æргомæй мин,
цæй, зæгъай,
ци ’й
лæгъуз
æма ци ’й
хуарз.
Римæхстæй си
неци ес,
нæ цъигъинтæ
цæй, игъосгæ
мæ дзуапмæ
цæмæдес,
нихъхъел кæнетæ
уæ гъостæ.
– Хæдзари сæр
ку истонуй
бурдæн дунгæ,
и мургъуз,
уæхæн рæстæг
ка нæ хонуй
тезгъо кæнунмæ
лæгъуз?
И уарун
нур
фæссабур æй,
ракастæй хор
карз
зæгъдзинан мах
хуæд цубурæй –
«нæ рæстæг
æй хуарз».
Еу биццеуæн
æ цæсгон
ку уа
лæкъæрдæй
хуæрз игъæнст,
исхонун
æй уой
мæ бон
æцæгдæр
лæгъуз
æрмæст.
Ку уарза
биццеу
сапойнæ,
дæндæгутæ
ку æхсна,
хуарз номæй
ду уой
исхонæ –
уæхæн биццеу
æй хæзна…
Хиликъун биццеу
кæстæрти
Ку æфхуæра
æгæрон,
рахездзинан
мах
æ сæрти –
нецæмæн гъæуй
æ ном!
Аци биццеу ба
кæстæртæн
ниллæууй
алкæд
сæ фарс –
аргъ кæнунмæ
ку æрхъæрдтæн,
исхондзинан уæд
уой
хуарз!
Дæ гъазæнтæ,
дæ киунугæ
ку кæнай
алкæд
къуæхтæ,
ма дин уæд,
биццеу,
фургъигæ –
неке дин зæгъдзæй
«хуарз дæ».
Косун берæ
ку уарза
сæ хæдзари æнæзеу,
киунугутæ ка кæса,
фæххонунцæ ’й
хуарз биццеу.
Æ валинкитæ,
къалостæ
ка кæдзос кæнуй
алкæд,
некæд равдесгæй
æ бостæ,
рауайдзæй
уомæй
хуарз лæг.
Баууæндæ
ду
мæнбæл:
хъибилау
цъидих
ку уа,
æнæгъдау
æма
дæнгæл,
рауайдзæнæй
си тускъа.
И биццеу нæй
нур
мургъуз.
Ци нæ кæнуй
карз –
базудта, ци ’й
лæгъуз,
базудта, ци ’й
хуарз.