21 декабря 2024

ФӔЦЦАРДӔЙ ӔЦӔГ ИРОН ЛӔГӔЙ ЗӔНХӔБӔЛ…

30.09.2021 | 16:22

Намус, фарнӕ ӕма лӕгигъӕдӕ… Аци ӕртӕ хуарзӕнхемӕн ӕ зӕрди арфи тӕккӕ федауцӕдӕр бунат кӕмӕн адтӕй, ӕ зунди ӕма исфӕлдистадон искурдиади фӕрци си дзилли дӕр рӕдауӕй ка хайгин кодта, еци разагъди актертӕй еу адтӕй Республикӕ Цӕгат Иристон-Аланий адӕмон артист Дзтиати Тепсарихъой фурт Лактемур. Ездондзийнадӕй, ирон ӕгъдау раттунӕй некӕмӕй дӕлдӕр лӕудтӕй. Мадта ӕ исфӕлдистадон искурдиадӕ цӕйбӕрцӕбӕл агъазиау адтӕй, е ба ирдӕй-ирддӕрӕй рабӕрӕг уидӕ,  Тӕбӕхсӕути Балой номбӕл Ирон театри сценӕбӕл аллихузон спектаклти архайгӕй, ӕма си дзилли зӕрдитӕ ахедгӕй, фидтӕлтиккон зар цӕйбӕрцӕбӕл ӕгӕрон уарзтӕй уарзта, уой ба ӕргом кодта Паддзахадон филармоний зартӕгӕнгути къуари… Берӕ, ӕгӕрон берӕ гъуддӕгути ӕвдиста арфиаг лӕгдзийнӕдтӕ. Ӕма нӕ дзиллӕ дӕр ӕгӕрон уарзтӕй нимадтонцӕ, зӕрдтагон син адтӕй куд артист дӕр ӕма уотид адӕймаг дӕр… Уомӕ гӕсгӕ ба нин хъӕбӕр зин ӕй, не ’хсӕн нӕбал ӕй, зӕгъгӕ, зӕгъун. Уоййасӕбӕл зинӕй ӕй имисӕн абони дӕр – 1 октябри ибӕл гъӕуама исӕнхӕст адтайдӕ дӕс ӕма ӕртинсӕй анзи (1951-2019). Ци гӕнӕн ес, ци нӕ бон ӕй карни ӕверхъаудзийнӕдти нихмӕ – айдагъдӕр зӕрдхъурмӕй зӕгъун: «Рохсаг уо… Нӕ Исфӕлдесӕг дин рохс дзенети уодӕнцойнӕдӕр бунат исаккаг кӕнӕд…»

 

ГАСАНТИ Валерӕ

Дзтиати Лактемурӕн аййевадон исфӕлдистадӕмӕ тулавастдзийнадӕ рабӕрӕг ӕй, сауӕнгӕ ма ӕ райгурӕн гъӕу Ставд-Дорти астӕуккаг скъолай ку ахур кодта, раст гъе уӕд. Уой туххӕй Лактемури ахургӕнӕг, фӕллойни ветеран Бӕзити-Бекъурти Нинӕ ӕ имисуйнӕгти уотӕ финсуй: «Уотӕ рауадӕй, ӕма 1966 анзи ахургӕнӕгӕй косун райдӕдтон Горӕтгӕрон райони Курттати гъӕуи астанзон скъолай. Лактемури ӕма ӕ бийнонти дӕр еци рӕстӕг базудтон. Сӕ фидӕ раги рамардӕй. Мадӕ Нинӕ ӕ цӕуӕти – еу биццеу ӕма ӕртӕ кизги – исгъомбӕл кодта, ӕхуӕдӕг рӕстаг зундбӕл, ӕгъдаубӕл, ӕфсармӕбӕл куд хуӕст адтӕй, уотӕ.

Лактемур скъолай адтӕй хуӕрзарӕхст кафунмӕ, зарунмӕ, ӕмдзӕвгитӕ аййев кӕсунмӕ, далафӕндурӕй цӕгъдунмӕ, хузӕ кӕнунмӕ. Е ‘гъдау ӕма хуарз ахурӕй уӕлдай бӕрӕг дардта е ‘мгӕртти ‘хсӕн. Архайдта скъолай драмон къуари дӕр. Уоми скъоладзаути хӕццӕ ци сценкитӕ ӕвардтон, уонӕй еу адтӕй Илас Ӕрнигони уадзимис «Уайсадӕг чындз». Лактемур си гъазта зӕронд лӕги роли. Райони драмон къуӕртти ӕркасти ин ӕ арӕхстдзийнадӕн искодтонцӕ хуарз аргъ. Ӕз сӕрустур дӕн, Лактемур мӕ ахургӕнуйнаг ке адтӕй, ӕ аййевадӕй ирон адӕмӕн зӕрдиаг лӕггадӕ ке кодта, уомӕй…»

Скъола каст фӕууни фӕсте Лактемур ахур кӕнунмӕ бацудӕй Цӕгат Иристони паддзахадон университети филологон факультети ирон-уруссаг хайадӕмӕ. Ами ӕ ахур хуарз цудӕй. Мадта имӕ хузӕ кӕнунмӕ, аййевадӕмӕ ци уарзт адтӕй, е дӕр уайтӕккидӕр рабӕрӕг ӕй. Ӕма ‘й ахургӕнгутӕ ӕма е ‘мбӕлттӕ уӕлдай уарзт кодтонцӕ. Цӕйбӕрцӕдӕр рӕстӕги фӕсте филологон факультети ӕ ахур ниууагъта ӕма бацудӕй Мӕскуй Щукини номбӕл театралон институтмӕ. Аци номдзуд театралон аййевади курдадзи Лактемурӕн ӕ ахургӕнгутӕ адтӕнцӕ ӕнӕгъӕнӕ бӕстӕбӕл игъустгонд зундгонд актертӕ, ӕма етӕ дӕр ин ӕ искурдиадӕ ӕнӕрӕстӕфгӕ нӕ фӕцӕнцӕ,  сӕ зонундзийнӕдтӕй ӕй рӕдауӕй хайгин кодтонцӕ.

ДЗТИАТИ Лактемур æма Векиль-Ахмед АХАДИ (кинонивæ «Голос матери», 2010 анз).

Лактемур 1980 анзи исӕздахтӕй Цӕгат Иристонмӕ. Ӕма уӕдӕй ӕ царди фӕстаг бонтӕмӕ зӕрдиагӕй фӕллӕггадӕ кодта нӕ адӕмӕн. Бакасти куд    хуӕрзконд ӕма аййев адтӕй, уотӕ федауцӕ адтӕй е сценикон искурдиадӕ дӕр. Ӕмхузон хуарз арӕхстӕй комедий, драми, трагедий гъазунмӕ.

Еу ӕма дууӕ хатти нӕ рахизтӕй Лактемур ӕ уарзон театри сценӕмӕ. Ӕма си ци фӕлгонцтӕ исаразта, етӕ еугъӕдон, еударон нӕ адтӕнцӕ, алкӕцидӕр си рауайидӕ ирд ӕ хецӕнхузӕй. Мадта ирон лӕги фӕлгонци ба уӕлдай нӕртон адтӕй.

Исфӕлдистадон ӕгъдауӕй искурдиадӕгин унӕй уӕлдай ма Лактемур уодикондӕй дӕр дессаги федауцӕ адтӕй, ӕцӕг ирондзийнади менеугутӕй федудта дзилли ӕхсӕн. Уой туххӕй Ирон театри актерти кӕстӕр фӕлтӕри минӕвар, Республикӕ Цӕгат Иристон-Аланий ӕскъуӕлхт артист Дзанайти Эльбрус уотӕ зӕгъуй:

– Лактемур адтӕй, фиццагидӕр, ирон лӕг. Е ‘гъдауӕй, ӕ дзурдӕй, ӕ цӕстингасӕй цардмӕ ӕма ма берӕ ӕндӕр менеугутӕй е бӕлвурд бӕрӕг адтӕй. Ӕ алливарс ка адтӕй, еци исфӕлдистадон косгутӕмӕ дӕр уӕхӕн цӕстӕй кастӕй. Нӕ бухстӕй ӕма нӕ хатир кодта фӕливд миуӕ, ӕ дзурд адтӕй ӕргом ӕма бӕлвурд. Фӕууй уӕхӕн аййевадон косгутӕ, сӕ уодигъӕдӕй сценӕбӕл зӕрдӕмӕдзӕугӕ фӕуунцӕ, царди ба адӕми ‘хсӕн ӕндӕр хузи сӕхе фӕддарунцӕ. Лактемур уӕхӕн нӕ адтӕй. Аййевади куд зӕрдиагӕй архайдта, уотӕ царди дӕр адтӕй парахат ӕма рӕсугъд зӕрди хецау. Ескӕмӕн фӕййагъаз кӕнун ку гъудайдӕ театри кенӕ ӕнӕуой, уӕд Лактемур дӕ фарсмӕ ма ӕрбалӕууа, кӕми гъуддагӕй, кӕми фӕлмӕн цӕстуарзон амундӕй, уотӕ некӕд адтӕй… Нур не ‘хсӕн ке нӕбал ӕй, е нин хъӕбӕр зин ӕй. Фал ӕ фӕсте адӕми зӕрдити ци рохс ниууагъта, уомӕй ӕ рохс ном уодзӕнӕй имисуйнаг кӕддӕриддӕр…

Куд искурдиадӕгин артист, уотӕ Лактемур зингӕ фӕд ниууагъта Иристони ӕма нӕ бӕсти киноаййевади дӕр. Рагъазта дӕс кинонивемӕй фулдӕреми: «Пираты XX века», «Загадка кубачинского браслета», «Буйный Терек», «Мужское самолюбие», «Одиннадцать писем к Богу», «И оглянулся путник», «Крутизна», «Убойная сила-3», «Хрусталев, машину!», «Голос матери», «Август.  Восьмого», «Волшебная папаха»…

Театр ӕма кино. Аййевади еци хузтӕмӕ ма бафтауӕн гъӕуй уой дӕр, ӕма цӕйбӕрцӕбӕл ӕгӕрон уарзтӕй ӕновуд адтӕй ирон зарбӕл ӕма поэзибӕл дӕр. Лактемури реуи ци рӕдау зӕрдӕ адтӕй, е  кӕрӕй-кӕронмӕ ӕмидзаг адтӕй рӕсугъд  алливӕрсуг искурдиӕттӕй. Мадта нӕ национ зарӕн ци аргъ кодта, е бӕрӕг адтӕй, ӕ цардӕмбал Республикӕ Цӕгат Иристон-Аланий ӕскъуӕлхт артисткӕ Зӕнгиати Рити  ӕма Цӕгат Иристони паддзахадон филармоний зартӕгӕнгути къуари хӕццӕ ин ци берӕ вокалон композицитӕ финст ӕрцудӕй, уонӕй. Театралон аййевади ӕма ирон зари рохс Лактемур хаста бӕрзонд. Ӕ аййев гъӕлӕси фӕрци Иристони, Мӕскуй, Петербурги, фӕсарӕнти аййевадӕуарзгутӕ банкъардтонцӕ ирон фидтӕлтиккон ӕма лирикон зарти рӕсугъддзийнадӕ.

Дуйне Исфӕлдесӕгӕй Лактемурӕн ци искурдиадӕ лӕвӕрд адтӕй, уомӕй фӕххайгин ӕнцӕ ӕ дууӕ кизги дӕр. Хестӕр – Фатимӕ ӕй дӕсни фӕндурдзӕгъдӕг, берӕ ӕнзти косуй Хуӕнхон паддзахадон аграрон университети адӕмон кафти ансамбль «Хохаг»-и концертмейстерӕй. Кӕстӕр – Алинӕ каст фӕцӕй Цӕгат Иристони паддзахадон университети аййевӕдти факультет. Куста Мӕскуй Уӕрӕсей Федераций адӕмон артист Владимир Винокури эстрадон пародий театри. Нур ба ’й Уӕрӕсей театралон академий студенткӕ. Мадта Лактемури бийнойнаг Ритӕ ӕ фӕндури аййев зӕлтӕй Ирон театри сценӕбӕл цал ӕма цал спектакли ӕма аййевадон изӕри исаййев кӕнуй!.. Аййевӕдти училищей исахур кӕнуни фӕсте куста сӕ райгурӕн гъӕу Ставд-Дорти. Разамунд лӕвардта фӕсевӕдон ӕма каргун адӕм кӕми зардтонцӕ, уӕхӕн къуӕрттӕн. Адӕмон исфӕлдистади республикон конкурстӕй беретӕй Ритӕ ӕма ӕ вокалисттӕ Ставд-Дорти гъӕумӕ ӕриздӕхиуонцӕ уӕлахезонтӕй.

Зундгонд артист, зӕрдхӕлар адӕймаг, ӕцӕг ирон лӕг Дзтиати Лактемур ма хайгин адтӕй литературон искурдиадӕй дӕр. Финста ӕмдзӕвгитӕ. Уонӕй хецӕн циклтӕ мухургонд ӕрцӕуиуонцӕ нӕ республики мухури фӕрӕзнити дӕр. Е ‘мдзӕвгитӕй нӕ композитортӕ зартӕ кӕбӕл ниффинстонцӕ, уонӕй абони еу  мухур кӕнӕн:

ДЖЫБЫЛАТЫ ЗАУЫРБЕДЖЫ ЗАРӔГ

Ӕмгаруарзаг Джыбылаты Зауырбег,

Йӕ куысты – арт, йӕ фезмӕлды – цӕхӕр,

Дзырдта ӕдзух йӕ кӕстӕрӕй Хасанбег,

Нӕ сӕрвӕлтау ӕрхаста уый йӕ сӕр.

Беслӕны сау мылазон азты цаутӕ,

Хъыгагӕн, Ирыл абон дӕр тыхсынц,

Ныр уал азы нӕма систой сӕ саутӕ

Ӕмӕ та ног сӕ кӕстӕртыл кӕуынц…

Дӕ уарзон дӕр куы баззади куырдуаты,

Дӕ сидзӕргӕс мад иунӕгӕй, мӕ бон!

Дӕ номыл чындз ныр нал лӕудзӕн дӕ уаты,

Дӕ фӕлмӕн уат дын бафснайдтой бӕстон.

Хуыцау йӕ зонӕг, цас фервӕзт бӕллӕхӕй

Дӕ фӕрцы абон сау мӕлӕтӕй, охх!

Зауырбег, абон уадзыс Ир дзӕбӕхӕй,

Лӕгсырдты ныхмӕ уыд, бецау, дӕ тох.

Бӕргӕ ӕрттивид уыцы стъалы абон

Дӕ фӕтӕн риуыл, О, Хуыцау, бӕргӕ,

Фӕлӕ ӕнусмӕ баззади сырх базыл,

Ӕппӕт Ирыстон баззадис кӕугӕ.

Фӕлӕ йӕ зон, хъӕбатыртӕ нӕ мӕлынц,

Сымахӕн никуы, никуы ис мӕлӕт.

Ӕнустӕм дӕр нӕ зӕрдӕтыл лӕудзыстут,

Цӕрӕд уӕ рухс ном, зарӕджы нӕрӕд!

18.11.2012.