«ФÆНДАДТÆЙ МÆ ЕУГУРЕМÆН ДÆР ФÆЙЙАГЪАЗ КÆНУН…»
Дзубанди дæр ибæл нæййес, Всеволод Миллер Иристонæн цæйбæрцæбæл берæ хуæрзти бацудæй, уобæл. Æма уомæ гæсгæ нæмæ бæрзонд цитгингонд æй, зæгъæн, Дзæуæгигъæуи бæрæгастæу гъæунгтæй еуемæн æ рæстæги лæвæрд æрцудæй æ ном. Æцæг аци номдзуд ахургонди кой кæнгæй, куд не ’римисæн æ наукон-æртасæн хъазауатон кусти ин æновудæй ка агъаз кодта, уони рохс нæмттæ дæр. Уонæй еу адтæй ТУККАТИ Алексейи фурт Солæман (хеуæнттæ ’й худтонцæ Габуди, æма ’й адæм дæр фулдæр еци номæй зудтонцæ). Абони уой кой сæрмагондæй уомæ гæсгæ кæнæн, æма ин е ’рдзон искурдиадæ хъæбæр лæмбунæг æрæстæфтæй æма ’й æ карнæ уой фæрци аразунмæ фæрразæнгард кодта Всеволод Миллер, не ’мзæнхонæн æ цубур царди бонтæ дæр е исрохс кодта.
Уой фæдбæл æй нæ зундгонд ахургонд Гуриати Тамерлани дзубанди дæр – е кæддæр ци æрмæг бацæттæ кодта, уой кæсетæ идарддæр.
ЦРДИ АМОНДБÆЛ АРХАЙГÆЙ ÆХУÆДÆГ БА СИ ФЕНÆХАЙ ÆЙ…
Туккати Солæман (хæдзари номæй Габуди) Алексейи фурт райгурдæй 1857 анзи 16 декабри Киристонгъæуи. Кæд æ мадæ æма æ фидæ хумæтæги гъæуккаг цæргутæ адтæнцæ, уæддæр сæ уодæй арт цагътонцæ, цæмæй сæ цæуæти ахури надбæл æрæвæронцæ. Хæдзари хецау дардта биндзитæ, æ бон куд адтæй, уотæ агъаз кодта æ цæуæтæн. (Биндздаруни гъуддагмæ фæстæдæр Габуди е ’ргом раздахта, уомæн æма æ сабийбонтæй фæстæмæ лæдæрдтæй уомæн æ пайда). Габуди каст фæцæй райдайæн скъола æма ’й идарддæр ахур кæнунмæ рарвистонцæ Дзæуæгигъæуи реалон скъоламæ. Уой каст ку фæцæй, уæдта рандæй Петербурги Гъæди институтмæ ахур кæнунмæ. Фал зæрдæргъæвд биццеуæн е ’нæнездзийнадæ фæккиудтæй æма ин уоми цæрæн нæбал адтæй. Раййивта Мæскуй гъæууонхæдзарадон æма гъæди академимæ. Е адтæй 1880 анзи. Фиццаг ахур кодта гъæдикустгæнæн хайади, уæдта ’й æхе курдиадæмæ гæсгæ раййивтонцæ гъæууон хæдзаради хайадæмæ. Академи каст фæцæй 1885 анзи æма идарддæр ба косун райдæдта æ дипломон кустбæл. Еци дзамани уæхæн фæткæ адтæй: теоретикон къурси фæсте студент гъæуама рандæ адтайдæ практикæмæ, æма æ зонундзийнæдтæй бæлвурд кусти пайда кæнгæй гъæуама финстайдæ дипломон куст.
Устур зиндзийнæдтæ бавзурста Габуди практики рæстæги. Æ нез дæр æй уæлæмæ искæсун нæбал уагъта, фал уæддæр æ гъуддаг кæронмæ рахъæртун кодта æма ин 1886 анзи равардтонцæ куст Мæскумæ хæстæг рауæни. Косгæ кодта инспекторæй. Минкъий фæстæдæр æй раййивтонцæ косунмæ Мæскумæ. Уæдмæ ибæл æ рæугути нез карздæр кодта, лæхъуæн ахидæй-ахиддæр сæйгитæ кодта. Æма æхе исдзæбæх кæнуни туххæй Габуди 1887 анзи иссудæй Кисловодскмæ. Ами дохтиртæ исбæрæг кодтонцæ, Габудий рæугутæ хъæбæр сахъат ке адтæнцæ, уой. Уой туххæй финста æхуæдæг дæр Всеволод Миллермæ. Дохтиртæ ин бæргæ дзурдтонцæ, денгизи билæмæ ескумæ фæццо, дæ нез хъæбæр тæссаг æй, зæгъгæ, фал уомæн ба устур æхцатæ гъудæй æма ин æхемæ фæккæсунæн фадуат нæбал адтæй. Уотемæй дæр еудадзуг хуæрдæгъæуагæ æййафта æма бустæги исæнæхъаурæ ’й. Æхуæдæг Всеволод Миллермæ куд финста, уотемæй æй думгæ æ еунæг уотид æрбадумдæй дæр рахъан кодтайдæ.
Габудий бæргæ фæндадтæй Дзæуæгигъæуи косун (уæддæр æ райгурæн бæстæ), фал æй æ разамунд цæмæдæр гæсгæ Армавирмæ рарвиста. Æма уобæл дæр цийнæ кодта: фадуат ин фæцæй сæхемæ ахиддæр цæун.
Еууæхæни Габуди гъуддаги фæдбæл балций рандæй, æхе нæ багъæуай кодта, исуазал æй, æма ’й рæугути нез уой фæсте нæбал исуагъта. Профессор Кокити Геуæрги сæрмагондæй æрдзубанди кодта Габудий цардвæндаг æма исфæлдистадæбæл. (Æ финститæй ин æз дæр испайда кодтон). Габуди уоййасæбæл ку æрсæйгæ ’й, уæд имæ æ хуæрæ Аннæ æма æ сиахс Уруймæгти Сандир рандæнцæ, уодæгасæй ма ’й сæхемæ бæргæ исластонцæ, фал… Нæ Иристони разагъди лæг 1890 анзи 29 мартъий æ уæлзæнхон цардæй рахецæн æй.
ИССÆЙ УСТУР АХУРГОНДÆН Æ ХУÆЗДÆР АГЪАЗГÆНГУТÆЙ ЕУ…
Рагон æгъдæуттæ æма таурæхътæ… Адæмæй еуæй-еу хатт феронх унцæ, абони бонмæ рагон таурæхътæ æма æгъдæуттæ ке фæрци æрхъæрдтæнцæ, ка сæ багъæуай кодта, ка сæ ниффинста, ка са рауагъта, уони нæмттæ. Аци гъуддаги архайдтонцæ ахургæндтæ дæр. Уонæй еуæй-еуетæ æнцойнæ кæнунцæ, зæгъæн, В.Миллери куститæбæл, фал Миллерæн æрмæг ка равардта, етæ ба иронхуати райзайунцæ, уомæ гæсгæ ба гъæуама еуетæн дæр æма иннетæн дæр аккаг бунат уа æма аккаг аргъгонд цæуа. Уой равдесуни туххæй æрхæсдзæнæн цалдæр дæнцæни.
…Бæхфæлдесæни æгъдау æма уой хæццæ баст кæндитæ недзаманти берæ адæмтæмæ адтæнцæ. Фал, еци рагон æгъдау нæ фидтæлтæ куд багъæуай кодтонцæ, уотæ ’й неке багъæуай кодта. Иннæ адæмтæ ’й æригъосгæй зудтонцæ, мах адæми царди ба хуæрзæрæги уæнгæ дæр ма адтæй æ тухи. Зингæ ахургонд профессор Виденгрен цæмæдесæй финста уой туххæй. Мадта дуйней тæккæ нимаддæр фольклористтæй еу, номдзуд французаг ахургонд Дюмезиль дæр æ наукон кустити еу æма дууæ хатти не ’спайда кодта рагон ирон бæхфæлдесæни æгъдауæй.
Ахургæндти хъæбæр устур деси бафтудта еу гъуддаг: куд багъæуай кодтонцæ ирон адæм бæхфæлдесæни фæткæ недзамантæй нурмæ? Раздæр куд загътон, уотемæй еци æгъдау индоевропаг æма æндæр адæмтæмæ дæр адтæй, фал æй етæ феронх кодтонцæ. Нæ рагон фидтæлтæ аци гъуддаги консервативондæр уомæн разиндтæнцæ, æма сæ царди зингæ фулдæр æууæлтæ байзадæнцæ, сауæнгæ скифти дзамани куд адтæнцæ, уотемæй. Нæ адæм сæ сæ цардиуаги фæлтæрæй-фæлтæрмæ гъæуай кодтонцæ, бундорон æййивддзийнæдтæ си нæ цудæй, уотемæй.
Всеволод Миллер финста, зæгъгæ, бæхфæлдесæни фæззелæнтæ æма ин уой бæлвурддзийнæдтæ радзурдта Туккати Солæман, зæгъгæ.
Ирон мифологий ахсгиаг бунат байахæста Руймони таурæхъ. Уой дæр мах абони бони зонæн Габудий фæрци. Зин зæгъæн æй, Габуди ку нæ ниффинстайдæ аци таурæхъ, уæд ма ’й еске гъуди кæнидæ æви нæ. Никкидæр ма еу фольклорон уадзимиси кой искæнæн. Е æй, Габуди ке ниффинста, еци рæсугъд таурæхъ – «Биндзитæ куд рантæстæнцæ Дигори».
В. Миллер лæмбунæгæй равдиста, нæ рагфидтæлтæ уæларвон дуйней арæзт куд лæдæрдтæнцæ, уой. Аци лæмбунæг æрмæг дæр исирæзтæй Туккати Габудий фæрци. Ниффинста фондз адæмон аргъауи, цуппар кадæнги, къуар таурæхъи, æндæр фольклорон æрмæг… Аци дæнцæнтæй бæрæг æй, номдзуд ахургондæн Габуди устур агъаз ке бакодта, е. Амондгун адтæй Габуди, В. Миллери хæццæ æ хъисмæт ке исбаста, уомæй. Амондгун адтæй В. Миллер дæр, Туккати Габудий хузæн агъазгæнæг ин ке адтæй.
Габуди ниммухур кодта къуар уадзимиси аллихузон фарстатæбæл. Уонæй еу адтæй, абони ахургæндтæ се ’ртасæн кусти кæмæй пайда кæнунцæ, еци историон-этнографион уадзимис.
Раздæр дзубанди рацудæй, Габудий фидæ муддар адтæй, зæгъгæ. Мадта Габуди æхуæдæг дæр муддаруни кустмæ æ гъос ке дардта, е æ финститæй бæрæг æй. Мах адæммæ цæрунæй-хуæрунмæ мудибиндзитæ даруни куст кадгин гъуддагбæл нимад адтæй.
Туккати Валоди æма мин Лидæ кæддæр куд радзурдтонцæ, уотемæй Габудий фæстаг зæгъдтитæ адтæнцæ æ адæми карни хæццæ баст. Тухамæлтти ма исдзорун бафæразта:
– Бæргæ мæ фæндадтæй фæййагъаз кæнун… айдагъ сумахæн нæ, фал нæ адæмæн, мæ уарзон Иристонæн…
ХУАРЗИ КОЙ НÆ ИСÆФУЙ
Хъибизти (Туккати) Лидæ мин кæддæр ракодта мæнæ ауæхæн хабар. Цæветтонгæ, Габудий æнсувæри фурт Сергей Устур Фидибæстон тугъди фæсте ахур кодта Мæскуй энергетикон институти. Цардæй æмдзæрæни. Еууæхæни клуби е ’мбæлтти хæццæ гъазта æма еци дзамани уордæмæ бацудæнцæ æртæ лæги. Æрбацæугутæй еу уотæ исдзурдта:
– Ма мин æй зæгъетæ, ами Туккатæй ка ес, уой: æз æй мæхуæдæг базондзæнæн…
Лæг æ цæстингас лæхъуæнти къуарбæл рахаста æма комкоммæ Сергеймæ бацудæй:
– Мæнæ айæ æй Туккатæй!..
Уæдта Сергеймæ дзоруй:
– Ду Солæмани хузæн дæ.
Еци æнæзонгæ лæг разиндтæй Всеволод Миллери фурт Барис… Уой фæсте Барис æма Сергей цалдæр хатти фембалдæнцæ. Бариси хъæбæр фæндадтæй, Сергей идарддæр ку ахур кодтайдæ, аспирантурæмæ ку бацудайдæ, фал е æндæр над равзурста.
Æз мæхуæдæг дæр бустæги æнæнгъæлæги базонгæ дæн Всеволоди фурт Бариси хæццæ. Уæд æз ахур кодтон Мæскуй паддзахадон университети аспирантури. Еу бон гардероби размæ еу æнæзонгæ лæг æрбацудæй æма ин æ уæледарæс ласунмæ фæййагъаз кодтон, кæстæрæн куд федауй, уотæ. Лæг мин райарфæ кодта æма ранæхстæр æй. Уæдта фæстæмæ фæззилдæй æма мæ бафарста, ка дæн, уомæй. Æз мæхе байамудтон. Ирон дæн, уой ку базудта, уæд хъæбæр бацийнæ кодта. Æма мæ æ хæццæ рахудта. Еу аудиторимæ бацудан. Адтайдæ си æхсæз-авд студенти. Салам син равардта, уæдта дзорун райдæдта, мах адæми туххæй. Ирон адæми уотæ бæрзонд исиста, æма си æз мæхуæдæг хъæбæр фефсæрми дæн… Деси бацудтæн, мадта, зæгъун, цума аци ездон лæг ка уодзæнæй. Æ радзубандий кæронбæттæни лæг, мæнмæ райамонгæй, загъта:
– Мæнæ уин еци адæмæй еу!..
Аци æнæзонгæ лæг адтæй Всеволод Миллери фурт Барис, зингæ ахургонд. Мах ма уой фæсте дæр къуар хатти фембалдан æма мæбæл алли хатт дæр хъæбæр бацийнæ уидæ.
Ци дууæ имисуйнаги æрхастон, уонæй бæрæг æй, Барис æ курухон фиди фарнæ ке багъæуай кодта. Всеволод Миллер ирон адæммæ ци зæрдæ дардта, е байзадæй æ фурти уодигъæди дæр.
Сауæнгæ æ сабийбонтæй фæстæмæ Барис æмбалдæй, æ фидæн агъаз ка кодта, лимæнæй ке хæццæ цардæй, уони хæццæ æма уони хузæн ирон лæгти хæццæ, сæ адæмбæл ка тухстæй, æ исонибони нæдтæбæл ин си ка сагъæс кодта, дзилли хуарздзийнадæн ка цардæй.
Уони рохсæй махæй алкедæр хайгин æй. Æма уомæ гæсгæ ба ихæсгин ан, ци гæнæн æма амал ес, уомæй архайун, цæмæй сæ зононцæ нæ адæми нури, уæдта ма нæ фæсте ка исæнтæстдзæнæй, еци фæлтæртæ дæр. Уадзæ æма сæ нæмттæ цæронцæ æностæмæ!..
ГУРИАТИ Тамерлан (1929-2016), филологон наукити доктор, профессор