«ФИЦЦÆГТИ ÆЗМÆЛД»-И СÆРГЪИ – УÆРÆСЕЙ БÆГЪАТÆР
Уæрæсей Президент Владимир Путин æ бардзурдæй иснисан кодта сæрмагонд æфсæддон операций архайæг, Уæрæсей Бæгъатæр Артур Орлови сувæллæнтти æма фæсевæди Еугуруæрæсеуон æзмæлд «Фиццæгти Æзмæлд»-и правлений нæуæг сæрдарæй. Раздæр еци бунат ахæста Григорий Гуров, нур ба е иссæй Уæрæсей фæсевæдон комитети сæргълæууæг.
Артур Орловбæл цæуй финддæс æма инсæй анзи. 2022 анзи 24 февралæй фæстæмæ архайдта сæрмагонд æфсæддон операций. 2022 анзи июнæй фæстæмæ майор Орлов командæ кодта размæмпурсæг танкитæ æма мотоæхсæг дæлхайæдтæн. Уæд сæ размæ æвæрд æрцудæй гъæу знагæй исуæгъдæ кæнуни ихæс. Уой æнхæст кæнгæй, хъæбæр уæззау æма тæссаг уавæрти æ дæлбарæ æфсæддонтæн разамунд дæтгæй, бавдиста агъазиау лæгдзийнадæ æма раздзæуæги арæхстдзийнадæ. Уой фæрци æфсæддон ихæслæвæрд æнтæстгинæй æнхæстгонд æрцудæй.
Нуртæккæ Артур Орлов æй программæ «Бæгъатæрти рæстæг»-и архайæг, цæттæ кæнунцæ сæрмагонд æфсæддон операций ка архайдта, еци ветерантæй паддзахадон службæгæнгутæ. Уой туххæй еу æма дууæ хатти нæ дзурдта В.В. Путин. Гъæуама аци тугъди ветерантæн еугур фадуæттæ дæр уа сæ карни нисантæ æнхæст кæнунæн.
Артур Орлов æхуæдæг куд зæгъуй, уотемæй устур кадæбæл нимайуй, уæхæн бæрнон ихæс æнхæст кæнун ин æ бæрни ке бакодтонцæ, фадуат ин ке фæцæй æ зонундзийнæдтæ æма гъæздуг фæлтæрддзийнадæ кæстæртæн дæттунæн. Æма зæрдæ æвæруй:
– Идарддæр дæр архайдзинан не ’змæлди аллихузон хъæппæрестæ, зæгъæн, «Быть, а не казаться», «Зарница 2.0», «Хранители памяти» æма æндæр проекттæ идарддæр итингдæр кæнунбæл.