26 декабря 2024

ФИДИБÆСТÆ ЛÆГБÆЛ ЛÆГИ ИХÆСТÆ ÆВÆРУЙ!..

18.06.2021 | 21:48

Еци ихæстæй еу æй, уой гъæуай кæнуни сæрбæлтау балæггадæ кæнун – æфсади рæнгъити æфсæддон ихæс банхæст кæнгæй. Е нæ адæми нæлгоймаг фæсевæдæн алкæддæр æнæмæнгæ æнхæсткæнуйнаг гъуддаг адтæй æма син æнтæсгæ дæр кодта. Уотæ гъæуама уа абони дæр.

Уæхæн гъуди адтæй, æрæги нæ республики Хецауади урухгонд æмбурди ци дзубанди рацудæй, уоми. Æмбурдæн разамунд лæвардта Сергей Меняйло. Дзубанди ба си цудæй Уæрæсей Æфсади рæнгъитæмæ аци анзи уалдзигон фæдздзурди хæццæ баст фарстатæбæл: фæдздзурд æнхæстгæнæг рауæнтæ æнæмæнгæ гъæугæ мадзæлттæбæл куд рæвдзæ ’нцæ, уæдта исуйнаг æфсæддонтæ уордæмæ цæйбæрцæбæл разæнгардæй цæунцæ…

Æмбурди архайдтонцæ муниципалон искондти сæргълæугутæ, профилон министрадтæ æма ведомствитæ, уæдта барадæгъæуайгæнæг оргæнти æма тухи структурити разамонгутæ.

Сергей Меняйло æ радзубандий куд баханхæ кодта, уотемæй Хонсайраг æфсæддон зилди штаби нисангондмæ гæсгæ аци анз уалдзигон æрседти е ’фсæддон ихæс бафедунæн республикæ гъæуама рарвета 950 лæхъуæни. Абони бонмæ бал службæ кæнунмæ æфсæддон хæйттæмæ æрвист æрцудæй 265 адæймаги. Аци нимæдзæмæ гæсгæ уотæ уайуй, æма æфсади рæнгъитæмæ æнæмæнгæ цæугæ кæмæн æй, уонæй беретæ сæхе тиллеф кæнунцæ.

Уæхæн æведауцæ уавæри туххæй ба Сергей Меняйло уотæ загъта:

– Æ Райгурæн бæсти размæ е ’фсæддон ихæс исæнхæст кæнунæй æхе римæхсуй, зæгъгæ, бæлвурд уæхæн цаутæ кæд ес, уæд е амонуй фæсевæди æфсæддон-патриотон гъомбæладæ æмбæлгæ уагæбæл ке нæй, уой. Æвæдзи, хестæркъласонтæмæ аккаг цæстдард нæййес аци фарстай фæдбæл, бунæттон хеунаффæйади бæрнон косгутæ сæ ихæстæ, куд æнгъезуй, уотæ не ’нхæст кæнунцæ.

Æнæмæнгæ гъæуй фæсевæди патриотон гъомбæлади фарстамæ никки бæрнондæр цæстæй ракæсун æма имæ æхсæнадон организацитæн се ’ргом раздахун, седтонтæ æма сæ ниййергути хæццæ ба лæдæрунгæнæн куст фæккарздæр кæнун.

– Цæгат Иристонæй рацудæй берæ зундгонд æфсæддон разамонгутæ, – баханхæ кодта æ радзубандий Сергей Меняйло. – Æфсади службæ кæнун не ’мзæнхонтæн алкæддæр адтæй кадæ æма намуси хуасæ, æма се ’фсæддон ихæс алкæддæр æнхæст кодтонцæ цæсгонгинæй. Уомæй уæлдай, фæсевæдæн гъæуй балæдæрун кæнун, царди бæрзонддæр къæпхæнтæмæ исхезунæн син æфсади службæ устур агъаз ке уодзæнæй, уой дæр.

Æмбурди ма радзубанди кодта Хонсайраг æфсæддон зилди организацион управлений хецау Константин Запатоцкий. Æма е куд загъта, уотемæй æрседтон кампаний хуæздæр бæрæггæнæнтæ ес Мæздæги районмæ.

Нæуæг коронавируси хæццæ баст уавæр хумæтæг кæд нæ адтæй, уæддæр æрседтон пунктти евгъуд анз еугур санитарон домæнтæ дæр æнхæстгонд æрцудæнцæ.

– Уотæ уодзæнæй нур дæр. Ахсгиаг æй, æфсæддон æрседт аци анз дæр уæхæн бæрзонд æмвæзадæбæл куд рацæуа, уобæл бакосун, исæнхæст кæнун еугур эпидемиологон домæнтæ æма алли седтони æнæнездзийнадæ багъæуай кæнуни домæнтæ, – загъта радзубандигæнæг.

Æмбурди кæронбæттæни ма Сергей Меняйло еума хатт баханхæ кодта, æфсадмæ æрветуйнаг фæсевæди хæццæ куст куд цæуй, уомæ республики разамунд еудадзугдæр æ гъос ке дардзæнæй æма æфсæддон фæдздзурд æмбæлгæ уагæбæл рарветуни ихæс профилон ведомствити размæ ке æвæруй, уой.

Зæгъун гъæуй уой дæр, æма æфсадмæ уалдзигон фæдздзурд ке рахъæртдзæнæй аци анзи 15 июли уæнгæ.