25 апреля 2024

ФЫДЫ ФӔДЗӔХСТ

13.08.2021 | 18:14

БАСКАТЫ Уырызмæг, журналист, спортивон комментатор

«Хистӕрӕн йӕ фындз амӕрз ӕмӕ йӕ зондӕй бафӕрс». Ацы ирон ӕмбисонд иттӕг раст кӕй у, уый цард йӕхӕдӕг иу ӕмӕ дыууӕ хатты нӕ равдыста.

Фӕлӕ хистӕртӕ дӕр алыхуызӕттӕ сты. Хатгай адӕймагыл азтӕ бирӕ рацӕуы, фӕлӕ йын уый адӕмы ‘хсӕн ницы ахады, уымӕн ӕмӕ йӕ ныхасы, йӕ хъуыддӕгты нӕдӕр уӕз вӕййы, нӕдӕр апп.

Хорз ӕмӕ нӕм Ирыстоны рагӕй дӕр уыдис ӕмӕ абон дӕр ис ӕцӕг фӕрнджын хистӕртӕ. Уыдон уыдысты ӕмӕ сты нӕ адӕмы удварн хъахъхъӕнджытӕ, ӕмӕ сӕм цас фылдӕр хъусджытӕ уа, уыйас нӕ адӕмы ‘хсӕн рӕдыд хъуыддӕгтӕ къаддӕр цӕудзӕн.

Хистӕр кӕстӕрыл куы ауда, ӕнӕвгъау ын йӕ зондӕй хай куы кӕна, уӕд уыцы кӕстӕр рӕдыд фӕндагыл нӕ ацӕудзӕн, фӕлӕ йӕхӕдӕг адӕмӕн уыдзӕн хӕрзгӕнӕг.

Ӕз мӕхи амондджын хонын, мӕ сабибонтӕй фӕстӕмӕ ахӕм хистӕртӕй хайджын кӕй фӕдӕн, уый тыххӕй. Нӕ хӕдзары ӕмӕ нӕ сыхбӕсты цы хистӕртӕ уыдтон, уыдонмӕ хъусын ӕмӕ кӕсын уыди стыр скъола. Кӕстӕрты куыд хъахъхъӕдтой рӕдыд фӕндагыл ацӕуынӕй, уый тыххӕй дӕнцӕгӕн ӕрхӕсдзынӕн ахӕм цау.

Советон паддзахады 1930 азты цы уавӕр уыд, уый тыххӕй абон дӕр ма быцӕу ныхас кӕнынц – политиктӕ, ахуыргӕндтӕ, суанг хуымӕтӕг хуымӕтӕг адӕм дӕр. Нӕ бӕстӕйы уӕд иуӕй стыр арӕзтӕдтӕ цыди, иннӕмӕй та дзы ног цардаразджытӕ цы дӕрзӕг мадзӕлттӕй архайдтой, уыдон кӕйдӕрты зӕрдӕмӕ нӕ цыдысты, ӕмӕ семӕ тохы уӕды хицӕуттӕ уыдысты ӕгӕр ӕгъатыр. Хъыгагӕн, ног царды ӕцӕг знӕгтӕй уӕлдай ӕфхӕрд ӕрцыдысты бирӕ ӕнаххос адӕм. Иу бӕллӕх та ма уый уыд, ӕмӕ цы уавӕр сӕвзӕрди, уымӕй пайда кодтой магусатӕ, хӕлӕггӕнджытӕ ӕмӕ алыхуызон цъаммартӕ. Уыдон-иу хахуыртӕ афыстой, сӕ зӕрдӕмӕ чи нӕ цыд, уыцы ӕнаххос адӕймӕгтыл, ӕмӕ-иу уыйадыл лӕг тӕрхондоны смидӕг.

Уыцы азты мӕ фыд, Баскаты Бибола, куыста Ӕрыдоны колхоз «Сырх Ӕрыдон»-ы бригадирӕй. Йӕхӕдӕг куыд дзырдта, афтӕмӕй-иу боныцъӕхтыл уыди йӕ куысты. Колхозы размӕ цы хӕстӕ лӕууыд, уыдон ӕххӕст кӕнынӕн бирӕ фыдӕбон хъуыди. Арӕх-иу зылди хӕдзарӕй-хӕдзармӕ ӕмӕ колхозон-ты быдырмӕ ракодта-иу, куыд гӕнӕн уыдис, афтӕ раздӕр.

Ӕвӕццӕгӕн, райсомӕй фынӕй кӕнын чи уарзта, уыдонӕй йӕм чидӕртӕ мӕсты кодтой ӕмӕ йыл хахуыртӕ ныффыстой мидхъуыддӕгти адӕмон Комиссариатмӕ НКВД-мӕ). Уыцы рӕстӕг ахӕм фыстӕг уыди куыдзӕн «уыст» зӕгъӕгау. Уайтагъд фӕзындысты милицӕ ӕмӕ мӕ фыды Дзӕуджыхъӕуы НКВД-йы ныккӕнды смидӕг кодтой.

Уый уыди хурбон арвы цӕфау. Мӕ мадӕн уыцы рӕстӕг йӕ дзидзидай ӕвдӕм сывӕллон, мӕ хо Нинӕ, уыди йӕ хъӕбысы ӕмӕ зӕрдӕдзӕф фӕци. 36-аздзыд сылгоймаг йӕ авд сывӕллоны ӕвджид аззади. Кӕй-иу ӕрцахстой, уыдонӕй фӕстӕмӕ ничиуал здӕхт. Мӕ мадӕн фырадӕргӕй йӕ иу фарс бандзыг ӕмӕ ма дзӕвгар рӕстӕг уыцы низимӕ фӕтухӕнтӕ кодта. Ӕнӕнхъӕлӕджы дыууӕ мӕйы фӕстӕ мӕ фыды ахӕстонӕй рауагътой. Уый уыцы рӕстӕг иуӕй стыр амондджын хабар уыд, иннӕмӕй та дисы ӕфтыдта бирӕты: цы хуызы йын бантыст НКВД-йы дзӕмбытӕй раирвӕзын? Мӕ фыды-иу исчи куы фарста йӕ суӕгъды тыххӕй, уӕд-иу сын загъта: «Ницы дзы ис диссагӕй. Слестгӕнджытӕ лӕмбынӕг ӕркастысты хъуыддагмӕ ӕмӕ мӕм аххосагӕй куы ницы ссардтой, уӕд мӕ хатыр ракуырдтой ӕмӕ мӕ рауагътой». Йӕ ныхасмӕ гӕсгӕ, цыма слестгӕнджытӕй уӕздандӕр адӕм нӕ уыд, афтӕ сӕ ӕвдыста. Афтӕ кӕй нӕ уыд, уый тыххӕй радзырдта ӕрмӕстдӕр 1960-йӕм азы.

Цӕвиттон, ахӕстоны уымӕл ныккӕнды цы хъизӕмӕрттӕ бавзӕрста, уыдон фӕстӕдӕр йе ‘нӕниздзинадыл фӕзындысты ӕндыснӕджы хуызы, фӕлӕ йын уӕддӕр, йӕхи загъдау, Хуыцау ӕххуыс кодта ӕмӕ ахӕстоны кусджытӕй иу разынд мӕ фыдӕн йӕ мадырвадӕлты ‘рдыгӕй хӕстӕг. Уый йӕ базыдта, фӕлӕ йӕхи ницы зонӕг скодта. Барӕй ма йӕм тызмӕгдӕрӕй дӕр дзырдта. Иу рӕстӕг ын сусӕгӕй хицӕнӕй куы зӕгъид: «Бибола, цы гӕххӕтт дыл ӕрбацыд, уый у хӕрз ӕдылыты фыст, фӕлӕ дӕ уӕддӕр домдзысты, цы суагъӕ ныффыссой, ууыл дӕ къух сӕвӕрын. Ды-иу ӕй лӕмбынӕг бакӕс ӕмӕ дзы цы нӕ бакодтай, уыдӕттӕ фыст куы уа, уӕд ӕй ма бафысс». Уыцы лӕгӕй базыдта мӕ фыд, чи йыл ныффыста хахуыртӕ, уыдоны нӕмттӕ дӕр. Мӕ фыд бакодта, йӕ хӕрзгӕнӕг ын куыд бацамыдта афтӕ. Цынӕ йын фӕкодтой, уӕддӕр нӕ бакуымдта мӕнг гӕххӕтты къух бафыссын.

Уӕд ма йын чекисттӕ сарӕзтой иу фӕлварӕн: йӕ камерӕмӕ йын баппӕрстой иу лӕджы. Йӕ цӕсгом уыди цъӕхтӕ, раст цыма дӕрзӕг над баййӕфта, афтӕ. Иуцасдӕр хъӕрзӕгау дӕр кодта. Мӕ фыд ын фӕтӕригъӕд кодта, фӕлӕ йын йӕ бон цы уыд? Йӕ ног ӕмбал дыккаг бон йӕхимӕ куы ‘рцыд, уӕд мӕ фыды фӕрсы: «Дӕу та цӕмӕй азымджын кӕнынц ацы цъаммартӕ?» Мӕ фыд ын загъта: «Нӕ йӕ зонын, чидӕр мыл ныффыста, колхоз, дам, фехалынмӕ хъавын ӕмӕ мыггаджы нартхор бӕхты къӕхты бынмӕ фӕкалдтон». Ног ӕмбал, цыма ацы дзуапмӕ ӕнхъӕлмӕ каст, афтӕ Советон хицауад ӕмӕ чекистты ӕлгъитын куы райдаид. Адӕмы сафджытӕ схуыдта большевикты ӕмӕ Сталины дӕр. Мӕ фыды зӕрдӕ цӕмӕндӕр фӕкъӕпп кодта, фӕгуырысхо, кӕд ацы лӕджы мӕн ракъа-хынмӕ ӕрбарвыстой, зӕгъгӕ. Ацы хабары тыххӕй афтӕ радзырдта:

– Ӕваст мӕм цыма исчи сдзырдта, ацы лӕг дӕу ракъа-хынмӕ ӕрбацыд, зӕгъгӕ. Ӕгӕр-ӕгӕр куы ныккалдта Советон хицауад ӕмӕ суанг Сталиныл дӕр, уӕд мӕ бынтондӕр бауырныдта, провокатор кӕй у, уый. Мӕ маст рафыхт, ӕмӕ ма мӕм цы хъарутӕ уыди, уыдон рамбырд кодтон ӕмӕ йыл хафт-хафтӕй ралӕууыдтӕн, ды кӕй ӕлгъитыс, ӕз Советон цардыуагыл куы тох кӕнын ӕрыгонӕй нырмӕ, зӕгъгӕ. Нӕ хъӕлӕбамӕ хъахъ-хъӕнджытӕ ӕрбагӕппытӕ кодтой. Мӕн ныццӕфтӕ кодтой, ууыл та фӕхӕцыдысты ӕмӕ йӕ семӕ хӕссӕгау акодтой. Чысыл фӕстӕдӕр мӕ слестгӕнӕг ӕрфарста, цӕмӕн фӕнадтон уыцы лӕджы, зӕгъгӕ. Ӕз ын загътон: ралгъыста мӕ ӕмӕ уымӕн. Уый мӕм ӕдзынӕг ныккасти, стӕй йӕ мидбылты ба-худӕгау кодта ӕмӕ ацыди. Ууыл ма ӕртӕ боны рацыд, афтӕ мӕм фӕдзырдтой ӕмӕ мӕ рауагътой…

Ацы хъуыддӕгтӕ куы ‘рцыдысты, уӕд ӕз гуырд нӕма уыдтӕн. Не ‘ппӕты хистӕр ӕфсымӕр Тӕтӕри уыд ӕфсады, астӕуккаг ӕфсымӕр Данелыл та цыди аст азы. Данел хорз бахъуыды кодта, уыцы ӕбуалгъ хабар куы ‘рцыд, уӕд нӕ мад цы рынчын фӕци ӕмӕ нӕ бинонтӕ цы хъизӕмайраг цард кодтой, уыдӕттӕ. Данел куы фӕхъомылдӕр, уӕд нӕ фыды фӕрсын райдыдта, хахуыртӕ йыл чи ныффыста, уыдонӕй, фӕлӕ йын сӕ уый не ‘схъӕр кодта.

Цалынмӕ… Цӕвиттон, 1960 азы, мӕныл уӕд ӕвддӕс азы цыдис, Данелыл та – дыууадӕс ӕмӕ ссӕдз, афтӕмӕй дын иу бон нӕ фыд кӕцӕйдӕр нӕхимӕ ӕрбаздӕхт. Фӕлладӕй йӕхи бандоныл ӕруагъта, йӕ худ систа, йӕ хид къухмӕрзӕнӕй асӕрфта, стӕй нӕ мадмӕ дзуры:

– Уыныс, Ирон (нӕ мад Аннӕмӕ дзырдта уыцы номӕй), Хуыцауы тӕрхон куыд рауади: сӕ фӕстаджы сын абон йе ‘нусон дунемӕ афӕндараст кодтон. Се ‘ртӕйӕ иу дӕр мӕ фӕстӕ нӕ баззад… Данел хабар куы фехъуыста, уӕд йӕ армытъӕпӕнтӕ ныццагъта:

– Мӕнӕн та афтӕ дзырдтай, нӕ сӕ зонын, нӕ, дам, мын сӕ схъӕр кодтой чекистт!..

Нӕ фыд йӕ мидбылты бахудт ӕмӕ сдзырдта:

– Ӕз дӕуӕн дӕ зондахаст мӕ фондз ӕнгуылдзау зыдтон, ӕмӕ уыдон нӕмттӕ куы схъӕр кодтаин, уӕд ды дӕ масты фӕдыл ацыдаис ӕмӕ цавӕр бӕллӕхы бахаудаис – Хуыцау йӕ зонӕг. Ныр дӕр уӕ курын ӕмӕ сын сӕ кӕстӕртӕм ма сызнӕт ут. Уыдон сӕ хистӕрты чъизи митӕм ницы бар дарынц…

Мӕ фыды ацы ныхӕстӕ мӕ зӕрдӕйы ныххаудысты, ӕмӕ-иу мыл царды искуы мӕстаг хабар куы ‘рцыд, уӕд-иу ӕвиппайды йӕ хъӕлӕс мӕ хъустыл ауад. Цал ӕмӕ цал хатты нӕ ацыдтӕн мӕ масты фӕдыл! Чи зоны, цал ӕмӕ цавӕр рӕдыдтӕй мӕ бахызтой мӕ фыды ацы фӕдзӕхстытӕ…