ХУÆРЗАХУРГОНД ФÆЛТÆРТÆ – ФИДИБÆСТИ НИФС ÆМА ТÆЛÆН
Цийфæнди ахсгиаг гъуддаги фæдбæл дæр цийфæнди медесгун дзубанди уæлдай хъæбæрдæр исфедауй зæрдрохсгæнæг хабæрттæй. Æма нæ республики ахурадон къабази косгутæн æрæги ци аллианзон еумæйаг æмбурд адтæй, уæхæн æхцæуæн хабæрттæ игъустгонд æрцудæнцæ. Зæгъæн, Цæгат Иристони Сæргълæууæг Сергей Меняйло æ радзубандий куд байамудта, уотемæй æригон ахургæнгутæн аци анзи фиццаг сентябрæй фæстæмæ сæ миздæй уæлдай ма фист цæудзæнæй уæлæнхасæн феддон – сæ кусти фиццаг анзи сæ миздæн æ 70 проценти, дуккаг анзи ба – 50 проценти.
Иннæ хабар ба е æй, æма ахуради косгути мизд фæффулдæр кæнунæн зингæ агъазгæнæг фæрæзнæ исуодзæнæнцæ Цæгат Иристони Хецауади гранттæ дæр. Ирæзгæ фæлтæри ахурадæмæ ахедгæ байвæрæн бахæссæг еумæйагахурадон кустуæттæн сæ бон уодзæнæй гранттæ райсунбæл байархайун. Аци анз сæ хецæуттæ исуодзæнæнцæ хуæздæр сахайраг 30 æма уойбæрцæ хуæздæр гъæуккаг скъолай. Фæрæзнити бæрцæ уодзæнæй 60 миллион соми, гъома, уæлахезонтæй алкедæр райсдзæнæй еу миллион соми.
Куд зонæн, уотемæй ахургæнгути миздмæ лæмбунæг æркæсуни ихæс Сергей Меняйло исæвардта 2021 анзи. Фарæ бал æнæкъулумпи фæллойнадон стажи хæццæ, фæсурокти æма зундамонæги номхæссæг ахургæнгутæн уæлæнхасæн феддон бафтудтонцæ.
Педагогти миздбæл бафтауни гъуддаг æй ахуради системæ райаразуни сæйраг рахуæцæн. Уомæй идарддæр устур æргом здæхт цæуй ахуради инфраструктури ирæзтмæ.
Республикæ архайуй скъолати бундорон цалцæги программити – фарæ къохи бафтудæй 53 скъолай исцалцæг кæнун, фæззæги ма 13 скъолай исрæвдзæ уодзæнæнцæ. Республики разамонæг куд байамудта, уотемæй ма инсæй скъолай ба бахастонцæ 2024-2025 æнзти пъланмæ.
Ахуради ахсгиагдæр ихæстæй еуебæл Сергей Меняйло банимадта маддæлон æвзаг багъæуай кæнуни æма ирæзти фарста:
– Хуæрзуагонбæл нимад æй маддæлон æвзаг багъæуай кæнуни ихæс, федæни фæлтæрти размæ ихæсгин ан. Сентябри, Археологий институти бундорбæл, искосдзæнæй ирон æвзаги ирæзти Центр. Е исуодзæнæй нæ маддæлон æвзаг багъæуай кæнуни æма ирæзти, культури, традицити, наукон æртасæнти фæзуат.
Аци æргъудидзийнадæ бæргæ хуарз æй æма зæрдæ дарæн ес, кæдимайди ба зингæ фæййагъаз уидæ нæ маддæлон æвзаги ирисхъæ фæгъгъомусгиндæр кæнуни гъуддагæн. Æцæг бабæй уотæ ма рауайæд, æма хуарз хъæппæреси æнтæстмæ бæргæ фæббæллæн, фал фæффудевгед уæн… Бæргæ-бæргæ, ку фæррæстмæ уидæ.
Æ радзубандий ма Сергей Меняйло баханхæ кодта уой дæр, æма ахуради ирæзтбæл берæвæрсуг архайд куд нæ бæсти æнæгъæнæй, уотæ нæ республики дæр анзæй-анзмæ бæрæгæй-бæрæгдæр кæнуй берæ зингæ нæуæгдзийнæдтæй. Берæ гъуддæгутæ арæзт нæмæ цæуй, республикæ архайуй федералон аллихузон ахурадон проектти, игонгонд цæунцæ фæзуæттæ аци къабази æнæмæнгæ гъæугæ гъуддæгутæн. Зæгъæн, Курчатови æма Адæмти ’хсæн рахастдзийнæдти мæскуйаг институтти хæццæ æмгустадæ рахизтæй практикон æмвæзадæмæ, идарддæр дæр уæхæн хузи ирæздзæнæй.
Æмбурди архайдтонцæ Ахурадæ æма наукæмæ федералон цæстдарæн служби разамонæг Анзор Музаев, Уæрæсей Рохсади министри статсхуæдæййевæг Андрей Корнеев, Национ æртасæн центр «Курчатови институт»-и директори фиццаг хуæдæййевæг Екатеринæ Толстикова.
Æма Анзор Музаев æмбурди радзубанди кæнгæй, куд баханхæ кодта, уотемæй Уæрæсей ахурадæ рахизтæй уæлдæр æмвæзадæмæ, е регионти æнтæститæй дæр бæрæг æй.
– Цалдæр анзи Европи бæстити адтæн косæг балцити, мæ бон зæгъун æй, нæ паддзахадон скъолати ахурадон æмвæзадæ сæмæ ес, хецæн адæймæгутæ ци скъолатæ байгон кодтонцæ, айдагъдæр уоми. Нуртæккæ уæрæсейаг скъолати аразунцæ хуæрзгъæдæ æма нуриккон ахурадæ райсуни еугур уавæртæ. Ахуради косæндæнттæмæ уотæ базелуни дæнцæ нæ бæсти нæма адтæй. Цæгат Иристон бæрæг даруй æ ахурадон æнтæститæй, е æй æ разамунди архайд. Æ разамонæг ахурадæмæ устур æргом здахуй.
Республикæмæ мæ ке æрбахонетæ, е мин æхцæуæн фæууй, – фæббæрæг кодта Анзор Музаев.
Республики ахурадæмæ устур байвæрæни, бæрзонд дæснидзийнади туххæй Сергей Меняйло Арфи финстæгутæ равардта педагогти устур къуарæн.
Фæстæдæр ма Сергей Меняйло æма Анзор Музаевæн адтæй сæрмагонд косæг фембæлд. Æрдзубанди кодтонцæ ахуради идарддæри ирæзти ахсгиаг фарстатæбæл – Еумæйаг паддзахадон фæлварæни хатдзæгтæбæл, скъолати бундорон цалцæгбæл æма педагогти материалон æгъдауæй исхуарзæнхгин кæнунбæл.