ХУÆРЗАУОДÆГ НИН АДТÆЙ…
Устур Фидибæстон тугъди фæсте аййевади, литературæ æма науки туххæй фæззиндтæй ЦК-и цалдæр карз унаффи. Аййевади берæ уадзимистæ дæрæнгонд цудæнцæ, идейон æгъдауæй «зианхæссæг» ке адтæнцæ, уомæ гæсгæ… Нæ республикæмæ дæр бахъæрдтæй еци «нез».
Нæбал нин бæзтæнцæ Абайти Васо, Мамсурати Дæбе, сауæнгæ ма Къостай уадзимистæмæ дæр æвналæнтæ кодтонцæ. Ирон театр дæр иронх нæ адтæй, еуæй-еу спектакльтæмæ «листæг» æркастæнцæ, уони хæццæ Дæбей «Æфхæрдты Хæсанæ» æма Туати Дауити «Пæсæйы фæндон» дæр…
Æригон режиссерæй косун ку райдæдтон, уæд мин баихæс кодтонцæ «Пæсæйы фæндон» нæуæгæй исæвæрун. Фембалдтæн автори хæццæ, ести социалон мотивтæ имæ бахæсæн, цæмæй пьеси медес еуминкъий фæххуæздæр уа, – зæгъгæ…
НÆ ФИЦЦАГ ФЕМБÆЛДÆЙ ФÆСТÆМÆ НИН НИФСДÆТТÆГ АДТÆЙ…
Еци дзамани обкоми идеологий фарстати фæдбæл фæззиндтæй нæуæг секретарь, æ муггаг – Хъæбæлотæй, æ ном Билар. Фæрсæн кæрæдзей æма ’й неке зонуй. Раст нæмæ цума уæларвæй æрхаудтæй, æ кой дæр ин неке фегъуста аййевадæ æма литератури косгутæй. Рацудæй рæстæг æма нæмæ еу бон æрдзурдтонцæ обкомæй, театри разамонгутæмæ, изæри æхсæз сахаттебæл нæ æ кабинетмæ хонуй нæуæг секретарь… Мах цалдæремæй цæун гъудæй, уой балæдæрдтан, фал цæй хæццæ цæуæн, уомæн неци зонæн…
Раст зæгъгæй, æдас нæ адтан, нæ репертуар нин ку рафауонцæ, уомæй. Уæлдайдæр ба нæ ку бафæрсонцæ «Пæсæйы фæндон» нæуæгæй цæмæн æвæретæ, зæгъгæ, уæд ци рæуонæ искæнæн. Мæ уавæр бустæги лæгъуз адтæй… Цубурдзурдæй, изæрæй æхсæз сахаттебæл адтан обкоми, еу хатт ма бафарстан, æ ном æма æ фиди ном куд æнцæ, зæгъгæ, æма нæ бахудтонцæ кабинетмæ… Фиццаг минуттæ цудæнцæ уæззау… Дзубанди æ уагæбæл нæ цудæй… Мæ хестæртæ загътонцæ театри репертуари туххæй. Ранимадтонцæ классикон пьеситæ, фал «Пæсæйы фæндон»-и туххæй неци загътонцæ… Уæд нæуæгæй хецау минкъий расагъæс кодта æма уотæ зæгъуй: «Æз фегъустон, «Пæсæйы фæндон» дæр нæуæгæй æвæретæ, зæгъгæ».
Мах кæрæдземæ бакастан æма, гæнæн ку нæбал адтæй, уæд æз загътон: «Æвзарæн. Афæстаг дзамани пьеси нихмæ дзоргутæ адтæй, фал автори хæццæ косæн æма спектакльмæ хæссæн нæуæг сценитæ, цæмæй си социалон æма фæллойни мотивтæ фæззинна…» Мæ дзурд кæронмæ нæма фæдтæн, уотæ мæ нæуæг хецау бауорæдта æма мин уотæ зæгъуй: «Бахатир кæнетæ, аййевади гъуддаги сумах мæнæй фулдæр зонетæ, фал æз Кæсæги кустон, Нальчикки, æма цалдæр хатти радиойæй игъустон аци пьеси скъуддзæгтæмæ. Мæнмæ гæсгæ си ес адæймаги зæрдтагон æнкъарæнтæ, сауæдони æртæхау кæдзос уарзондзийнадæ, берæ рæсугъд ирон зартæ. Икъати Серафин си фæндурæй цæгъдуй дессаги мелодитæ, Баллати Валодя заруй лирикон зартæ… Уæхæн уадзимиси æнæмæнгæ гъæунцæ, мæнæ социалон ке хонетæ, еци мотивтæ. Æ жанр уин дæттуй уæхæн фадуæттæ. Æз уин ами унаффæгæнæг нæ дæн, фал цума уадзимистæн тухмиуæ нæ гъæуй, уотæ мæмæ кæсуй…»
Уотæ адтæй, цубурæй, нæ фиццаг фембæлд Хъæбæлоти Билари хæццæ. Еци бонæй фæстæмæ не ’уæнгти фæззиндтæй нифс, ирон пьеситæн æвæндонæй «тухмиуæ» нæбал кодтан.
Цудæнцæ бæнттæ. Нæ нæуæг хецау нæмæ цудæй ахидæй-ахиддæр. Агъаз нин кодта… Фал…
Уæдмæ ба уæхæн рæстæг ралæудтæй (Хрущеви рæстæг), æма колхозтæ, совхозтæ æма заводтæ еу кæнун байдæдтонцæ… Байдæдтонцæ, фал мах, театри косгутæ, уой æнгъæл нæ адтан æма театртæ дæр еу кæнун байдайдзæнæнцæ… Уой дæр Ирон театр Уруссаги хæццæ… Æрæмбурд кодтонцæ дууæ театрей минæвæртти, æрбадтан хецауади рази æма нин радзурдтонцæ, Ирон æма Уруссаг театртæй гъæуама исаразæн еу тухгин уруссаг-ирон театр, еу разамунди хæццæ, еу æхцай фæрæзнити хæццæ. Рæуони фарст нæ кæнунцæ, уæ фæндитæ зæгъетæ, зæгъгæ. Æма ци зæгъæн, зонæн æй, кæд фæрсгæ мах кæнунцæ, уæддæр, сæхе ци фæндуй, уой бакæндзæнæнцæ. Ирон театрæй Тæбæхсаути Бало бахъур-хъур кодта: «Бавзарæн, фал куд уодзæнæй, магъа!..» Бритъиати Зариффæ æ фæндон фæккарздæр кодта, загъта, мæ зунд æй нæ ахæссуй, куд уодзæнæй, е, зæгъгæ.
«ÆХЦА» РАКОРÆ ÆМА ТЕАТР ФЕСТИВАЛЬМÆ РАРВЕТÆ!..»
Æз еци дзамани директорæй дæр кустон æма режиссерæй дæр. Бадун. Неци дзорун. Кæсун æма хецауади хæццæ Хъæбæлой-фурт нæй, мæ зæрдæ куддæр фæкъкъæпп кодта. Не ’мбурд кæронмæ æрхъæрдтæй, фал ма æрæгиау мæн дæр исистун кодтонцæ, дæ фæндон, дан, ду дæр зæгъæ. Гæнæн нæбал адтæй æма загътон, аци унаффæ рæдуд æй, дууæ театри дууæ æвзагебæл дзорунцæ, дууæ театрей исфæлдистадон нæдтæ еу нæ ’нцæ, зæгъгæ, æма мæ уайтæкки бауорæдтонцæ, исбадæ, зæгъгæ.
Æз не ’сбадтæн, мæ гъуди никки фæббæлвурддæр кодтон, уæдта исбадтæн. Хецауади зæрдæмæ театри минæвæртти рахаст нæ фæццудæй…
Уæдмæ рабæрæг æй, аци гъуддагæн Билар ке неци зудта, фæрсгæ дæр æй нæ бакодтонцæ. Нæ хуæрзгæнæг ин сæ ку радзурдта, уæд Хъæбæлой-фурт, нæ аййевадæн «тухмиуæ» ка кодта, уонæн уæхæн миутæ бакодта, уæхæн… Хъæбæр карз дзубанди рауадæй хецауади ’хсæн, æма нæ Билар исфæлдистадон фидбилизæй фæййервæзун кодта.
Еци бонæй фæстæмæ Хъæбæлоти Билар иссæй нæ сæрбæлдзорæг, баууæндтан ибæл æма нæ алли цийнæ æма маст дæр уомæн дзурдтан… Уæдта, æвæдзи, нæ сагъæстæ дæр Хуцаумæ бахъæрдтæнцæ. Хуцау нин фæттæрегъæд кодта æма Хъæбæлоти Емæзай фурт Билари исæвардтонцæ обкоми фиццаг секретарæй… Исæвардтонцæ ’й æма нæ республики театри цард бонæй-бонмæ хуæздæр кæнун байдæдта. Æма айдагъ театри цард нæ фæххуæздæр æй. Бавналдтонцæ нæуæг скъолатæ аразунмæ, горæти, уæдта гъæути дæр нæуæг заводтæ… Нæдтæ… Фидæй-фуртмæ кæмæ бæлдтан, еци над Нарæй-Рукъмæ, Дзæуæгигъæуæй-Цхинвалмæ… Иннæ уæхæн аэропорт… Фæззиндтæй фатертæ аййевади косгутæн… Ка сæ фæууодзæнæй нимад!
Фал æз Ирон театри кустон, æма ’й æргом зæгъæн, Ирон театри агъазиау æнтæститæ дæс æма инсæй анзей дæргъи баст адтæнцæ Билари номи хæццæ. Æз уотæ нæ зæгъун, æма сæ еунæгæй кодта, адтæй ин хуарз командæ – культури хъисмæт ке бæрнæхсти адтæнцæ, етæ: Битети Степан, Габпати Иван, Кучити Агубе, Узегати Солтан æма берæ æндæртæ.
Фал етæ æнхæст кодтонцæ Билари фæдзæхст. Кæрæдзей лæдæрдтæнцæ, æма нæ куст цудæй размæ. Айдагъ Мæскуй еци æнзти Ирон театр е ’сфæлдистадæ æвдиста æхсæз хатти, Ленингради – дууæ хатти, Тбилисий, Душанбей… Иннæ уæхæн аллихузон конкурстæ æма фестивальтæ Костромай, Куйбышеви, Новороссийски.
Ирон театри ном бæсти театралон аййевади бонæй-бонмæ кадгиндæр кодта… Æхцай фæрæзнитæй зиндзийнæдтæ уæддæр адтæй, фал уæд Билар бадзоридæ нæ заводти зингæ директортæмæ æма син карзæй зæгъидæ: «Театрæн æнæ рандæуæн нæййес, Ирон театрæн фæййагъаз кæнун гъæуй». Гъема нин фенхус кодтонцæ. Еууæхæни ба Новороссийски адтæй Устур Фидибæстон тугъди темæбæл арæзт спектакльти фестиваль. Къамис фæууидта мах спектакль «Мады фарн», æма нин Мæскуйæй фегъосун кодтонцæ, Новороссийскмæ уæ хонæн, зæгъгæ. Æркастан нæ уавæртæмæ, æма æхца фагæ нæ разиндтæй. Хецауадæмæ иссудан, фал еци дзамани æцæгæйдæр республики æхцай уавæр хуарз нæ адтæй æма нæ хецауадæ загъта: «Гъæйдæ, аци хатт ку нæ рандæуайтæ, уæд уи нæ рагъаст кæндзинан».
Хъæбæлой-фурт адтæй фæсарæнти, æма нæ гъаст кæмæн ракодтайанæ? Бадзурдтан Мæскумæ, æхцайæй тухст ан æма нæ цæуæн, зæгъгæ. Уæдмæ Билар фæззиндтæй… Мах имæ нæ нифс нæ бахастан, фал имæ æндæр фарстати фæдбæл æмбурд адтæй æма ку фæцæй, уæд нæ рафарста, театри ци хабæрттæ ес, зæгъгæ. Æз ин гъуддаг балæдæрун кодтон, æхца нæййес æма фестивальмæ нæ цæуæн, зæгъгæ. Билар е ’рфгутæ фелхий кодта æма мæмæ мæстгунæй дзоруй: «Е ба куд нæ цæуæн? Æгæр берæ барæ нæ есис дæхемæ?»
Уæдта телефонæй бадзурдта Министрти Совети Сæрдар Басити Олегмæ, кæд гæнæн ес, уæд ардæмæ рауайай, зæгъгæ. Дзурди бæрцæмæ Сæрдар фæззиндтæй æма ’й Билар фæрсуй: «Ирон театри гъуддæгутæ куд цæунцæ?»
Басий-фурт мæнмæ æрбакастæй æма уотæ зæгъуй: «Мæнæ си Геуæргий бафæрсæ, е театри гъуддæгутæ мæнæй хуæздæр зонуй».
– Уой бафарстон. Театр Новороссийскмæ цæмæннæ цæуй?
– Билар, ду ’й зонис, æхца нæййес…
– Нæййес дæмæ æхца, уæд де ’фсийнæй, кенæ ба дæ синхонæй ракорæ æма театр фестивальмæ рарветæ…
Дуккаг бон æхца райстан, фестивальмæ исцæугæ ан. Нæ равдист спектакль нимад æрцудæй тугъди темæбæл хуæздæртæй еуебæл.
«КУД ГЪУДÆЙ УОТÆ МИН ÆЙ НÆ ЗАГЪТА!..»
Мæскуй цал хатти адтан театри хæццæ, уал хатти Хъæбæлой-фурт кенæ æхуæдæг фæззиннидæ, кенæ хецауадæй еске адтæй нæ хæццæ… Спектакль ма ку цæуидæ, уæд хецауади бæрзонд косгутæй æ хæццæ еске æрбахонидæ…
Гъуди ма ’й кæнун, дууæ хатти Плити Исси хæццæ дæр адтæнцæ. Еууæхæни ба «Малый театр»-и æртæ къуæрей кустан, æма зали адæмæй къохбагæнæн нæ уидæ. Еу изæр нæмæ фæззиндтæй Билар Уæрæсей Федераций Министрти Совети Сæрдар, Политбюрой иуонг Геннадий Воронови хæццæ. Бадтæнцæ разæй, уæдта, спектакль ку фæцæй, уæд си еуминкъий рабадтæй. Воронов раппæлдтæй нæ аййевадæй. Адтæй си цалдæр седти, уæдта Билар Воронови рази райдæдта Иристони фарстатæ æвæрун. Воронов – еу хатт гиризмæ раздахта, фал юмор, ке зæгъун æй гъæуй, махонмæ фулдæр адтæй.
Æз бадтæн сабур, лæггадæ син кодтон финги уæлгъос æма мæ Билар устур деси бафтудта бæрзонд хецауи хæццæ æ дæсни дзубандийæй. Ци ахсгиаг фарстатæбæл дзурдтонцæ, етæ айдагъ Иристонмæ нæ хаудтæнцæ, фал æнæгъæнæ бæстæмæ дæр, æма сæ Билар куд бæлвурд дзурдта, уомæн Воронов бæлвурд дзуапп раттун нæ бафæразта. Хатгай истгæ дæр искæниуонцæ. Воронов адтæй дууæ метрей бæрзæндæн. Билар ба – ниллæг. Фал ку исистадæнцæ, уæд мæмæ уотæ фæккастæй, цума Билар хецауæй берæ бæрзонддæр фæцæй… Еци изæр уæлдай сæрустур адтæн, нæ Иристони сæргъи уæхæн курухон, арфиаг лæг ке лæууй, уомæй…
Билар ахид цудæй Ирон театри спектакльтæмæ. Уæдта иннæ театртæмæ, ансамбльмæ, филармоний концерттæмæ. Нæ аййевади æ зæрдæмæ ци цудæй, уонæй æппæлдтæй. Еуæй-еу хатт спектакли фæсте байзайидæ актерти, режиссерти хæццæ æма син райарфæ кæнидæ. Феппайуйнæгтæ дæр имæ куд нæ уидæ, фал сæ уотæ дзоридæ, цæмæй сæ еске æфхуæрди хузи ма балæдæра. Ахид æ медбилти баходидæ æма зæгъидæ: «Уотæ мæмæ кæсуй, цума…» Гъема еци «цумай» адтæй хъæбæр ахсгиаг феппайуйнæгтæ. Театри косгутæй алке дæр зудта. Зудта, ка ни куд цæруй, циуавæр фатери, цæйбæрцæ æй æ мизд…
Фатерти фарста уæддæр хиццаг нæ адтæй, фал гæнæн ку уидæ, уæд театрти косгутæ райсиуонцæ фатертæ. Еу дзамани Ирон театр райста цалдæр фатери, фал нин не ’сфагæ ’нцæ. Еци дзамани Уртати Верæ æ тæккæ исфæлдистади тæмæни адтæй, цæргæ ба кодта зæронд кæлæдздзаг хæдзари æ сæйгæ мади хæццæ. Æз мæхе бахадтон Билармæ, Верæн ести хузи фатер, зæгъгæ. Фал мæ кæронмæ дзорун нæ бауагъта: фагæ бал уин æнцæ.
Мæйæ дæр нæ рацудæй, уотæ мæмæ фæдздзурдта æма мæ фæрсуй:
– Дæ актрисæ Уртати Верæ циуавæр фатери цæруй?
Æз ин радзурдтон, зæронд æрдæгихæлд хæдзари цæруй, зæгъгæ.
Айразмæ дæр дин æй ку загътон…
– Куд гъудæй, уотæ мин æй нæ загътай! Машини фæццæун, кæсун æма нæ актрисити хуæздæртæй еу рацудæй цидæр зæронд хæдзарæй. Æндегæй бакæсгæй, бæрæг нæй, цæрæн хæдзарæ ’й, æви кæркдонæ… Е ци ’й? Ду ба дæхе нигъгъос кодтай. Мæн фæффудгин кодта, фал мин уæддæр æхцæуæн адтæй. Цалдæр боней фæсте Верæ райста нæуæг фатер. Аци дæнцæн уомæн æрхастон, æма нин нæ царди уавæртæмæ æ гъос хъæбæр дардта.
Ирон адæми номдзуд артист Тæбæхсаути Бало ку рамардæй, уæд театрмæ нæ, фæзæмæ дæр æрбацæуæн нæ адтæй. Ири дзиллæ фæстаг лæггадæ кодтонцæ сæ уарзон актерæн. Уæдта айдагъ ирæнттæ æма горæти цæргутæ нæ, делегацитæ æрбацудæнцæ синхон республикитæй – Цæцæнæй, Кæсæгæй, Дагестанæй… Мæнмæ гæсгæ, Къоста æма Исси фæсте уæхæн цити хæццæ неке ма байвардтонцæ. Балой кирæ Ирон театрæй сауæнгæ Иригъæумæ фæсевæд фæххастонцæ сæ къохтæбæл.
Уотæ мæмæ кастæй, цума, Иристони деденæгæй ци адтæй, уони еугурæйдæр ардæмæ æрбахастонцæ. Балой мæрдон над Ирон театрæй, Сабурдзийнади проспектбæл сауæнгæ Ирон аргъауæнмæ адтæй деденгутæй æхгæд. Билар дæр цудæй нæ хæццæ, иннæ хецауадæ æма иуазгути хæццæ. Зиан ку бафснайдтонцæ, уæд синхон иуазгути нæхе фæсевæди къуари хæццæ Билар фæххудта горæтгæрон резиденцимæ.
Билар берæ уарзта Балой. Æ алли исфæлдистадон кустæн дæр ин кодта устур аргъ. Фæстаг æнзти е ’нæнездзийнадæ ку фæллæгъуздæр æй, уæд æй Иристонæй Мæскумæ ци нæ дохтиртæн фæууинун кодта, уæхæн нæ байзадæй. Сæйгæфæрсæг имæ æ хæдзарæмæ дæр цудæй. Гъуди ма кæнун, фæстаг хатт Ленинградмæ ку цудан ирон культури бонтæмæ, уæд си гъæуама «Отелло» дæр равдистайанæ.
Балойæн æй ку загътан, уæд æрмæтъæл æй æма бахъур-хъур кодта: «Мæнæй ма цæй Отелло ес, мæнæ мæ къæхтæбæл туххæй ку цæун». Æз еци хабар ракодтон Биларæн. Е дзæвгарæ расагъæс кодта, уæдта уотæ зæгъуй: «Æнæ Отелло» нæ равдист нæ фæррæстмæ уодзæнæй. Æз дохтиртæй ракордзæнæн, кæд æй минкъий фæррæвдзæдæр кæниуонцæ». Æма уотæ рауадæй. Бало дохтирти фæрци фæссæрæндæр æй æма Ленингради рагъазта Отеллой роли. Куд æй рагъазта, уобæл сæрмагонд статья финсун гъæуй, фал Ленингради æнæгъæнæ къуæре æндæр нецæй кой кодтонцæ. Театралон критиктæ æмхузонæй загътонцæ, газети дæр æй ниффинстонцæ, Бало аци роль айдагъ нæ бæсти нæ, фал дуйней театрти дæр тæккæ хуæздæр ка рагъазта, уонæй еу ке æй. Ке зæгъун æй гъæуй, Билар си адтæй сæрустур. Раст цума æхе сæрмагонд æнтæстдзийнадæ адтæй, уотæ æхцæуæн ин адтæй…
ХЪÆБÆЛОТИ БИЛАР – НÆ ЗУНДГИНДÆР ÆМА КУРУХОНДÆР ЛÆГТÆЙ ЕУ!..
Балойæн æ номерæн мадзали дзоргæй, Билар ци дессаги рæсугъд гъудитæ загъта, етæ, гъулæггагæн финст некæд некæми æрцудæнцæ. Æ дзубанди адтæй цубур, фал æцæгæйдæр номдзуд артисти аккаг. Уæдта æ дзубандий айдагъ нæхе артисти кой нæ кодта, нæ иуазгутæ ци республикитæй адтæнцæ, уони туххæй дæр загъта берæ зæрдæмæдзæугæ зæгъуйнæгтæ, уæлдайдæр ба Кæсæгæй. Кæсгæнтти хæццæ дзурдта сæхе æвзагбæл. Е син хъæбæр æхцæуæн адтæй. Сæхуæдтæ нин куд загътонцæ, уотемæй Билар кæсгон æвзаг зудта хъæбæр хуарз.
Еци фингæбæл махмæ нæ еугуремæ дæр уотæ кастæй, цума нæ хестæр обкоми секретарь нæй, фал аййевади устур дæсни адæймаг. Фæббадтан, æвæдзи, дууæ сахаттей бæрцæ, фал, рæстæг куд райевгъудæй, уой лæдæргæ дæр неке бакодта. Иуазгутæ дæр, мах нæхуæдтæ дæр дестæгæнгæй Билармæ игъустан.
Фæстагмæ нин бакастæй скъуддзæгтæ Гетей «Фауст»-æй. Кастæй уруссагау, сабур, арф æнкъарæнти хæццæ. Автори гъудий акценттæ уотæ бæлвурд æвардта, æма нæмæ, мæнмæ гæсгæ, автор иннæ дуйнейæй ку игъустайдæ, уæддæр имæ неци фау æрхастайдæ. Фингæй ку исистадан æма тургъæмæ ку рахизтан, уæд мæмæ нæ иуазгутæй алкедæр æрбацæуидæ æма мин зæгъидæ: ци хъал айтæ, аййевади косгутæ, уæхæн разамонæг кæмæн ес. Ке зæгъун æй гъæуй, мах дæр си сæрустур куд нæ адтайанæ…
Билари туххæй берæ дзорæн ес. Дæс æма инсæй анзи фæккуста республики разамонæгæй. Берæ ин бантæстæй. Уал анземæ ин фæззиндтæй берæ лимæнтæ, æ кустæн ин æцæг аргъ ка кодта, уæхæнттæ. Уæдта айдагъ Иристони нæ, фал æнæгъæнæ Цæдеси дæр. Уой рæстæги куд дзæбæх цардан иннæ адæмти хæццæ! Адтæй ин знæгтæ дæр, æ нихмæ ка тох кодта, уæхæнттæ, фал уони нимæдзæ адтæй минкъий. Уотæ ку зæгъæн, æма, Билар æ кусти даргъ надбæл æнæ рæдуд адтæй, уæд е раст нæ уодзæнæй. Царди уотæ нæ фæууй. Еухатт ин рагъаст кодтон, зæгъун мæ Ирон театри разамонæгæй ку исæвардтай, уæд мин берæ знæгтæ фæззиндтæй. Е бахудтæй æма мин уотæ зæгъуй: «Разамонæги гъуддаг фидæй-фуртмæ уотæ адтæй æма уотæ уодзæнæй. Æнæ знаг разамонæг цæй разамонæг æй!» Мæ зæрдæбæл бадардтон еци дзурдтæ.
Иристони лæгтæй адæмæн фулдæр ка балæггадæ кодта, уонæй еу адтæй Хъæбæлоти Билар, нæ зундгиндæр æма курухондæр лæгтæй еу…
1997 анз.