26 декабря 2024

ХУАРЗДЗИЙНАДӔ ЗӔРДИ БЕРӔ ЛӔУУЙ!..

21.01.2022 | 16:55

Аци анз ци берӕ цитгийнаг хабӕрттӕ гъӕуама бӕрӕггонд ӕрцӕуонцӕ, уонӕн, махмӕ гӕсгӕ, сӕ сӕйрагдӕртӕй ӕй – Советон Социалистон Республикити Цӕдес арӕзт ку ‘рцудӕй, уобӕл 30 декабри исӕнхӕст уодзӕнӕй сӕдӕ анзи. Гъулӕггагӕн, ӕ еци бӕрӕгбонмӕ Цӕдес нӕ фӕццардӕй – дӕс ӕма инсӕй анзей размӕ (1991 анзи) цидӕр фудмиути азарӕй фехалдӕй.

Уӕди уӕнгӕ уой медӕгӕ ӕмбарӕй ӕма зӕрдрохсӕй ци республикитӕ цардӕнцӕ, етӕ еци ӕнамонд цауи бӕлахӕй абони ци тухстдзийнӕдтӕ ӕвзарунцӕ ӕма си кӕцидӕртими ци ӕдзӕлгъадӕ цаутӕ цӕуй, етӕ айдагъ сӕхецӕн нӕ, фал махӕн дӕр сагъӕссаг ӕнцӕ.

Е уоййасӕбӕл сагъӕссаг фарста ‘й, ӕма ибӕл фӕстӕдӕр бӕлвурддӕрӕй ӕрдзордзинан. Абони ба уой зӕгъуйнаг ан, ӕма нӕ зӕрди ес ССР Цӕдеси исарӕзти сӕдӕ анзей фӕдбӕл рӕстӕгӕй-рӕстӕгмӕ хецӕн ӕрмӕгутӕ мухур кӕнун. Ӕма еци гъуддаг ба идайӕн, мӕнӕ абони ци уац мухур кӕнӕн, уомӕй.

Еу цъеу, дан, авд ӕвзагемӕй дзурдта, фал ӕй цъеусор ку расурдта, уӕдта си ӕхе ӕвзаг дӕр феронх ӕй. Раст гъе уӕхӕн цау ӕрцудӕй махбӕл дӕр. Кӕддӕр хъӕбӕр сӕрустурӕй цийни зартӕ кодтан нӕ Советон Цӕдесбӕл – е адтӕй ӕмбарӕ, ӕмзунд, ӕмзӕрдӕ адӕмтӕ-ӕнсувӕрти Цӕдес. Ӕности дӕргъи хецӕнтӕй ци адӕмтӕ цардӕнцӕ, етӕ барвӕндонӕй сӕ цард, сӕ тох, сӕ фӕллойнӕ байеу кодтонцӕ. Уой размӕ сӕ гӕнӕнтӕ ӕма фадуӕттӕ ӕмхузон кӕми адтӕнцӕ, фал байеу уни фӕсте сӕ еумӕйагдзийнади ба сӕ равгитӕ исӕмхузон ӕнцӕ, кӕрӕдзебӕл еузӕрдиуон адтӕнцӕ, еу инней гъолон нӕ кодта. Ӕнӕнвӕрсон цӕстӕй си неке некӕмӕ кастӕй. Ӕ ӕрдзи гъӕздугдзийнӕдтӕ, ӕ уодигъӕди рӕсугъддзийнадӕ си еу иннемӕн не ’вгъау кодта. Еске, зӕгъӕн, зин уавӕри бахаудтӕй, кенӕ ибӕл ести бӕлах ӕрцудӕй, уӕд еунӕгӕй нӕ райзадайдӕ, еумӕйагӕй ин иннӕ адӕмихӕттитӕй, ци сӕ бон адтӕй, уомӕй фӕййагъаз кодтайуонцӕ. Сӕ царди нисантӕ адтӕнцӕ еу, сӕ балци дӕр – еу. Кӕмидӕриддӕр – ӕнсувӕртӕ, хуӕртӕ, ӕмтохгӕнгутӕ, цардаразгутӕ…

 

Фудголи дзубандий царди тӕф ма агорӕ!..

Еци уавӕр Советон Цӕдеси хумӕтӕг адӕмӕн ӕхцӕуӕн куд нӕ адтайдӕ. Кедӕрти, бӕлвурддӕр ба, не ’знӕгти зӕрдӕмӕ ба нӕ цудӕй, сӕ маст сӕ хъурӕй калдӕй. Нихӕй-нихмӕ истохунӕй ин сӕ бон неци адтӕй. Ӕма уӕд, исфӕндӕ кодтонцӕ хийнӕй Цӕдесбӕл рацӕун – медӕгӕй ӕй фехалун. Уой туххӕй бунисафгутӕ иссирдтонцӕ нӕхе ’хсӕн. Абони ӕнӕ фурмӕстӕй ӕ кой кӕмӕн нӕ кӕнӕн, еци Ельцин ӕма уой хузӕн цъеусортӕ аллайаг ниуӕзти фӕсте ухерий тухстӕй сӕ цъамар миуӕ бакодтонцӕ – адӕм уой размӕ сӕрмагонд референдуми Советон Цӕдес багъӕуай кӕнӕн, зӕгъгӕ, сӕ фӕндӕ ӕмхузонӕй ке загътонцӕ, уой нецӕмӕ ӕрдаргӕй, фехалдтонцӕ Советон Цӕдес – нӕ еци федауцӕ еумӕйаг Галауан. Мах ба?.. Етӕ фуррасугӕй фудмиуӕ бакодтонцӕ, фал мах, советон адӕм, ӕнӕгъӕнӕ дуйнейи дӕр нифс ӕма хъаурӕ устур нимади кӕмӕн адтӕй, еци адӕм, мӕнӕ раздӕр ке кой ракодтан, еци цъеуи гъос цӕмӕн фӕцӕй?

Ка ’й зонуй, уомӕ гӕсгӕ дӕр, ӕма нӕуӕг «хецӕуттӕ» нин нӕ сӕризунд ниффесинмӕ кодтонцӕ сӕ сайӕн дзубандийӕй, ӕма мах дӕр сӕ фӕдбӕл ниййарц ан – нӕ фидтӕлти загъдау, мулдзугӕн е ’сӕфт ку ’рцудӕй, уӕд ибӕл базуртӕ ӕрзадӕй. Бӕргӕ ма фӕсмон кӕнӕн…

Советон Цӕдес куддӕр фехалдӕй, уотӕ ибӕл ӕ бабунгӕнгутӕ ӕма уони хъозӕнттӕ ци хузи цъифкалӕнтӕ ба нӕ кодтонцӕ. Уӕд игъустӕй айдагъдӕр уони дзӕнгӕда, рӕстдзийнадӕ ка загътайдӕ, уонӕмӕ ба дзурди барӕ нӕ хаудтӕй. Фал алли рӕстӕгмӕ дӕр ес еу менеуӕг – цийфӕнди сау мегътӕ ку ӕрбамбурд унцӕ арвбӕл, уӕддӕр – уа нӕ уа – ӕрбадумуй кӕдзосгӕнӕг думгӕ. Ӕма рӕстдзийнади уӕхӕн думгитӕ ниххӕлеу кодтонцӕ «нӕуӕг цард аразгути» дарӕстӕ сӕхебӕл ка искодта, еци гадзирахаттӕй цӕугути цъамар ӕримисӕггӕгтӕ ӕма хахуртӕ. Нур ӕргомӕй зӕгъгӕй, ке фудӕй ӕма цӕй туххӕй дӕрӕнгонд ӕрцудӕй Советон Цӕдес. Паддзахади разамундмӕ бабурдӕнцӕ, еци гъуддаг кӕмӕн ихӕсгонд адтӕй, етӕ – куд загъдӕуй, кӕсалгӕ ӕ сӕрӕй ӕмбуйун райдайуй. Берӕ ибӕл нӕ дзордзинан, фал фиццагидӕр фудгин ӕнцӕ, куд партий Центрон Комитет, уотӕ уӕди паддзахадон ӕдасдзийнади Комитети разамунд, кӕцитӕ сӕ комкоммӕ ихӕстӕ нӕ исӕнхӕст кодтонцӕ.

Е нӕ, фал ма зонгӕ-зонгӕй архайдтонцӕ Цӕдеси фехӕлдбӕл.

Уой фӕдбӕл цӕмӕй сӕрмагонд службити историкти Ассоциаций иуонг Алексей Мухин кӕддӕр куд загъта: «Сохранить накопленный к тому времени верхушкой ЦК и КГБ средства, аккумулированные в банках, настало время стать легальными олигархами».

Ӕма абони нӕ уинетӕ, нӕ олигархтӕ ка ’нцӕ, уони? Уӕди советон рӕстӕгути сӕмӕ адӕми сагъӕс ку нӕ адтӕй, уӕд нур ба, сӕхеуон сӕхе ку фӕцӕй, уӕд ма сӕ хъӕбӕр гъӕуӕн…

Лӕг, дан, ку фӕммӕгур уй, ӕ зӕронд ихӕстӕбӕл уӕд фӕххӕтуй. Нӕ фидтӕлти аци загъдмӕ гӕсгӕ, мах дӕр абони гъӕуама зӕгъӕн нӕ сӕйрагдӕр домӕн: нӕ советон, алцӕмӕй дӕр ӕнхӕст бартӕ гъӕуама адӕмӕн ӕздӕхт ӕрцӕуонцӕ.

 

Еумӕйаг дзиккайӕй берӕ царв ӕнтӕсуй!..

Алли бӕсти, алли адӕми историй дӕр ес, сӕ карни нӕуӕг, зӕрдӕмӕдзӕугӕдӕр исонибон аразуни фӕндӕ сӕмӕ кӕми фӕззиннуй, уӕхӕн догӕ. Нӕ берӕнацион Райгурӕн бӕстӕн уӕхӕн бон иссӕй 1922 анзи 30 декабрь. Уӕд Советти фиццаг Еугурцӕдесон съезд фӕсседтӕй, Советон Социалистон Республикити Цӕдес арӕзт ке ӕрцудӕй, уой.

Еци бон муггагмӕ байзайдзӕнӕй адӕми зӕрдити, нӕ паддзахади историмӕ ӕностӕмӕ бацӕудзӕнӕй, уӕди уӕнгӕ дӕр ӕма уой фӕсте дӕр си ци агъазиау ӕма ахсгиаг цаутӕ ‘рцудӕй, уони ӕмрӕнгъӕ. «Сӕребарӕ республикити федар Цӕдес» – нӕ Советон паддзахади Гимни еци дзурдтӕ поэти ӕргъудигонд нӕ адтӕнцӕ, цард, не ’цӕгдзийнадӕ сӕ исӕвзурун кодта.

Историй ка некӕдма адтӕй, косгути ӕма зӕнхкосгути уӕхӕн берӕнацион паддзахадӕ агъазиауӕй ӕрлӕудтӕй деси бацӕугӕ дуйней размӕ.

Тӕккӕ цубурдӕр ӕмгъудмӕ, вазуггин дуйнеуон уавӕри кӕронгонд ӕрцудӕй раздӕри паддзахади кӕрӕнтти цӕрӕг адӕмихӕттити экономикон ӕма культурон фӕстезаддзийнадӕн, хъодигонд ӕрцудӕй нацити ’хсӕн ӕцӕг ӕнӕмбарӕдзийнадӕбӕл. Сӕ гӕнӕнтӕ хуӕздӕр кӕмӕн адтӕнцӕ, еци республикитӕ гъӕуама агъаз кӕнонцӕ, фӕккӕсуйнагдӕр ка адтӕй, уонӕн – уӕхӕн уагӕбӕл ӕнхӕстгонд цудӕй еци ихӕс. Ӕндӕр хузи ӕй ралух кӕнуни мадзал уогӕ дӕр нӕ адтӕй.

Историон ӕгъдауӕй цубур рӕстӕгмӕ – ӕртинсӕй анземӕ – советон республикити ӕ экономикон ирӕзт исӕмхузон кӕнуни ихӕс, еумӕ райсгӕй, ӕнхӕстгонд ӕрцудӕй. «Бӕсти кӕрон», зӕгъгӕ, еци дзурдӕй ма пайдагонд цудӕй айдагъдӕр географион ӕгъдауӕй, социалон ӕма экономикон уагӕбӕл ба уӕхӕн гъуди ӕнгӕрон дӕр нӕбал адтӕй.

Е уобӕл дзорӕг ӕй, ӕма еугур 15 цӕдесон республики дӕр сӕйраг бӕрӕггӕнӕнтӕ – национ ӕфтуйаг еу уодгоймаги хигъдмӕ, фӕллойни техникон ефтонгдзийнадӕ ӕма ма берӕ ӕндӕр социалон-экономикон ӕвдесӕнтӕй исӕмхузон ӕнцӕ. Зӕгъун ӕнгъезуй, ӕма еугур республикитӕ сӕ райрӕзти исхизтӕнцӕ, еци гъуддаги ӕностӕ ке багъудӕй, еци исирӕзгӕ европаг бӕстити ӕмбӕрцӕ къӕпхӕнмӕ. Ӕмбесонди хузӕн тагъд ирӕзтӕй экономикӕ еунӕг цӕдесон республикити нӕ, фал, еугур автономон республикити ӕма облӕстти дӕр.

Нӕ Райгурӕн бӕсти еугур адӕмтӕ дӕр сӕ берӕ ӕнзти царди фӕлтӕрддзийнадӕй базудтонцӕ Советон Социалистон Республикити Цӕдеси ке байеу ӕнцӕ, е син ци устур хуарздзийнӕдтӕ равардта исонибон ӕнтӕстгинӕй аразунӕн, ци урух фадуӕттӕ игон син кодта, уой.

Уомӕн ирд ӕвдесӕн – Цӕгат Иристон.

… Е советон хецаудзийнади ӕнзти ӕносон фӕстезадӕй рацудӕй социалон ирӕзти надбӕл. Республики ӕрфедар ӕнцӕ тӕккӕ раззагдӕр ӕхсӕнадон рахастдзийнӕдтӕ, исирӕзтӕй ӕ экономикӕ, наукӕ ӕма культурӕ, хуӕздӕр ӕма рӕсугъддӕр кодтонцӕ ӕ сахартӕ ӕма гъӕутӕ, ирӕзтӕй алли бийнонти материалон фӕрнугадӕ дӕр.

 

Цард базургин ке искӕнуй, тӕхгӕ дӕр е кӕнуй ӕндиудӕй

Кавказ ӕма Уӕрӕсей адӕмти хӕлардзийнадӕн адтӕй арф уедӕгтӕ. Етӕ бӕрӕгдӕрӕй зиндтӕнцӕ адӕмти историон карни еухузондзийнади, кавказаг-уруссаг адӕмти хӕстӕгдзийнадӕмӕ рагон бӕлди, уӕрӕсейаг пролетариатти хӕццӕ еумӕ фӕллойнӕгӕнгути социалон ӕма национ ӕфхуӕрддзийнади нихмӕ тохи.

Еугуруӕрӕсеуон Центрон Ӕнхӕстгӕнӕн Комитет 1924 анзи 7 июли ци унаффӕ рахаста, уой бундорбӕл арӕзт ӕрцудӕй Цӕгат Иристони автономон облӕст, 1936 анзи ба Цӕгат Иристон иссӕй Автономон Советон Социалистон Республикӕ.

Советон адӕмти ӕнсувӕрон бийнонти ‘хсӕн уогӕй, Цӕгат Иристон цубур ӕмгъудмӕ ӕнтӕстгинӕй рацудӕй сӕдӕгай ӕнзтӕ цӕун кӕбӕл гъудӕй, уӕхӕн экономикон, социалон ӕма культурон ирӕзти надбӕл.

Адӕмон хӕдзарадӕ ӕ къахбӕл ислӕуун кӕнуни ӕнзти ӕма фиццаг фондзанзони ӕвӕрд ӕрцудӕнцӕ нӕ республики индустрийи бундортӕ. Энергетики фиццагигурд – Гизӕлдони ГЭС аразунӕн агъаз кодта еугур бӕстӕ. Ӕма еци электростанцӕ ку ӕркуста, уӕд е устур цау иссӕй Цӕгат Иристони дзиллӕн. Нӕ номдзуд поэт Багъӕрати Созур е ‘мдзӕвгӕ «Нӕ цийни бон»-и уотӕ финста:

 

Зарӕ, ирон, абони бон

Махӕн ку ӕй цийни бон.

Ленин ӕма партий фӕрци

Ходуй нӕмӕ Гизӕлдон.

 

Хор нӕбӕл ӕрттевгӕ тунтӕ

Тар къумтӕмӕ нивӕндуй.

 

Бӕсти берӕ республикити, крайти ӕма облӕстти агъазӕй бундоронӕй нӕуӕг хузи арӕзт ӕрцудӕй завод «Электроцинк», исирӕзтӕнцӕ Европи тӕккӕ устурдӕр Беслӕни маисон комбинат ӕма ӕндӕр кустуӕттӕ.

Мах сӕ худтан адӕмти хӕлардзийнади арӕзтӕдтӕ.

Бӕсти берӕ республикитӕй ӕма облӕсттӕй ӕрцӕуӕг минӕвӕрттӕ тугъди фӕсте исаразтонцӕ «Победит», «ОЗАТЭ», «Электроконтактор», электрон цирӕгъти завод, къӕразгӕмбӕрзӕнтӕ ӕма цъиндагӕнӕн фабрикитӕ, Орджоникидзей ӕма Эзмини ГЭС-тӕ.

Нӕ кустуӕтти цидӕриддӕр арӕзт цудӕй, е къохи ӕфтудӕй республики берӕнацион дзилли бӕгъатӕр фӕллойни фӕрци. Буcтӕги ӕнахургонд кенӕ киунугӕ зинтӕй ка кастӕй, уони бӕсти заводтӕ ӕма фабрикити косун райдӕдтонцӕ астӕуккаг скъола, астӕуккаг сӕрмагонд ахургӕнӕндонӕ кенӕ институт каст ка фӕцӕй, уӕхӕнттӕ. Е фадуат равардта, 1924 анзи хӕццӕ рабаргӕй, фӕллойни ӕнтӕстдзийнадӕ цалдӕр сӕдӕ хатти фӕффулдӕр кӕнунӕн.

Ӕхе дзӕвгарӕ раййивта гъӕууон хӕдзарадӕ. Нӕ адӕм адтӕнцӕ зӕнхӕ гъӕуагӕ. Зӕнхӕн сӕмӕ адтӕй ӕдеугурӕй ӕ 13 проценти, иннӕ ба адтӕй бонгинти къохти. Сӕдӕ хӕдзарей хигъдмӕ Иристони адтӕй ӕдеугурӕй 7 дзубури, 28 готони ӕма 46 похций. Ӕстонг ӕма тухст цард кодта уӕди зӕнхкосӕг. Евгъуд ӕноси 80-аг ӕнзти ба нӕ республики адтӕй 4 мин трактори, 1600 комбайни, 3900 уӕзласӕн автомобили ӕма ӕндӕр нуриккон техникӕ.

Уогӕ нимӕдзӕ ци ’й ӕнӕ ӕ исаразӕгӕй – адӕймагӕй. Нӕ зундгонд поэт Тетцойти Таймораз е ’мзӕнхонти туххӕй хумӕтӕги нӕ финста:

 

Куст ӕма лӕгдзийнадӕй

Аразунцӕ дзиллӕн

Уарзт ӕма ундзийнадӕ…

Сӕрустур адтӕй поэт е ‘мзӕнхонтӕй, уомӕн ӕма «сӕ амондмӕ кӕсунцӕ кусти сойни бунӕй…»

Зӕгъун гъӕуй уой, ӕма устур кадӕ адтӕй уӕди рӕстӕгути хумӕтӕги фӕллойнӕгӕнӕгӕн. Ӕнӕгъӕнӕ республики дӕр зундгонд адтӕнцӕ сӕ хуӕздӕрти хуӕздӕртӕ: завод «Победит»-и ӕндадзӕг, СЦКП-ий XXVI съезди делегат, Фӕллойнадон намуси ӕртӕ орденей кавалер Борис Ефременко, Орджоникидзей хуйӕн кустадон еугонди косӕг, Социалистон Фӕллойни Бӕгъатӕр Къесати Ксеня, «Цӕгатиргражданарӕзтади» асфальтгӕнгути бригадир, республики Сӕйраг Совети депутат Аванес Саакянц, Мӕздӕги къӕразгӕмбӕрзӕнти фабрики тунуафӕг СЦКП-ий XXVI съезди делегат Зоя Нечипуренко, хӕдзӕрттӕаразӕн комбинати комплексон бригади бригадир Николай Момот, Орджоникидзей авги заводи геппиуадзӕг машинист Тезити Зинаидӕ, еугонд «Цӕгатируӕледарӕс»-и хъумацкӕрдӕг Галинӕ Шуренко ӕма берӕ ӕндӕр хъазауатон фӕллойнӕгӕнгутӕ.

 

«БӔРГӔ, ЕЦИ РӔСТӔГУТИ ХУАРЗДЗИЙНАДӔ МА НӔ АДӔММӔ КУ РАЗДӔХИДӔ…»

Советон доги нӕ адӕмон хӕдзаради хъазауатонтӕй еу, Орджоникидзей завод «Магнит»-и фрезеровщик, Социалистон Фӕллойни Бӕгъатӕр Ногъайти Дзабой фурт Федорӕн (1930-2010) кӕддӕр нӕ газети ци уац ниммухур кодтан, уоми уӕд уотӕ загъта:

– Нуриккон «цардаразгутӕ» цийфӕнди цъифкалӕнтӕ ку кӕнонцӕ Советон Цӕдесбӕл,  цийфӕнди хахуртӕ ку имисонцӕ советон цардиуагӕбӕл, уӕддӕр ӕй мах, еци рӕстӕгути ка цардӕй, нӕхуӕдтӕ хъӕбӕр хуарз зонӕн, ци куд адтӕй, уой. Ӕма ’й рӕстзӕрдӕй зӕгъун: махӕн, фӕллойни адӕмӕн устур бартӕ равардта нӕ уарзон Райгурӕн бӕстӕ, алли адӕймагӕн дӕр байгон кодта царди рохс над ӕма уобӕл нифсгунӕй ӕ карни нисантӕмӕ цӕунӕн равгитӕ ӕнхӕстӕй лӕвардта.

Зӕгъдзӕнӕн мӕхе туххӕй. Мӕ ниййергутӕ адтӕнцӕ хъиамӕтгун зӕнхкосгутӕ, зудтонцӕ айдагъдӕр уӕнгдухӕй косун. Мӕ фӕлтӕр ба ӕй фӕстугъди фӕлтӕр. Тугъди рӕстӕги пурхӕ ка ’рцудӕй, еци адӕмон хӕдзаради ӕхсицгӕн гъудӕй косӕг къохтӕ, ӕма мах цудан, нӕ сӕр хъӕбӕрдӕр кӕми гъудӕй, уордӕмӕ. Косӕги дӕсниӕдтӕ нин лӕвардтонцӕ фабрикити-заводти ӕма ремесленнон училищети. Ӕз дӕр еу дӕсниадӕ райстон 1949 анзи. Уӕдӕй фӕстӕмӕ завод «Магнит»-и кустон фрезеровщикӕй. Боз дӕн мӕ фиццаг зундамонӕг коммунист Михаил Александри фурт Егоровӕй. Е берӕ уарзта ӕ дӕсниадӕ, кӕддӕриддӕр мин цӕттӕ адтӕй фӕййагъаз  кӕнунмӕ.

Нӕ паддзахади устур уӕлахез е адтӕй, ӕма нӕмӕ косӕг адӕймагӕн кадӕ ке адтӕй. Нӕ республики кустади раззагдӕртӕй беретӕн, ме ’мкосгутӕн лӕвӕрд ӕрцудӕй паддзахадон хуӕрзеугутӕ, иссӕнцӕ адӕмон депутаттӕ. Ӕз боз дӕн Райгурӕн бӕстӕй, мӕ фӕллойнӕн мин уӕхӕн устур аргъ ке искодтонцӕ, ӕма мин лӕвӕрд ке ‘рцудӕй Социалистон Фӕллойни Бӕгъатӕри ном.

Советон доги устур хуарздзийнадӕ ма е адтӕй, ӕма адӕм еузӕрдиуонӕй архайдтонцӕ еумӕйаг нисанти сӕрбӕлтау. Мах нӕ зӕрдӕбӕл дардтан: куд хуӕздӕр косӕн, уойбӕрцӕ цӕргӕ дӕр кӕндзинан хуӕздӕр. Уойбӕрцӕ домбайдӕр ӕма рӕсугъддӕр уодзӕнӕй нӕ уарзон Райгурӕн бӕстӕ – нӕ еумӕйаг райдзаст урух хӕдзарӕ. Еци хӕдзари хецау ӕма ӕ амонд аразӕг ба адтӕй фӕллойнӕгӕнӕг адӕймаг.

Уӕхӕн гъудий хӕццӕ цӕргӕй ӕма косгӕй нин ӕнтӕсгӕ дӕр кодта фулдӕр, уӕдта нӕ зӕрдитӕ дӕр цийнӕйдзаг адтӕнцӕ. Бӕргӕ, еци рӕстӕгути хуарздзийнадӕ ма нӕ адӕммӕ ку раздӕхидӕ…

 

РЕДАКЦИЙӔЙ: Ногъайти Федори хӕццӕ  дзубанди мухурмӕ ка цӕттӕ кодта, е куд дзурдта, уотемӕй, советон доги туххӕй дзоргӕй, аци хъиамӕтгун лӕги цӕсгон барохс уидӕ. Фал «нӕуӕг цардарӕзти» уавӕрти туххӕй ку рацӕуидӕ дзубанди, уӕдта арф нийнӕфидӕ. Ӕма ’й балӕдӕрун ӕнгъизтӕй… Нӕ кӕддӕри тухгин кустуӕттӕ «нӕуӕг  экономикӕ» аразгути сӕргъӕн миути фудӕй дӕрӕнгонд ке ӕрцудӕнцӕ, уомӕ рӕстзӕрдӕ фӕллойнӕгӕнӕг ӕнцад зӕрдӕй куд кӕса?! Ӕ цӕститӕ ницъцъундӕ кӕна? Нӕ фидтӕлти загъдау «Зӕрдӕ ку реса, уӕд хъӕрӕу цӕстӕй дӕр цӕстисуг цӕуй»…

 

Гъӕубӕстӕ цитгин ӕй ӕ адӕми фӕллойни фарнӕй

Республикӕ сӕрустур адтӕй будуртӕ ӕма фермити дӕсни косгутӕй: Кирови райони колхоз «Кавказ»-и нартихуари кустгӕнгутӕ Социалистон Фӕллойни Бӕгъатӕртӕ Дзгойти Еруслан ӕма Нӕкусати Дӕгкойӕй, Ирӕфи райони Калинини номбӕл колхози механизатор, Фӕллойнадон Намуси ӕртӕ орденей кавалер Хадати Ахурбегӕй, Мӕздӕги райони колхоз «Сурх Иристон»-и комплексон бригади бригадир ССР Цӕдеси Паддзахадон премий лауреат Гасити Петр ӕма гъогдоцӕг Мария Краморовайӕй, Горӕтгӕрон райони колхоз «Чермен»-и звеновод Социалистон Фӕллойни Бӕгъатӕр Алӕгати Темирбийӕй, Рахесфарси райони Хъантемурти Алибеги номбӕл бӕхти заводи гъогдоцӕг, Социалистон Фӕллойни Бӕгъатӕр Гогичати Назойӕй, Дигори райони колхоз «Октябри 50 анзи» механизацигонд къуари звеновод ССР Цӕдеси Сӕйраг Совети депутат Елджарти Артурӕй ӕма Горӕтгӕрон райони колхоз «Ильичи фӕдзӕхститӕмӕ гӕсгӕ»-йи механизатор СЦКП-ий XXVI съезди делегат Георгий Прокопенкойӕй, Ирӕфи райони Ленини номбӕл колхози гъогдоцӕг партий обкоми иуонг, Фӕллойни Намуси дууӕ ордени ӕма ӕндӕр устур паддзахадон хуӕрзеугути кавалер Гуӕздӕрти Викторӕй, гъӕууонхӕдзарадон къабази номдзуд разамонгутӕй, Социалистон Фӕллойни Бӕгъатӕртӕ: Ӕрӕдони райони Хетӕгкати Къостай номбӕл колхози сӕрдар Мӕрзойти Хъазбег ӕма Мӕздӕги райони колхоз «Сурх Хъизлар»-и сӕрдар Хугати Хазбийӕй ӕма гъӕууон хӕдзаради берӕ ӕндӕр намусгин косгутӕй.

Адӕмон хӕдзаради аллихузон къабӕзти паддзахадон пълантӕ ӕнхӕст кӕнуни гъуддаги сӕ къохи устур уӕлахезтӕ ке ‘фтудӕй, уой туххӕй Социалистон Фӕллойни Бӕгъатӕри ном лӕвӕрд  ӕрцудӕй не ‘мзӕнхонтӕй дууинсӕй адӕймагемӕй фулдӕремӕн (раст зӕгъгӕй, уонӕй кадӕртӕ еци ном райстонцӕ нӕ бӕсти ӕндӕр рауӕнти косгӕй). Сӕдӕгай колхозонтӕ ӕма косгутӕн равардтонцӕ Советон Цӕдеси ордентӕ ӕма майдантӕ.

Абони ма уӕхӕн кадӕ кӕми ес хумӕтӕг фӕллойнӕгӕнӕгӕн. Ӕркӕсайтӕ газеттӕмӕ: паддзахадон хуӕрзеугутӕ кӕд раттунцӕ, уӕддӕр фулдӕр артисттӕн, спортсментӕн, хецӕуттӕн. Цума устур къасаратӕ басастонцӕ! Зӕгъӕн, уотӕ ке исцитгин кӕнунцӕ, еци хецауеуӕггӕнгутӕ уанӕбӕрӕг цӕмӕй фескъуӕлхтӕнцӕ? Разамунд ци кустуӕттӕн, къабӕзтӕн дӕттунцӕ, етӕ ӕгудзӕг уавӕри цӕмӕн ӕнцӕ?..

 

Фидибӕсти сӕрустурдзийнадӕ – тугъди ӕма фӕллойни Бӕгъатӕртӕ

Уогӕ хецауади сӕри дӕр цидӕр раст гъудитӕ бацӕуй рӕстӕгӕй-рӕстӕгмӕ. Багъардта сӕмӕ е дӕр, ӕма ӕнӕ хумӕтӕг косӕгӕй неци ес исаразӕн, уомӕ гӕсгӕ ба ин гъӕугӕ хузи кадӕ кӕнун гъӕуй.

Финддӕс анзей размӕ Паддзахадон Думи унаффӕй нисангонд ӕрцудӕй нӕуӕг бӕрӕгбон – Фидибӕсти Бӕгъатӕри бон. Бӕрӕггонд фӕццӕуй 9 декабри.

Бӕрӕгбонӕн ес историон уедӕгтӕ: 1769 анзи 9 ноябри (зӕронд нимадӕй ба 26 ноябри) императрицӕ Екатеринӕ II ӕ указӕй иснисан кодта сӕйраг ӕфсӕддон хуӕрзеуӕг – Сугъдӕг Геуӕргий Уӕлахезхӕссӕги орден. Лӕвӕрд цудӕй Фидибӕсти сӕрбӕлтау тохи бӕгъатӕрдзийнадӕ равдесӕг тугъдонтӕн.

Мӕнӕ ци бӕрӕгбони кой кӕнӕн, уой бӕрӕг кӕнгӕй цитгингонд фӕццӕунцӕ Советон Цӕдеси Бӕгъатӕртӕ, Социалистон Фӕллойни Бӕгъатӕртӕ, Уӕрӕсей Бӕгъатӕртӕ, Сугъдӕг Геуӕргий ӕма Намуси ордени ӕнхӕст кавалертӕ – ӕ цард ӕма ӕ фӕллойнӕ Райгурӕн бӕстӕ федар ӕма намусгин ка кӕнуй, еци патриоттӕн.

Бӕгъатӕртӕ… Аци дзурд ихӕсгин кӕнуй мах нӕ намусгин фидтӕлти фарни гъуддӕгутӕй фӕнзун, нӕ абони царди сӕ идарддӕр кӕнун. Уадзӕ, ӕма нури ӕригӕнттӕ уомӕ гӕсгӕ тундзонцӕ аккагӕй цӕрунмӕ, патриоттӕ исунмӕ ӕма лӕгдзийнадӕ ӕвдесонцӕ. Ӕцӕг сӕ еци лӕгдзийнадӕ ма багъӕуӕд тугъди будури, фал сабур царди сӕрбӕлтау хъазауатон фӕллойни, исфӕлдистади, спорти.

Бӕргӕ еци гъуддаг ку исбайлӕгъ уидӕ ӕма не ’хсӕнади хъаурӕ ӕма бӕрнадӕ кӕмӕй аразгӕ ’й ӕма ’й ӕцӕгӕй аразгӕ дӕр ка кӕнуй, уонӕн аккаг кадӕгонд куд цӕуа. Куд иснӕуӕг уонцӕ, советон доги ци хуарздзийнӕдтӕй тухгин адтан, етӕ. Зӕгъӕн, уӕди цардиуаги фӕтки фӕрци айдагъ нӕ Цӕдес нӕ, фал ӕнӕгъӕнӕ дуйней дӕр игъустгонд адтӕнцӕ нӕ ахургӕндтӕ, нӕ аййевади архайгутӕ, финсгутӕ, хузӕгӕнгутӕ… Еузагъдӕй, нӕ адӕми ӕносон бӕлдӕ исӕнхӕст ӕй – хумӕтӕги адӕймагӕн урух байгон ӕнцӕ зонундзийнӕдтӕ ӕма культури хӕзнадӕнтти дуӕрттӕ. Ӕма уони къӕсӕрбӕл бакъахдзӕф кӕнгӕй, е уоми хӕзнатӕй хумӕтӕги пайда нӕ кодта, фал гъӕздугдӕр кодта ӕхе дӕсниадӕй ӕма ӕ адӕми уодварни бӕркӕдтӕй.

 

Ниххатир кӕнӕ,

Советон Цӕдес, –

багъӕуай кӕнун дӕ нӕ бафӕразтан…»

Не ’знӕгтӕн ма е дӕр бантӕстӕй ӕма ӕнсувӕрон культурити кӕрӕдземӕй фӕххецӕнтӕ кодтонцӕ, се ’хсӕн син, бахезӕн кӕбӕл нӕбал ес, уӕхӕн горинттӕ исаразгӕй. Къурутӕ ӕма ни хъӕрӕутӕ рауайун кодтонцӕ, нӕбал зонӕн сауӕнгӕ нӕ алфамбулай ци адӕмтӕ цӕруй, уони аййевадӕ, литератури ци ес нӕуӕгӕй, бафӕнзуйнагӕй. Хуарз ӕма ма нӕмӕ уӕддӕр хаттӕй – хатт фӕззиннунцӕ нӕ синхаг республикикти зундгонд аййевадон коллективтӕ, арӕзт ӕрцӕуй исфӕлдистадон къабӕзти дӕснити фембӕлдтитӕ.

Уогӕ аййевадӕ цидӕриддӕр фӕууӕд, фал раздӕри ӕнсувӕрон республикитӕн Советон Цӕдеси ниддӕрӕн берӕ ӕндӕр устур фидбилизтӕ ӕрхаста – айдагъ сӕхецӕн нӕ, фал ма раздӕр еу къӕбӕр цӕстуарзонӕй ке хӕццӕ хуардтонцӕ, уонӕн дӕр ма. Е дин Гурдзистон, е дин Украинӕ, Балтий хуӕдбарӕ паддзахӕдтӕ (кӕмӕй ӕма цӕмӕй хуӕдбарӕ? Сӕ къӕхтӕбӕл федар ке фӕрци ӕрлӕудтӕнцӕ, уонӕй хумӕтӕги арфиаг унӕй?..) – цитӕ кӕнунцӕ, е сӕрмӕ ӕрхӕссуйнаг нӕй еуминкъий цӕсгон кӕбӕл ес, уомӕн. Уӕрӕсей знагбӕл нимайгӕй, етӕ зӕран хӕссунцӕ фиццагидӕр сӕхецӕн, сӕ адӕмӕн.

Идӕрдти ма ибӕл ци дзорӕн – нӕ кӕддӕри тухгин Цӕдеси фехӕлд нӕ ци тъуфули багӕлста, уой нӕхе ӕфхуӕрд рагъбӕл ӕвзарӕн.

Ци кӕнӕн, ци ’рцудӕй, е ‘рцудӕй. Ӕма ма нин ес еунӕг нифс, гъома, фудлӕг ӕма фудрӕстӕг берӕ нӕ хӕссунцӕ. Ка ’й зонуй, ӕрхӕстӕг кӕнуй фудрӕстӕгути кӕрон ӕма кӕддӕри рохс цард бабӕй нӕхе цӕститӕй фӕууиндзинан.

Абони ба бал зӕгъӕн: «Ниххатир кӕнӕ, Советон Цӕдес, багъӕуай кӕнун дӕ ке нӕ бафӕразтан, уой туххӕй. Нӕ сугъзӕрийнӕ нӕхе къохӕй ӕррадони бакалдтан…» Нӕ фуд лӕдӕрӕн. Ӕма кӕд раст ӕй фӕстагмӕ зундӕй цӕрӕн, зӕгъгӕ, нӕ фидтӕлти гъуди, уӕд, ӕнӕрагъудийӕй цидӕриддӕр фехалдтан, уони нӕуӕгӕй цардхуз искӕнӕн. Ӕндӕр ба нин исони фӕлтӕртӕ нӕ ниххатир кӕндзӕнӕнцӕ.

 

САКЪИТИ Эльбрус

Аци къари уинетæ Цæгат Иристони адæмон хæдзаради аллихузон къабæзти номдзуддæр фæллойнæгæнгути, кæцитæн сæ кустадон агъазиау æнтæс- тдзийнæдти туххæй Фидибæстæ исаккаг кодта Социалистон Фæллойни Бæгъатæри цитгин ном, иссæнцæ Фæллойнадон Намуси æртæ орденей кавалертæ. Къарæ ист æй нæ редакцион архивæй.