21 ноября 2024

ИМИСУЙНАГ НИН ӔЙ ФӔЛТӔРӔЙ-ФӔЛТӔРМӔ…

28.07.2021 | 17:27

БАЛИКЪОТИ Тотраз

Мӕ мӕскуйаг хуарз ӕрдхуарди хӕццӕ кӕддӕр уоми киунугӕдӕнттӕй еуемӕ бацудан, нӕ дууей дӕр цидӕр ӕрмӕгутӕ гъудӕй ӕма уони фӕдбӕл. Нӕ хабӕрттӕ кодтан фӕйнӕ рауӕнеми бадгӕй. Уӕд дин мӕмӕ еу афони ме ’рдхард ку ӕрбауайидӕ ӕма мӕмӕ десгӕнгӕй ку бавдесидӕ еу бӕзгин киунугӕ:

– Мӕнӕ кӕсай, де ‘мзӕнхони туххӕй ци цӕмӕдессӕгтӕ финсунцӕ!

Еци киунугӕ, гъуди ма ‘й кӕнун, хундтӕй «Боевой путь Советского Военно-Морского Флота». Дзубанди си цудӕй нӕ номдзуд зӕнхон, денгизон тӕхӕг, Советон Цӕдеси Бӕгъатӕр Цоколати Дмитрийи фурт Геннадийи туххӕй дӕр.

Цӕветтонгӕ, Сурхтурусагин Балтийаг флоти тухгин дӕрӕнгӕнӕг цӕфтӕ уоййасӕбӕл зӕранхӕссӕг иссӕнцӕ немуцаг-фашистон ӕфсӕдтӕн, ӕма сӕ разамунд исфӕндӕ кодтонцӕ, уой 1942 анзи сӕрдигон тугъдтити райдайуни размӕ ниддӕрӕн кӕнун. Уотӕ бӕргӕ гъавтонцӕ, фал син сӕ фӕндитӕ Балтийаг флот бустӕги фехалдта, уӕлахезонӕй карз нихкъуӕрд лӕвардта знагӕн. Уотӕ – флоти авиаци дӕр. Уой туххӕй еци киунуги уотӕ финст ӕй:

«Четвертый гвардейский истребительный авиационный полк Краснознаменного Балтийского флота прославился своими действиями по поддержке наступления наших войск. Мастерством и бесстрашием отличился заместитель командира одной из эскадрилий лейтенант Геннадий Дмитриевич Цоколаев. В один из мартовских дней он повел истребители на уничтожение окруженной группы, засевших на маленьком участке длиной 120 м и шириной 200 м. Цоколаев мастерски выполнил эту задачу: несколькими штурмовыми заходами вся фашистская группа была уничтожена. Через несколько дней Геннадий Цоколаев повел шестерку истребителей к линии фронта. Обнаружив 5 фашистских бомбардировщиков, направлявшихся к нашему переднему краю, он смело бросил свою шестерку в лобовую атаку. Враг не выдержал натиска советских летчиков, отказался от выполнения боевого задания и стал уходить. Летчики Цоколаева настигли самолеты противника и четыре из них сбили. Вскоре Цоколаев со своей шестеркой истребителей встретился с 15 немецкими бомбардировщиками, шедшими под прикрытием 8 истребителей на бомбардировку боевых порядков наших войск, и стремительной атакой заставил гитлеровцев сбросить бомбы в расположении их же войск. В этом воздушном бою фашисты потеряли шесть «юнкерсов» и три Ме-109…»

Аци скъуддзаг ӕнхӕстӕй нӕма рафинстон, уотемӕй бабӕй мӕмӕ ме ’рдхуард ӕрбауадӕй:

– Мӕнӕ кӕсай, аци киунуги дӕр Цоколай-фуртбӕл куд дзӕбӕх финститӕ ес!

Ӕма мӕмӕ ӕвдесуй Советон Флоти Адмирал Николай Кузнецови имисуйнӕгти киунугӕ (Устур Фидибӕстон тугъди размӕ дӕр, уӕдта уой рӕстӕги ӕма уой фӕсте дӕр ма цӕйбӕрцӕдӕр рӕстӕг разамунд лӕвардта нӕ Советон Цӕдеси флотӕн). Цӕмӕй ме ’рдхуард идарддӕр мабал дестӕ кӕна, уомӕ гӕсгӕ ин загътон:

– Цоколати Геннадийи ӕскъуӕлхтдзийнӕдти туххӕй берӕ номдзуд адӕймӕгутӕ финстонцӕ сӕ имисуйнӕгти, сӕрмагондӕй ӕрмӕгутӕ мухургонд цудӕнцӕ нӕ бӕсти сӕйрагдӕр газетти, ӕ кой ин кӕниуонцӕ Еугурцӕдесон радиойӕй дӕр. Мадта не ‘мзӕнхон Зӕнгиати Т. ба ибӕл сӕрмагондӕй ниффинста киунугӕ «Витязь Балтийского неба».

– Уӕхӕн кадӕгонд ин, ӕвӕдзи, хумӕтӕги нӕ цудӕй ӕма, ӕруагӕс ми кӕнуй, нерӕнгӕ дӕр ма цӕуй, – сагъӕсхузӕй загъта ме ’рдхуард.

– Раст зӕгъис, – дзуапп ин равардтон ӕз дӕр. – Цоколати Геннадий, ӕцӕгӕйдӕр, адтӕй бӕгъатӕр, нифсхаст, ӕдӕрсгӕ ӕма уой хӕццӕ ба хуӕдӕфсармӕ, кӕдзосзӕрдӕ, ездон, зӕрдӕмӕдзӕугӕ адӕймаг…

ЦОКОЛАТИ Геннадий

Нӕкӕси, Цоколай-фурт ме ‘мзӕнхон ке ‘й, уой мӕ мӕскуйаг ӕрдхуард ке зудта, е уӕмӕ дессаг ма фӕккӕсӕд – ку исӕмбӕлианӕ, уӕд мӕ бундоронӕй фӕффӕрсидӕ Иристони туххӕй, номхигъдӕй зудта нӕ Бӕгъатӕртӕй берети дӕр.

Нур ба ма уой зӕгъуйнаг дӕн, ӕма бӕлвурдӕй Цоколати Геннадийи кой цӕмӕн кӕнӕн абони. Еуемӕй, ӕрӕги, 25 июли исбӕрӕг кодтан Тугъдон-денгизон флоти Бон – Цоколати Геннадий ба адтӕй денгизон авиаций тӕхӕг, иннемӕй 24 июли ӕ райгурдбӕл исӕнхӕст ӕй фондз ӕма фондзинсӕй анзи (1916), уӕдта 3 июли ба фондз ӕма дууинсӕй анзи исӕнхӕст ӕй ӕверхъау бӕлахи фудӕй ӕ уӕлзӕнхон цардӕй ку рахецӕн ӕй, уобӕл.

Цоколати Геннадий райгурдӕй сахар Томски 1916 анзи 24 июли ӕфсӕнвӕндаги косӕги хӕдзари. Ӕ фидӕ Дзантемур (олгинскаг) рамардӕй, биццеубӕл дууӕ анзи ку цудӕй, уӕд. Геннадий гъомбӕл кодта ӕ нана Татунмӕ Олгинскийи. Хумӕтӕг хуӕдӕфсармӕ, зундгин силгоймаг ӕ фурти бӕдоли ахур кодта нӕ фидтӕлтиккон ӕгъдӕуттӕ ӕма фӕткитӕ зонунбӕл ӕма сӕ федауцӕй ӕнхӕст кӕнунбӕл: рӕстзӕрдӕ унбӕл, фидиуӕзӕг ӕма фидибӕстӕбӕл ӕновуд унбӕл, уарзун ин кодта фӕллойнӕ.

Геннадий ахур кодта Олгинскийи скъолай, уой фӕсте каст фӕцӕй ФЗО ӕма рабфак Мӕскуй, бӕлдтӕй ӕфсӕддон дӕсниадӕ райсунмӕ. Ӕма 1938 анзи каст фӕцӕй Ейски денгизон тӕхгути скъола, рарвистонцӕ ‘й Балтий флотмӕ.

Лейтенант Цоколай-фурт 1939 анзи архайдта уорсфиннӕгти нихмӕ тугъди. Лӕгдзийнадӕ ӕма ӕхсарӕ си ке равдистонцӕ, уой туххӕй ин лӕвӕрд ӕрцудӕй Сурх Стъалуй орден.

Устур Фидибӕстон тугъд ку райдӕдта, уӕд не ‘мзӕнхон адтӕй Сурхтурусагин Балтийаг флоти Тугъдон-Уӕлдӕфон Тухти 61-аг авиацион бригади 4-аг гвардион кунӕггӕнӕг авиацион полкки эскадрилий командир. Ӕма тугъди тӕккӕ фиццаг бӕнтти тох кӕнун райдӕдта знаги авиаторти нихмӕ. Ӕ эскадрили ба адтӕй интернационалон – балхъайраг Алим Байсултанов, уруссаг Анатолий Кузнецов, украинаг Петр Гринько… Кӕрӕдзей лӕдӕргӕй ӕма кӕрӕдземӕн ӕнсувӕреуӕг кӕнгӕй, уодуӕлдайӕй архайдтонцӕ сӕ тугъдон ихӕстӕ ӕнхӕст кӕнунбӕл. Аллибон дӕр сӕ багъӕуидӕ фондз-ӕхсӕз хатти ратӕхун тугъдон бардзурдтӕ ӕнхӕст кӕнунмӕ. Сӕ еугур разагъди ӕскъуӕлхтдзийнӕдти туххӕй радзорунӕн нин нӕ абониккон радзубандий равгӕ нӕййес, фал си кӕцидӕрти кой ба уӕддӕр ракӕнӕн.

Цӕветтонгӕ, 1942 анзи 14 мартъий Цоколай-фурт ӕма ӕ эскадрилий тӕхгутӕ ӕхсӕземӕй сӕ хуӕдтӕхгутӕбӕл (И-16), 54-аг ӕфсади ӕфсӕддон хӕйттӕ уӕлдӕфӕй гъӕуай кӕнгӕй, ӕрӕстӕфтӕнцӕ, уордӕмӕ хонсар ӕрдигӕй куд ӕрбахӕстӕг ӕнцӕ знаги финддӕс хуӕдтӕхӕги «Юнкерс-87». Цоколай-фурт ӕ къуар исаразта комкоммӕ уони ‘рдӕмӕ, ӕхсун сӕ райдӕдтонцӕ. Советон тӕхгути уӕхӕн ӕндиуд архайд знагӕн уоййасӕбӕл ӕнӕнгъӕлти адтӕй, ӕма фӕккуддӕр ӕнцӕ, сӕ бомбитӕ кӕмидӕрти ӕркалдтонцӕ. Фӕййервӕзунбӕл архайгӕй, райаразтонцӕ дууӕ гъӕуайгӕнӕн рӕнгъи. Цоколай-фурт ӕ къуар фӕддугӕйттӕ кодта ӕма уотемӕй знаги нихмӕ сӕхе раскъардтонцӕ. Е ледзӕги фӕцӕй, цуппар хуӕдтӕхӕги си фӕгъгъудӕй, уотемӕй.

ЦОКОЛАТИ Геннадийи циртбæл циртдзæвæн Ирон аргъауæни мемориали.

Дууӕ боней фӕсте хестӕр лейтенант Цоколай-фурт ӕ къуари хӕццӕ тахтӕй не ‘фсӕдти уӕлзӕнхон хӕйттӕ гъӕуай кӕнунмӕ станцӕ Погостье-Жарони рауӕни. Ӕма уотемӕй исӕмбалдӕнцӕ аст «Мессершмиттебӕл». Байеудагъ син ӕй карз тох. Махонтӕ знаги хуӕдтӕхгутӕй ӕртӕ ӕргӕлстонцӕ. Уӕдта командир рауидта: финддӕс «Юнкерс»-и гъавунцӕ не ‘фсӕдтӕ дӕрӕн кӕнунмӕ. Ӕма ӕ къуар «Мессер»-ти хӕццӕ тохгӕй, фондз хуӕдтӕхӕгемӕй истох кодта знаги финддӕс «Юнкерс»-и нихмӕ. Ӕхсӕзей си ӕргӕлстонцӕ. Фал уӕдмӕ бабӕй фӕззиндтӕй знаги хуӕдтӕхгути агъазиау къуар – ӕртиндӕс «Юнкерс»-и. Махуӕнттӕмӕ ба тохӕн фӕрӕзнитӕ дӕр нӕбал адтӕй, сӕ артаг дӕр фӕуунтӕбӕл адтӕй. Ци киндӕ уа? Расагъӕстӕ-басагъӕстӕн рӕстӕг нӕ адтӕй, ӕма советон тӕхгутӕ знагбӕл уӕддӕр сӕхе ниццавтонцӕ, фӕттӕрсдзӕнӕй, зӕгъгӕ, уобӕл сӕ зӕрдӕ дардтонцӕ. Ӕма ӕцӕгӕйдӕр уотӕ рауадӕй – немуцаг тӕхгутӕ фӕлледзӕги ‘нцӕ.

Еци бӕнтти Геннадийи туххӕй фӕззиндтӕй сӕрмагонд листовкӕ «Гордость Балтики». Ӕцӕгӕйдӕр, е адтӕй Балтий флоти ӕма Ленингради фронти сӕрустурдзийнадӕ.

Ӕ агъазиау тугъдон ӕскъуӕлхтдзийнӕдти туххӕй хестӕрлейтенант Цоколай-фуртӕн 1942 анзи 5 июни лӕвӕрд ӕрцудӕй Советон Цӕдеси Бӕгъатӕри ном.

Цоколати Геннадийӕн 1944 анзи фӕцӕй ӕ райгурӕн Иристонмӕ иссӕуни равгӕ. Дзӕуӕгигъӕуи дӕр ӕма ӕ райгурӕн гъӕу Олгинскийи, уӕдта ма Мӕздӕги исаразтонцӕ фӕллойнӕгӕнгути хӕццӕ фембӕлдтитӕ. Мӕздӕги райони колхозонтӕ дууӕ дӕрӕнгӕнӕг хуӕдтӕхӕгей аргъ ӕхцай фӕрӕзнитӕ ӕрӕмбурд кодтонцӕ ӕма сӕ равардтонцӕ дууӕ тугъдон ӕмбали, Советон Цӕдеси Бӕгъатӕртӕ, майортӕ Цоколати Геннадий ӕма Михаил Клименкомӕ.

Цоколати Геннадий Устур Фидибӕстон тугъди ӕнзти тугъдон бардзурдтӕ ӕнхӕст кӕнуни туххӕй уӕлдӕфмӕ ӕ хуӕдтӕхӕгбӕл истахтӕй 510 хатти, ӕргӕлста знаги ӕртӕ ӕма инсӕй хуӕдтӕхӕги.

Ӕ тугъдон ӕскъуӕлхтдзийнӕдти туххӕй Цоколати Геннадийи исхуарзӕнхгин кодтонцӕ Ленини ӕма Сурх Турусай дугай ордентӕй, Сурх Стъалуй орденӕй, берӕ майдантӕй.

Майор Цоколай-фурти 1944 анзи рарвистонцӕ Ӕфсӕддон-Денгизон академий Уӕлдӕр афицерон къурситӕмӕ ахур кӕнунмӕ. Уой фӕсте идарддӕр службӕ кодта Ӕфсӕддон-Уӕлдӕфон Тухти, ӕ тугъдон фӕлтӕрддзийнадӕй хайгин кодта ӕригон тӕхгути. Фал ибӕл фӕстагмӕ ӕ цӕфтӕ, тугъди ци зиндзийнӕдтӕ фӕууидта, етӕ тӕфсун райдӕдтонцӕ ӕма ‘й 1958 анзи багъудӕй ӕфсадӕй рацӕун.

Запаси дӕлболкъон ӕрцардӕй Кисловодски, цардӕй Мӕскуй дӕр, фӕстагмӕ ба – Дзӕуӕгъӕуи. Куста адӕмон хӕдзаради, ӕновудӕй архайдта ветеранти кусти, фӕсевӕди ӕфсӕддон-патриотон ӕма интернационалон гъомбӕлади. Геннадийи некӕд иронх кодта ӕ райгурӕн гъӕу, Рахесфарси райони хӕццӕ дардта ӕнгом бастдзийнадӕ.

Гъулӕггагӕн, 1976 анзи 13 июли ӕрцудӕй ӕверхъау бӕлах – бахаудтӕй автомобилон-транспортон фидбилизи ӕма фӕммард ӕй. Республики тӕккӕ цитгиндӕр бунӕттӕй еу – Ирон аргъауӕни тургъӕ иссӕй е ‘носон бунат. Абони Дзӕуӕгигъӕуи гъӕунгтӕй еу хӕссуй Цоколати Геннадийи ном.