11 октября 2024

КЪÆРЦГЪОС УОТÆ!..

14.09.2022 | 12:14

Евгъуд хуцаубони, 11 сентябри гъæуама бæрæггонд æрцудайдæ фашизми амæттæгти зæрдæбæлдарæн Æхсæндуйнеуон бон. Е нисангонд æрцудæй 1962 анзи Еугонд Нацити Организаций унаффæй æма гъæуама бæрæггонд цæуа сентябри дуккаг хуцаубони.

Фашизм цæйбæрцæбæл фудевгеддзийнадæ ‘й, е ба уæлдай гъезæмайрагæй разиндтæй Дуккаг дуйнеуон тугъди рæстæг – уой фудæртæхи бабун æнцæ 55 миллион  адæймаги. Советон Цæдеси дзиллитæй немуцаг-фашистон æрбалæборгути фудракæнддзийнæдтæй бастъалдæнцæ 27 миллион адæймаги.

Фашизми амæттæгти зæрдæбæлдарæн Æхсæндуйнеуон бони советон доги нæ Фидибæсти еугур рауæнти дæр арæзт цудæй берæ аллихузон номерæн мадзæлттæ.

Еци фæткæмæ фæстаг рæстæгути цæмæдæр гæсгæ æргом æздæхт  нæбал цæуй. Е æгириддæр раст нæй, уомæн нуртæккæ Европи берæ паддзахæдти нацистон зундирахаст парахатгонд цæуй… Уой фæдбæл сæрмагонд æрмæг кæсетæ 4-аг фарсбæл.

…Зундгонд чехаг финсæг æма публицист Юлиус Фучик (1903-1943) уодуæлдайæй тох кодта фашизми нихмæ, нацистон ахæстдони ниффинста æ номдзуд уадзимис «Репортаж с петлей на шее». Фашизм цæйбæрцæбæл тæссаг æй дуйнейæн, уой лæдæргæй нин ниффæдзахста: «Адæм, æз уæ уарзун! Къæрцгъос уотæ!..» Æ фæдзæхст, баруагæс уи уæд, ахсгиаг æй абони дæр – фашизми хъилма бабæй æгæрæй-æгæрдæр ку хæлеу кæнуй нæ нури цардарæзти.

Уавæр уотæ ‘й, æма, æцæгæйдæр, гъæуама къæрцгъос уæн!..