«КÆСТÆРТИ ЦИЙНÆН ÆМБАЛ НÆЙЙЕС!..
Æ кæстæрти хуæрзтæ фæууинун ба ни ке нæ фæндуй, уони амондмæ ни ка нæ бæллуй!.. Æма цæмæй еци фæндитæ æма бæлдитæ исæцæг уонцæ, уомæн ба ма косун дæр гъæуй. Раст зæгъгæй, еци гъуддаги нæ республики берæ зæрдæмæдзæугæ гъуддæгутæ арæзт цæуй.
Æма бабæй мæнæ æрæги æрцудæй еума æхцæуæн хабар. Дзæуæгигъæуи сувæллæнтти Хæдзарæ-интернат «Табедзæ»-йи («Ласка») бундорбæл байгон æй, 12-18-анздзуд бауæригъæдæй гъигæдард сувæллæнттæ, айдагъдæр бонигон кæми уодзæнæнцæ, уæхæн хайадæ, æма ’й исхудтонцæ «Исонибон». Ауæхæн нæуæгдзийнадæй Цæгат-Кавказаг Федералон зилди фиццагидæр махмæ фæззиндтæй.
Аци хайадæ игон кæнуни бони сувæллæнтти Хæдзарæ бабæрæг кодтонцæ Цæгат-Кавказаг федералон зилди Уæрæсей Федераций Президенти Æнхæстбаргин минæвари хуæдæййевæг Владимир Надыкто, нæ республики Хецауади Сæрдари хуæдæййевæг Плати Альбинæ, Цæгат-Кавказаг федералон зилди субъектти сувæллæнтти бартæбæл æнхæстбаргинтæ.
Хæдзарæ-интернат «Табедзæ»-йи сæргълæууæг Самати Аринæ иуазгутæн фæууинун кодта ахургæнæн азгъунститæбæл ци æрмадзæ ес, уой. Иуазгутæ цæмæдесгæнгæй зонгæ кодтонцæ, интернати гъомбæлкæнуйнæгтæ сæхе къохтæй ци дессаги дзаумæуттæ аразунцæ æма ци хузтæ кæнунцæ, уони хæццæ – рауадæй си заманай равдист. Уоййасæбæл зæрдесгæ рауадæй, интернати гъомбæлкæнуйнæгтæ иуазгутæн ци аййевадон концерт равдистонцæ, е дæр – сувæллæнттæ иуазгути деси бафтудтонцæ сæ кафуни æма заруни дæснидзийнадæй.
Сувæллæнттæ бонигон кæми уодзæнæнцæ, уæхæн хайадæ Хæдзарæ-интернат «Табедзæ»-йи бундорбæл ке байгон æй, уой фæдбæл видеобастдзийнади фæрци бæрæгбони архайгутæн райарфæ кодта сувæллæнтти барти фæдбæл Уæрæсей Федераций Президенти размæ Æнхæстбаргонд Мария Львова-Белова.
Социалон æгъдауæй лæггадæгæнæг паддзахадон бюджетон косæндонæ «Республикон хæдзарæ-интернат «Табедзæ» иссæй, Уæрæсей Федераций Президенти размæ Æнхæстбаргонди хъæппæресæй, «Центр новых возможностей», зæгъгæ, ци дуйнеуон конкурс арæзт æрцæуй, уомæн æ уæлахездзау. Уой туххæй син равардтонцæ грант, æма си исаразтонцæ аци хайадæ, исефтонг æй кодтонцæ гъæугæ ефтонггæрзтæй, бацæттæ кодтонцæ аллихузон æрмадзитæ, цæмæй си бауæргъæдæй гъигæдард сувæллæнттæн архайуни гæнæнтæ уа, уой туххæй. Аци рауæн сæ ахур кæнунцæ зарунбæл, кафунбæл, хуйунбæл, театралон сценкитæ æвдесунбæл, æфснайунбæл, хуæруйнаг кæнунбæл, деденгутæмæ зелунбæл, полиграфион æма æндæр куститæбæл. Хæдзарæ-интернати гъомбæлкæнуйнæгти нимæдзæ ’й 90 сувæллони, уонæй инсæййемæ хæстæг æнцæ, айдагъдæр си бонигон, гъома, центр «Исонибон»-и ка фæууй, уæхæнттæ.
Еци бон ма хæдзарæ-интернат «Табедзæ»-йи арæзт æрцудæй семинар, архайдтонцæ си бауæргъæдæй гъигæдард сувæллæнтти хæццæ ка косуй, еци специалисттæ. Етæ æрдзурдтонцæ, сæйгæ сувæллони ирæзтæн агъазгæнæг мадзæлттæбæл æма базонгæ ’нцæ сæ кæрæдзей фæлтæрддзийнади хæццæ.
Фæстæдæр ба Хецауади хæдзари арæзт æрцудæй æмбурд уæхæн темæбæл: «Бауæригъæдæй гъигæдард ка æй, еци сувæллæнтти æма æригон адæймæгути, уæдта, ци бийнонти ’хсæн ирæзунцæ, уони царди уавæртæ хуæздæр кæнуни, фарстатæ æма сæ райаразуни нисантæ».