27 декабря 2024

«КОНСТИТУЦИ МАХ НÆХУÆДТÆ АН!..»

17.12.2022 | 23:06

Ауæхæн гъудийæй нæ республики Парламенти сæрдар Тускъати Таймораз, æрæги ин нæ уæлдæр ахургæнæндæнтти студентти хæццæ ци фембæлд адтæй, уоми фæббæлвурд кодта нæ Конституций агъазиаудзийнадæ не ’хсæнадæн дæр æма ни алкæмæн дæр.

Аци мадзал арæзт æрцудæй Уæрæсей Федераций Конституций Бони. Уомæ гæсгæ ба Тускъай-фурт фембæлди архайгути зæрдæбæл æрлæуун кодта нæ Фидибæсти алли рæстæгути Конституцитæ федар кæнуни фæдбæл хабæрттæ. Куд зонæн, уотемæй нуриккон Уæрæсей нури Конституци ист æрцудæй 1993 анзи 12 декабри еугурадæмон референдуми.

– Нæ бæсти Конституци нин æй нæ царди уагæвæрд, уоми федаргонд æнцæ нæ паддзахади, нæ хеуæнтти, хæстæгути нæ нури æма исонибони цардиуагæ фæрнæйдзагæй аразунæн гæнæнтæ æма равгитæ, – загъта Парламенти сæрдар. – Махæн ба нæ еумæйаг ихæс æй хуарз ахур кæнунæй, æновуд фæллойнæй æма хуæрзæгъдауæй нæ хестæрти æнтæстдзийнæдтæбæл никки зингæдæр æнтæститæ æфтаун.

Фембæлд рахаста дууæ сахаттемæй фулдæр, æма æ архайгутæн – етæ ба адтæнцæ исуйнаг экономисттæ, юристтæ, журналисттæ  – адтæй фадуат аллихузон фарстатæ раттунæн. Цæмæдесаг син адтæнцæ парламентарити кусти сосæгдзийнæдтæ, фæсевæдон политики фарстатæ, дзиллон хабархæссæг фæрæзнити архайд, цензури уавæр, туристон къабази ирæзт…

Циуавæр уодзæнæй нæ бæсти æма нæ республики исонибон, зæгъæн, æноси æрдæги фæсте, зæгъгæ, ку бафарстонцæ Тускъати Тайморази, уæд æ дзуапп адтæй: Иристон уодзæнæй Уæрæсей Федераций ахедгæ хай, æ цардарæзт уодзæнæй зæрдæмæдзæугæ:

– Алли бийнонтæ дæр си цæрдзæнæнцæ амондгун æма фæрнæйдзагæй, сæ бон уодзæнæй сæ уодæн æхцæуæн кустæй архайун æма сæ фæллойнæн аккаг мизд есун, рацæргæ адæм уодзæнæнцæ хуæрзрæвдуд, ниййергутæн уодзæнæй еугур равгитæ дæр сæ цæуæти æвæлмæцгæй гъомбæл кæнунæн, сæ исахур кæнунæн. Иристон уодзæнæй раззагдæр бунати, науки, культури æма æндæр къабæзти никки уæлиаудæр бæрзæндтæмæ исхездзæнæй… Æма цæмæй æцæгæйдæр уотæ уа, уой туххæй ба ни алкедæр абони æ ихæстæ гъæуама æнхæст кæна æновудæй, рæстзæрдæй…

Фембæлди æнæбафæрсгæ нæ фæцæнцæ, политикон карьерæ кутемæй райдайун гъæуй, уой туххæй дæр. Æма Тускъай-фурт æ дзуаппи уотæ загъта:

– Хецаудзийнади еуварсæй бакасти хиццагдзийнадæ уæ гъæуама ма фæссайа. Ес си уæхæн фæззелæнтæ, æма сæ дæхецæн рагацау ку нæ исбæлвурд кæнай, уæд тæссаг æй, уой фæсте дин дæ бæлдæ ку фæффæсмойнаг уа… Уомæ гæсгæ ба дæхецæн дæ карни гъуддаг гъæуама равзарай арф рагъуди кæнгæй. Ци гъуддаг равзарай, уоми дæ дæснидзийнадæ гъæуама бæрзонд уа. Рæуæг нæдтæ ма агоретæ, хуæздæрти фæнзетæ. Уæлдай нæй, юрист, политик, хуæнхон мастер уай, сæйрагдæр – фиццагкъласон специалист æма рæстзæрдæ адæймаг гъæуама уай.

Царди цæмæ бæллуй, зæгъгæ, уой туххæй ба Тускъати Таймораз загъта, гъома, æ бæлдæ ’й хумæтæг: цæмæй рæстуодæй базæронд уа, æма æ алливарс уонцæ аккаг кæстæртæ, уодварни бундортæй гъæздуг, царди раст нæдтæбæл ка цæуй, уæхæнттæ.

Фембæлди кæрони Парламенти Сæрдар æ фæсевæдæн бафæдзахста, цæмæй сæ царди сæйраг закъон сæхуæдтæ финсонцæ сæ цардиуагæй, сæ карни арфиаг хабæрттæй. Се ’нтæстдзийнæдтæ ба уодзæнæнцæ республики æма бæсти хуарзæн.

– Æдзæстхезæй цæун гъæуй Конституций финст уагæвæрдтæй бæлвурдгонд нæдтæбæл – лæдæрд уин уæд е, æма уони фæрци нæ абон дæр æма нæ исонибон дæр уодзæнæнцæ фæрнæйдзаг.