16 апреля 2024

МА БАУАДЗӔН ФӔККЕУН НӔ ЕУНӔГ ДИГОРОН ГАЗЕТ!..

20.11.2021 | 13:49

Абони бабӕй сумахмӕ дзорӕн, нӕ Дигори дзиллӕ. Уой дӕр – нӕ фуртухст ӕма фурзинӕй!.. Нӕ ӕвӕлмонцдзийнадӕй цийфӕнди цӕстингасӕй ке кӕсӕн нӕ цардарӕзти ӕнӕмӕнгӕ гъӕугӕ хабӕрттӕмӕ, уой фӕдбӕл ӕй нӕ абони гъенцъун!  Уӕхӕн хабӕрттӕ берӕ ’нцӕ, фал нӕ абони ба зӕгъун фӕндуй нӕ еунӕг дигорон газет «Дигори» уавӕри туххӕй.

Фӕлтӕрӕй – фӕлтӕрмӕ нӕ дзиллӕ цӕмӕ бӕлдтӕнцӕ, гъома, цӕмӕй нӕмӕ уа дигорон ӕвзагбӕл мухури фӕрӕзнитӕ. Еци ахсгиаг гъуддаг кӕдӕй-уӕдӕй арӕзт ку ӕрцудӕй, ӕма нӕмӕ ку фӕззиндтӕнцӕ дигорон газет ӕма журнал, уӕд еци агъазиау гъуддаг исаразгутӕ рӕстзӕрдӕй уотӕ ӕнгъӕл адтӕнцӕ, ӕма нӕ дзиллӕ сӕ фарсмӕ ӕмхузонӕй ӕрбалӕудзӕнӕнцӕ, уодихуаси хузӕн син хъазар уодзӕнӕнцӕ газет дӕр ӕма журнал дӕр, фал…

Фӕффудевгед ӕнцӕ сӕ еци нифсӕй. Еума хатт бабӕй нӕ уодти ӕгудзӕгдзийнадӕ рабӕрӕг ӕй. Ӕндӕр хузи ин зӕгъӕн нӕййес, нӕ газет ӕма журналмӕ адӕм ци цӕстӕ дарунцӕ, уомӕн. Нур цалдӕр анзей дӕргъи еци дзорӕги уобӕл дзорӕн, ӕма, ка сӕ рафинсуй ӕма кӕсуй, уони нимӕдзӕ аллайаги минкъий ӕй. Зӕгъӕн, газет «Дигорӕ» сӕхе хъӕппӕресӕй рафинстонцӕ… 300-350 адӕймаги. Гӕрр, нӕ маддӕлон ӕвзаг Дигори дзиллӕй фулдӕрей нӕ гъӕуй?..

Берӕ ибӕл нӕ дзорӕн. Хъӕбӕр корӕн нӕ адӕмӕй: ма базийнадӕ кӕнетӕ. Рафинсетӕ газет «Дигорӕ»! Лӕдӕрӕн ӕй, зин рӕстӕгутӕ ӕркодтонцӕ. Пенситӕ дӕр ӕма улупатӕ дӕр хъӕбӕр ниллӕг ӕнцӕ, марамӕлай къӕбӕри фагӕй уӕлдай нӕ ’нцӕ. Фал нӕ курухон хестӕртӕ, ӕвӕдзи, дзӕгъӕли нӕ  зӕгъиуонцӕ: «Лӕгъуз лӕг ӕма лӕгъуз догӕ берӕ нӕ хӕссунцӕ!..» Федарӕй ни ӕруагӕс кӕнуй – нӕ цард фӕххуӕздӕр уодзӕнӕй. Фал тӕссаг ӕй, уӕдмӕ нӕ еунӕг дигорон газет ӕ ниллӕг тиражмӕ гӕсгӕ ку нихгӕнонцӕ. Баууӕндетӕ, еци бӕлах ку ‘рцӕуа, уӕд ӕй нӕуӕгӕй «райгас» кӕнун хъӕбӕр зин исуодзӕнӕй, мадта уомӕй дӕр тӕссаг ӕй, ӕма ӕ кой фесӕфдзӕнӕй ӕностӕмӕ…

Зонӕн ӕй, аци ӕрмӕг ка кӕсуй, етӕ газет есунцӕ, фал корӕн ӕма уи алкедӕр ӕй ӕ хеуӕнттӕн, ӕ синхӕгтӕн, е ’мкосгутӕн нӕ аци фӕдздзурд бакӕсун кӕнӕд лӕмбунӕг. Кӕдимайди ба сӕмӕ багъаридӕ нӕ катай. Сумахӕн ба, нӕ еузӕрдиуон ӕмбӕлттӕ, арфӕ кӕнӕн алкӕддӕр нӕ фарсмӕ ке айтӕ, уой туххӕй.