26 декабря 2024

МÆГУР ЛÆГИ СÆРÆН ФУРТ

12.11.2022 | 18:01

Нæ газети рæстæгæй-рæстæгмæ ци таурæхътæ фæззиннуй, уони уотид зæрдерхæфсæнæн нæ ниммухур кæнæн. Куд зонетæ, уотемæй нæ рагфидтæлтæ сæ таурæхъти æма æмбесонди хабæртти æвдесиуонцæ царди æцæгдзийнæдтæ æма хецæнæй адæймаги уодиконди менеугутæ. Уой дæр уомæ гæсгæ, цæмæй сæ цардарæзт алцæмæй дæр æнхæст уа, цæмæй, ци сæ бахъор кæна, уомæй сæхе гъæуай кæнунгъон уонцæ, цæмæй си фæлтæртæ  зунди хай есонцæ, сæ карнæ æнтæстгинæй æма федауцæй аразунгъон уонцæ.

Æма мæнæ абони ци таурæхъ мухур кæнæн, е дæр, махмæ гæсгæ, зундамонæнæн бæззуй.

 

Еу мæгур лæг еу гъæздугмæ ихуæрсти бацудæй. Уогæ, мæгур лæг ихуæрсти ба кæд нæ цудæй! Рандæй æма гъæздуг лæги дуармæ æрлæудтæй. Медæмæ имæ дзоруй:

– Гъе, хуарз лæг, ихуæрст дæ гъæуй, æви нæ?

Гъæздуг лæг ин загъта:

– Куд нæ гъæуй, куд нæ, хуарз лæг. Медæгдæр рацо тургъæмæ.

Æ хæдзарæмæ ’й бакодта. Еумæ æрбадтæнцæ. Хуæрдæ æма ниуæзтæ куд нæ адтайдæ гъæздуг лæгмæ! Фæммийнасæ кодтонцæ, мадта æндæр куд адтайдæ.

– Анзи медæгæ фиййау фæццо, – дзоруй гъæздуг лæг мæгурмæ, – æма дæ зæрдæмæ ци фустæ фæццæуонцæ, уонæй инсæйей фехсдзæнæ горени сæрти.

Хуарз, зæгъгæ, загъта, мæгур лæг. Уæледарæс дин мæнæй, хуæруйнаг мæнæй, зæгъгæ, загъта гъæздуг лæг ихуæрстæн.

Нартихуари кæрдзин æма гъæдзиндзæ ба – æ хуæруйнаг. Уомæй уæлдай фид дæр нæййес, æхсир дæр нæййес, уобæл бадзубанди кодтонцæ.

Хизун байдæдта. Бæнттæ цудæнцæ. Анз цубурæй-цубурдæр кæнуй. Æ анз ку рахецæн æй, уæд гъæздуг лæг загъта ихуæрстæн:

– Абони дæ лæги хъаурæ æма дæхуæдæг! Мæ фустæн сæ уæззаудæрти фехсун гъæуй горени сæрти.

Синхæгтæ æрæмбурд æнцæ. Гъæутæй дæр ма си адтæй адæм. Мæгур ихуæрсти фонси дзогæмæ бауагъта. Гъæдзиндзи хуæрдæй æма нартихуари кæрдзинæй æ хъаурæ куд нæ расастайдæ! Уомæ гæсгæ ин еу фус дæр ахæссун нæ бакумдта. Сæргубурæй сæхемæ рафардæг æй.

Цубур рæстæги фæсте ин гъæуи медæгæ æ биццеуæн федистæ кæнун байдæттонцæ:

– Дæуæн дæ фидæ анзгай лæвар ихуæрсти ку цæуй, уæд ке хæццæ дзорис!

Биццеу æ зæрдæбæл бадардта еци федис. Гъомбæл кæнун райдæдта. Еу дзамани, æ зæрдæ æхебæл ку фæддардта, уæд æ фиди фæрсуй, синхи биццеутæ мин федис ку кæнунцæ, дæ фидæ, дан, æнæ миздæй ихуæрсти ку цæуй, уæд е ба куд æй?

Фидæ ин загъта:

– Хуцау ин æй ма ниххатир кæнæд, гъæздугутæн сæ бон фулдæр æй! Нартихуари кæрдзин æма мин гъæдзиндзæ фæххуæрун кодта, æма мæ бон еу фус рагæлдзун дæр нæ бацæй горени сæрти.

Биццеу загъта:

– Хуарз, хуарз, баба, мадта. Æз дæр цæун еу анз ихуæрсти, ду куд адтæ, уотæ.

Идарддæр биццеу загъта, фиди ихæс, дан, фурт ку федуй, кæддæра мæнæн ба мæ гъуддаг куд уайдæ.

Бацудæй биццеу гъæздугмæ. Дзоруй имæ:

– Ихуæрст дæ гъæуй, æви нæ, хуарз лæг, фонс дæмæ берæ ку ес?

– Медæмæ, медæмæ, хуарз биццеу, æз дин куст иссердзæнæн.

Бадзубанди кодтонцæ анз фонс куд фæххеза, уотæ, уæдта, дан, дин инсæй фуси. Гъæдзиндзæ æма дæ нартихуари кæрдзин цæйбæрцæ гъæуй, уойбæрцæ хуæрæ, æндæр, дан, дин неци хуæруйнаг уодзæнæй мæнмæ.

Биццеу раскъардта фонс гъæди кæронмæ. Гъæдзиндзитæ еу ставд бæласи мæри калуй. Нартихуари кæрдзинæй къос искодта æма имæ æхсир доцуй. Уотемæй анз дæр æрхъæрттæй. Биццеу гъæздуг лæгæн загъта:

– Гъенур нæхемæ цæун. Абони æй мæ мизд есуни бон.

– Синхи адæмæй æрбамбурд кæнæн ду дæр, æз дæр, æма дин ратдзæнæн дæ мизд.

Хуарз, раст адæм сæбæл æрбамбурд æй. Биццеуæн загътонцæ, бахезæ фонси астæумæ æма си дæ зæрдæмæ кадæр цæуй, уони æндæмæ горени сæрти гæлдзгæ, зæгъгæ. Биццеу фонсæн сæ тæккæ устурдæрти зуввут кæнун райдæдта æндæмæ. Фæстагмæ ба биццеу мæстæймаруни хузæн нигъгъæр кæнидæ «гъоппæй», æма бабæй – зуввут сæ тæккæ хуæздæрти.

Гъæздуг лæг бауорæдта ихуæрсти æма ин загъта:

– Гæлдзгæ кæнæ, фал «гъопп» ма дзорæ, мæ зæрдæ раскъундзæнæй.

Биццеу ин загъта:

– Ду мин мæ фиди дæр лæвар фæккосун кодтай, æма æз «гъоппæй» барæй дзорун.

Инсæй фуси сæхемæ рарвиста, дзогæн сæ тæккæ хуæздæрти. Уæдта загъта, уоми ци раст адæм адтæй, уонæн, аци лæг, дан, мæгурти тог цъируй, æма мин мæ фиди дæр анз æнæ миздæй фæккосун кодта. Æ берæ фонсæй, дан, фиди комидзаг æма æхсири хупп нæ бауагъта бахуæрун, фал ин цитæ хуæрун кодта, уони уин æз фæууинун кæнон. Дууæ гали исефтигъта æма устур нартихуарласæн кауæ исæвардта. Гъæдæмæ рандæй æма еци кауæн æ тæккæ идзаг гъæдзиндзæ æрласта. Æма загъта раст адæмæн, атæ, дан, адтæнцæ мæ хуæруйнаг. Мæ фидæн дæр анз уæхæн хуæруйнагæй уæлдай неци лæвардта. Æз, дан, сæ еци устур бæласи мæри бунмæ калдтон, æма бæласæ бахускъæ ’й гъæдзиндзи тæфæй. Уæдта, дан, мин мæ фиди дæр фæссахъат кодта гъæдзиндзæ. Идарддæр биццеу загъта гъæздугæн, мæнгæтти къах цубур æй, хуарз лæг. Фиди ихæс ба, дан, фурт федуй. Мæ фиди ихæс ди райстон æви нæ?!

Æ хæдзарæмæ фонси дзоги хæццæ рафардæг æй биццеу. Гъæздуг лæгбæл ба æ фурмæстæй нез бахуæстæй. Уотемæй абони дæр æй незгун, мæгур лæг ба цæрунгъон æй.

1913 анзи игурд Бзиккати Хæтæхцихъой фурт Дæхцихъой дзубандитæй æй ниффинста Цагъати Анастасия Цимитий гъæуи 1963 анзи 15 сентябри.


 

ФÆСДЗУРД

 Аци таурæхъмæ гæсгæ уæмæ уотæ нæ фæккастæй, цума мах дæр, абониккон Уæрæсей цæрæг хумæтæг адæм еци мæгур лæги уавæри ан. Нæ бæсти нуриккон цардарæзти гъуддæгутæ еугурæйдæр æхемæ ка райста, æма еугурадæмон есбонадæ иуарæг ка иссæй, етæ нæ бустæги æгудзæг уавæрти æвæрунцæ. Рæстуодæй зæруамæ паддзахадæн ка фæхъхъиамæт кодта, уонæн «аккаг» кæнунцæ мæгурдæбойнаг пенситæ, рæстæгæй-рæстæгмæ син сæбæл цидæр къапеккитæ бафтаунцæ, косгæ ма си ка кæнуй æ фуртухстæй, уонæн ба сæбæл уой дæр не ’фтаунцæ. Мадта сæ косуни кари ка ’й æма куст кæмæн ес, уонæй дæр сæ фулдæремæн сæ улупа марамæлайи бæрцæй æндæр нæй…

Фал ци кæнонцæ – бухсунцæ. Æма, æвæдзи, сæ зæрдæ дарунцæ, мæнæ таурæхъи ци мæгур лæги кой цæуй, уой фурти хузæн сæрæн лæгау-лæгтæ нæмæ фæззиндзæнæй æма не ’хсæнади медæгæ рæстдзийнадæ æрфедар кæндзæнæнцæ, фæллойнæгæнæг адæймагæн æ хъиамæттæмæ гæсгæ аккаг аргъ цæудзæнæй. Бæргæ-бæргæ…