МАХ ДӔР ДИ СӔРБӔРЗОНД АН, МӔДИНӔ!
Фӕстаг рӕстӕг Уӕрӕсей Хецауадӕ фулдӕр ӕргом ӕздахун райдӕдтонцӕ ахуради фарстатӕмӕ. Уой ӕвдесӕн ӕй е дӕр, ӕма аци анз цудӕй еугуруӕрӕсеуон ӕркаст «ПРО Образование-2021», ӕ аразӕг адтӕй Уӕрӕсей Федераций рохсади Министрадӕ. Архайдтонцӕ си, ахуради фарстати туххӕй дзиллон хабархӕссӕг фӕрӕзнити ка финсуй, еци журналисттӕ, блогертӕ, ахургӕнгутӕ ӕма ӕндӕртӕ. Уӕрӕсей 72 регионемӕй курдиӕдтӕ балӕвардтонцӕ 827 адӕймаги.
Аци ӕркасти фӕрци уайуй ӕргом дзубанди Министрадӕ ӕма профессионалон журналистти къуӕртти, уӕдта еугай авторти ‘хсӕн. Уой уӕлӕнхасӕн ба рабӕрӕг ӕй, цӕйбӕрцӕбӕл ахсгиаг куст кӕнунцӕ журналисттӕ, блогертӕ, уӕрӕсейаг скъолай цардиуагӕ ӕвдесун ӕма парахат кӕнуни фӕдбӕл.
Ахуради къабази нуртӕккӕ хъӕбӕр зин косӕн ӕй, ахургӕнӕг ӕнцон уавӕрти нӕй ӕма уой ном бӕрзонд исесӕ, е ӕй хъӕбӕр хуарз гъуддаг.
Еци ахсгиаг гъуддаг ӕнхӕст кӕнуни ӕновудӕй ка архайуй ӕма си ӕнтӕсгӕ дӕр кӕмӕн кӕнуй, уонӕй еу ӕй не ’мкосӕг, ӕригон журналист, газет «Северная Осетия»-йи уацхӕссӕг Махъоти Олеги кизгӕ Мӕдинӕ. Ӕ дӕсниадӕ бабӕй дессаги ӕскъуӕлхтдзийнадӕй бавдиста нур дӕр.
Ӕркаст адтӕй дӕс номинациеми, сӕ еу хундтӕй «Лучший материал о науке и технологиях в образовании», кӕцими каст ӕрцудӕй Мӕдини ӕрмӕгмӕ «Ученый – всегда мечтатель» ӕма ин исаккаг кодтонцӕ ӕртиккаг бунат. Уой фӕдбӕл ин зӕрдиагӕй райарфӕ кодта на республики ахурадӕ ӕма зонунади министр Алибекти Эллӕ.
Мӕдинӕ, махӕн дӕр хъӕбӕр ӕхцӕуӕн ӕй, ӕгайтима дин дӕ исфӕлдистадон кустӕн уӕхӕн устур аргъ искодтонцӕ, дӕ цийнӕ махӕн дӕр цийнаг ӕй ӕма дин зӕрдиагӕй арфитӕ кӕнӕн.
Дӕ исфӕлдистадон архайди ӕнтӕстгин уо, царди хуӕрзтӕй хайгин, дӕ кӕстӕртӕй зӕрдрохс уо!..
Газет «Дигори» редакций косгутӕ