МАМУКЪАТИ Хъазбег ФИНСТӔГ МӔХЕМӔ
Ниффинстон ӕз кӕддӕр…
Ниффинстон –
уодӕй-уодмӕ –
федӕни уорсрехӕ зӕрондмӕ –
мӕхемӕ –
финстӕг.
Дзиназтон:
ду мӕ тог дӕ, ме ‘стӕг,
ба мӕ дӕмӕ –
къусуй,
ӕнӕгъомбӕл цъӕдӕхи!
Курдтон:
ба мин дзорӕ мӕ гъоси,
ме ‘нахъӕл зӕрди къуру гъоси
дӕ уездон,
дӕ хуӕрззӕри унаффӕ…
Ра мин хатӕ
мӕ царди
ӕнӕконд, ӕнӕкарст хуми
тъаффӕ…
Ни ммин садзӕ, дзурдтон,
мӕ гурусхи фӕсонти
дӕ тӕрхони арист –
дууӕкомон…
Ракъӕрт кӕнӕ
де ‘дзулди церхъӕй
мӕ иливд, мӕ катайти дзӕкъолӕ…
Ис мӕ есӕ бӕрзонд,
ӕр мӕ уадзӕ ниллӕг…
Ба мӕ хезӕ
ӕрмӕст
ӕрмидолӕй!..
Искурдиадӕгин поэт, публицист ӕма тӕлмацгӕнӕг Мамукъати Геуӕргий фурт Хъазбегбӕл ӕрӕги, 15 феврали исӕнхӕст ӕй фондз ӕма ӕртинсӕй анзи. Ӕма ин уой фӕдбӕл хъӕбӕр ӕхцӕуӕнӕй арфӕ кӕнӕн. Нӕ зӕрдӕ ин зӕгъуй, цӕмӕй ӕнӕнез уа, ӕ бийнонти, ӕ кӕстӕрти цардиуаги хабӕрттӕй зӕрдрохс куд уа, ӕ исфӕлдистади ба никки агъазиаудӕр ӕнтӕстдзийнӕдтӕй куд ӕскъуӕлха ӕма ӕскъуӕлха!..
(Ӕрмӕгутӕ кӕсетӕ «МАМУКЪАТИ Хъазбег» ӕма «Ӕрмӕст дуйне ӕ не ‘рлӕугӕ зелдохи калдзӕй тӕмӕнтӕ ӕнӕсцохӕй…»)