МЕДИЦИНОН РЕАБИЛИТАЦИЙ МАДЗӔЛТТӔ
Коронавируси незӕфтауӕгӕй сӕйгӕ ка адтӕй, еци ӕртиндӕс мӕздӕггаг адӕймаги республики Геронтологон центри, уӕдта санаторитӕ «Иристон» ӕма «Нӕзи къохи» лӕвар рацудӕнцӕ реабилитаций курс.
Мӕздӕггӕгтӕ медикти дӕсни архайдӕй ӕма медицинон лӕггӕдти хуӕрзгъӕдӕдзийнадӕй аразийӕй байзадӕнцӕ. Мӕздӕггӕгтӕн ке банхӕст кодтонцӕ, еци медицинон лӕггӕдти ‘хсӕн адтӕнцӕ мӕнӕ уӕхӕнттӕ: физиотерапия, донӕй дзӕбӕхкӕнуйнадӕ, иглорефлексотерапия, озонотерапия, дзӕбӕхгӕнӕн физкультурӕ, психологи унаффитӕ ӕма ӕндӕртӕ.
Раздӕри сӕйгитӕн Геронтологон центри исаразтонцӕ культурон программӕ, уӕдта сӕ экскурсион уагӕй баластонцӕ Алайнаг Успени нӕлгоймӕгти моладзандонӕмӕ.
Реабилитаций курс рацӕуӕг мӕздӕггӕгти ӕнӕнездзийнадӕ фӕххуӕздӕр ӕй.