21 ноября 2024

«ӔНӔГЪӔНӔ ЦАРД БАХАРЗ КӔНУН ГЪӔУЙ

23.01.2021 | 16:59

алцӕмӕй дӕр ӕнхӕст исфӕлдистадон дзаумау исаразунбӕл…»

СОСКЪИТИ Владимири цардвӕндаг ӕма исфӕлдистади туххӕй рагӕй ӕрӕги уӕнгӕ дӕр берӕ аллихузон ӕрмӕгутӕ финст ӕрцудӕй айдагъ нӕ фидибӕстон нӕ, фал фӕсарӕйнаг дзиллон хабархӕссӕг фӕрӕзнити дӕр, сӕрмагонд журналтӕ ӕма киунугути. Еци ӕрмӕгутӕй берети нӕ газети ниммухур кӕнун бӕргӕ хуарз уидӕ, фал нӕ равгитӕ нӕ амонунцӕ… Уомӕ гӕсгӕ ба абони мухур кӕнӕн, федералон газет «Культура»-йи журналист Еленӕ ТИТАРЕНКО Соскъий-фурти хӕццӕ дзубандимӕ гӕсгӕ ци интервью бацӕттӕ кодта, уой.

* * *

Тарус… Уӕрӕсей аци зӕронддӕр сахартӕй еуей кой, ка ’й зонуй, Иристони беретӕ игъосгӕ дӕр некӕд фӕккодтонцӕ. Уотӕ уоми дӕр, ӕвӕдзи, Иристон бӕлвурд кӕцӕй зудтайуонцӕ. Фал сӕ дессаги федауцӕ гъуддаги фӕрци кӕрӕдзей хӕццӕ базонгӕ кодта нӕ номдзуд ӕмзӕнхон, скульптор СОСКЪИТИ Владимир. Алӕмӕти уруссаг поэтессӕ Маринӕ Цветаевайӕн Владимир ци циртдзӕвӕн исаразта, е ӕвӕрд ӕрцудӕй ами, Таруси, ӕма амӕйфӕстӕмӕ еци цитгин силгоймаг цӕугӕдон Окай билгӕронбӕл лӕугӕй кӕсдзӕнӕй ӕ уарзон сахармӕ. Таруси Маринӕ Цветаевайӕн циртдзӕвӕн игон кӕнуни фӕдбӕл мӕн дӕр ку байагурдтонцӕ, уӕд уайтӕккӕдӕр рагъуди кодтон: Тарусбӕл дессаги хуарздзийнадӕ ӕрцудӕй. Уомӕн ӕма ӕ исфӕлдесӕг Соскъити Владимир уӕлӕнгай ӕма цийфӕнди куститӕ некӕд кӕнуй – ӕ эстетикӕ, уотид ӕндагон уадессӕгтӕ си ӕгириддӕр нӕ уогӕй, бӕрӕг даруй арф философондзийнадӕй, уогӕ автормӕ алкӕддӕр адтӕй ӕндиуддзийнадӕ ӕма арӕхстдзийнадӕ уӕхӕн ӕнӕтрадицион пластикон фӕззилд, кӕци лӕдӕрд уидӕ зонӕг адӕмӕн. Уомӕ гӕсгӕ ин ӕ исфӕлдистади бантӕсуй уӕхӕн аййевадон мадзӕлттӕ иссерун, кӕцити фӕрци ӕ къохтӕй исарӕзт сорӕттӕ рауайунцӕ цардӕгас. Уомӕ гӕсгӕ, баруагӕс уи уӕд, Маринӕ Цветаевайӕн циртдзӕвӕн игон кӕнунӕй рауадӕй ӕцӕг адӕмон бӕрӕгбон – ӕрцудӕнцӕ имӕ дуйней дзиллитӕ.

Цветаевти бийнонтӕ Таруси кӕддӕр фатери райстонцӕ сӕрдигон хӕдзарӕ, ӕма сӕ ами нерӕнгӕ дӕр ма имисунцӕ зӕрдрохсӕй. 1905 анзи ами, Таруси, ӕ фӕстаг бӕнттӕ ка рарвиста, еци хузӕгӕнӕг Виктор Борисов-Мусатови куд ӕхцӕуӕнӕй имисунцӕ, уотӕ. Ӕ циртбӕл ӕвӕрд циртдзӕвӕн «Фунӕй биццеу» (аразгӕ ба ’й искодта, «Голубая роза», зӕгъгӕ, ӕмхӕларади иуонг Александр Матвеев) ӕй хумӕтӕг, уотӕ устур дӕр нӕй, фал ӕй игъустгонд ӕма хрестоматион. Матвееви кустмӕ еуцӕйбӕрцӕдӕр хӕстӕгдзийнадӕ даруй Соскъити Владимири арӕзт скульптурӕ дӕр. Циртдзӕвӕн устур нӕй – дууӕ метремӕй минкъий бӕрзонддӕр. Фал Маринӕ Цветаевай бронзӕ циртсорӕт фӕззинд тарусӕгтӕн, Окай дони билӕбӕл цӕргутӕн, иссӕй ӕносон историон цау. Уомӕй размӕ дӕр ма аци номдзуд поэтесси кадӕн циртдзӕвӕнтӕ исӕвӕрунбӕл архайд цудӕй, фал ӕгириддӕр зӕрдӕмӕдзӕугӕ ке нӕ адтӕнцӕ, – ка си ӕгӕр устур, ка ба бустӕги кӕбӕлдӕрти райвӕзт, – уомӕ гӕсгӕ ӕвӕрд не ’рцудӕнцӕ. Нӕ газет къуар хатти финста уой фӕдбӕл.

Соскъити Владимири исконд скульптури нихмӕ ами цӕрӕг хестӕр силгоймӕгтӕ-хузӕгӕнгутӕ хъӕбӕр карзӕй дзурдтонцӕ, уотӕ дӕр ма бавзистонцӕ, гъома, сахайрӕгти фӕндонмӕ нӕ байгъосгӕй, еци ӕнӕзӕрдӕмӕдзӕугӕ монумент уӕддӕр ку ӕрбаласонцӕ, уӕд ин ӕ нихмӕдзоргутӕ ӕ над рахгӕндзӕнӕнцӕ, надбӕл цӕхгӕрмӕ ӕрхусдзӕнӕнцӕ. Цидӕр адтӕй, уӕддӕр ӕцӕгдзийнадӕ фӕууӕлахез ӕй, ӕма мӕнӕ ка гъудӕй, Маринӕ Цветаевай уодигъӕдӕ ӕцӕгӕй ка ӕвдесуй, еци циртдзӕвӕн ӕрхъӕрттӕй Тарусмӕ, ӕ исфӕлдесӕг – аразӕг скульптор Соскъити Владимир.

Ӕ байгон кӕнуни рӕстӕг, Цветаевай райгурди 114-аг бони ин е ’мдзӕвгитӕ кастӕй зундгонд поэтессӕ Беллӕ Ахмадулина, уой размӕ монументи архитектор Борис Мессерер сӕрмагонд равдисти адӕми базонгӕ кодта ӕхе акварелон кустити хӕццӕ. Аци кадгин мадзали фӕдбӕл цубур информаци раттун мӕнмӕ раст нӕ фӕккастӕй ӕма скульптор Соскъити Владимирӕй ракурдтон, цӕмӕй мин мӕ фарстатӕн дзуӕппитӕ раттунбӕл исарази уа.

– Уӕрӕсей, кӕци гъӕздуг ӕй дӕсни скульптортӕй, ӕрӕги уӕнгӕ дӕр ма берӕ хуарз адӕймӕгутӕн ӕвӕрд нӕ адтӕй циртдзӕвӕнтӕ. Уони хӕццӕ нӕ тӕккӕ игъустгонддӕр ӕмбӕстонтӕн, куд Бродский кенӕ Ахматовайӕн.

– Ӕвӕдзи, сӕ рӕстӕг нӕма ӕрцудӕй: зин ӕй, цӕмӕй уайсахат син ӕхсӕнадӕ аккаг аргъ искӕна, нӕ дзиллӕ сӕ аразийӕй нимайун байдайа нӕ Фидибӕсти сӕрустурдзийнадӕбӕл, исуонцӕ нин цитгийнаг хъайтартӕ. Уӕдта, ӕвӕдзи, адӕм сӕхуӕдтӕ дӕр нерӕнгӕ уоййасӕбӕл хъӕбӕр разӕнгард нӕма ӕнцӕ, цӕмӕй етӕ циртдзӕвӕнтӕй лӕууонцӕ фӕзти ӕма алци лӕдӕргӕ цӕстингасӕй кӕсонцӕ нӕ цардиуагӕмӕ, ци ан, уомӕ. Бродскийи беретӕ нӕ кӕсунцӕ, е ӕй исонибони поэт. Хуцау зӕгъӕд, ӕма нӕмӕ фӕстӕдӕр куд разинна уӕхӕн хузӕгӕнгутӕ, кӕцитӕ син исараздзӕнӕнцӕ сӕ агъазиаудзийнади аккаг циртдзӕвӕнтӕ, цӕмӕй махӕн ходуйнаг ма уа, аккаг аргъгонд син ке нӕ цӕуй, уомӕй.

– Дӕ ӕрмадзи дӕ Цветаевай алливарс ӕртумугъ ӕнцӕ ӕндӕр фӕлтӕрти поэттӕ – Хетӕгкати Къоста, Иосиф Бродский, Булат Окуджава… Фал дӕмӕ монументалон жанри куститӕ ба бустӕги минкъий ес.

– Ӕма ӕз, баруагӕс уи уӕд, ӕгириддӕр ку нӕ тундзун монументалон куститӕмӕ, хуӕздӕрбӕл нимайун, къохӕй бавналӕн кӕмӕ ес, уони. Игон урух фӕзуати ниввӕрунмӕ алцӕмӕйдӕр ӕнхӕст исфӕлдистадон хуарз дзаумау исаразун зин гъуддаг ӕй, уобӕл бахарз кӕнун гъӕуй ӕнӕгъӕнӕ цард.

Дзубанди циртдзӕвӕнбӕл ку фӕццӕуй, уӕд хъӕбӕр ахид си пластикӕй, райдайӕни ӕргъудидзийнадӕй си нецибал байзайуй – еугурӕйдӕр исуй цидӕр уӕйуггон, нӕдӕр цӕстӕй, нӕдӕр гъудийӕй ӕрхуӕцӕн кӕбӕл нӕбал фӕууй, уӕхӕн.

Цидӕр ӕй, уӕддӕр ӕз сӕрустур дӕн, Гӕздӕнти Гайтойӕн ке искодтон, еци циртдзӕвӕнӕй, кӕций мин Гергити Валери ӕма къуар ӕмзӕнхоней агъази фӕрци бантӕстӕй Парижи бунмӕ Сен-Женевьев-де-Буайи уӕлмӕрдти финсӕги циртбӕл ӕрӕвӕрун. Никки ба ма бӕллун мӕхе Булат ӕма мӕхе Бродскийи циртдзӕвӕнтӕ исӕвӕрунмӕ дӕр. Окуджави седзӕргӕс бийнойнаг ми ракурдта, ӕ цардӕмбалӕн Переделкини ци Хӕдзарӕ-музей ес, уомӕн циртдзӕвӕн исцӕттӕ кӕнун. Бродскийӕн циртдзӕвӕни мӕн арӕзт проект, ка ’й зонуй, ӕма исӕнхӕст кӕндзӕнӕнцӕ Америки Еугонд Штатти – кӕд ӕма кӕми, уобӕл ба рагацау нӕ дзордзӕнӕн.

Уогӕ нисангонд ба Петербургӕн бӕргӕ адтӕй, сауӕнгӕ ма ин бӕлвурд рауӕнӕн дӕри сбӕрӕг кодтонцӕ – Ахматова Анни музеймӕ хӕстӕг Фонтанки билгӕрон. Фал конкурси райстон дуккаг преми, фиццаги ба – петербургаг архитектортӕ, кӕцитӕ циртдзӕвӕн иснисан кодтонцӕ ӕнӕ гурӕй, уой бӕсти си финст уодзӕнӕнцӕ ӕмдзӕвгитӕ. Окуджави сорӕт дӕр конкурсон ӕй, Мӕскуйӕн, фал ами дӕр бабӕй байахӕстон дуккаг бунат. Нӕ зонун, фал цӕмӕдӕр гӕсгӕ алкӕддӕр дуккаг дӕн…

– Раздӕхӕн дӕхе Маринӕ Цветаевамӕ. Куд зонӕн, уомӕн дӕу исконд циртдзӕвӕн ниввӕруни хабар дӕр дӕргъвӕтийнӕ адтӕй, хумӕтӕги буцӕутӕ нӕ, фал ӕнӕгъӕнӕ тох цудӕй циртдзӕвӕни бӕлвурд бунати фӕдбӕл дӕр, уӕдта уобӕл дӕр, цӕмӕй скульптурӕ адтайдӕ, кедӕрти фесинмӕ гъудимӕ гӕсгӕ, аккаг.

– Дессаг куд нӕй е, ӕма проектӕн дууӕ анзей дӕргъи, куд фӕззӕгъунцӕ, ӕ бунатӕй фезмӕлӕн нӕ адтӕй, кӕд ӕма сауӕнгӕ фӕрӕзнитӕ дӕр ма ин уагъд адтӕй, уӕддӕр. Ӕвӕдзи, бунӕттон хецауадӕ ӕндӕр цидӕр нисан кодта, ӕма уомӕ гӕсгӕ ба барӕ нӕ лӕвардтонцӕ сквер байахӕссун ӕма имӕ базелунӕн. (Циртдзӕвӕн ӕвӕрд ӕй Таруси хузти галереймӕ хӕстӕг, Окай билӕбӕл еу минкъий сквери. – Ред.). Алцидӕр ӕ бунатӕй фезмалдӕй айдагъдӕр Борис Мессерери гъӕддух архайди фӕрци, кӕци цӕруй Таруси. Хуарз ӕма имӕ ӕ агъази къох бадардта сахари нӕуӕг мэр Сергей Игнатенко дӕр.

Дессаг ба е ӕй, ӕма фӕстӕдӕр ба, еугурӕйдӕр ӕй ку фӕууидтонцӕ, куд фӕффедауцӕ ‘й еци рауӕн, аййевдзийнадӕ ӕма кӕдзосдзийнадӕй цӕхӕртӕ куд искалдтонцӕ еци зӕууат, ӕдзӕллаг уавӕри сквер ӕма цӕугӕдони ӕдзӕллаг билгӕрӕнттӕ, еци рауӕн зӕронд бӕлӕстӕ дӕр ма ӕд бундзӕфхӕдтӕ искъахтан, цӕмӕй циртдзӕвӕнӕн уа парахатдӕр рафӕлгӕсӕнтӕ, уӕд нин арфитӕ кодтонцӕ. Бунат ба сӕрмагондӕй ӕвзурст ӕрцудӕй: Мессерери бафӕндадтӕй скверӕй мемориалон парк исаразун ӕртӕ номдзуд адӕймагей кадӕн – поэтессӕ Маринӕ Цветаевай, музыкант Николай Рихтери ӕма финсӕг Константин Паустовскийи нӕмттӕ исӕносон кӕнунӕн.

– Раст зӕгъай, Владимир, нӕ мӕтӕ кодтай, циртдзӕвӕн Таруси сӕ зӕрдӕмӕ куд райсдзӕнӕнӕцӕ, уобӕл? Ӕз куд фегъустон, уотемӕй еуӕй-еуетӕмӕ Цветаевай сорӕт фӕккастӕй ӕгӕр трагикон, уогӕ ба, дан, ами е цардӕй ӕ тӕккӕ амондгундӕр рӕстӕг, е ’взонгдзийнади…

– Мӕтӕ кодтон ӕви нӕ? Мадта, хуарз ӕй ку зонетӕ, уотӕ берӕ циртдзӕвӕнтӕ дӕр ку не ’вӕрун! Уогӕ мӕ еске цӕстингас уоййасӕбӕл мӕти уотӕ не ’фтауй, мӕхуӕдӕг мӕхецӕн ци хеаргъ искӕнон, е мин ӕй сӕйраг. Айдагъдӕр хузӕй-хузӕмӕ ӕнгас сорӕт исаразун мин сӕйраг нӕ адтӕй, фал ма гурӕ урух игон фӕзи ӕривӕрун дӕр. Сумах, ӕвӕдзи, ӕрӕстӕфтайайтӕ кӕцидӕр «листӕг миутӕ», гъома, нюанстӕ: ӕ алливарс ибӕл куд ӕртумугъ ӕнцӕ бӕлӕстӕ, игон фӕзи итигъди ӕма Окай иннӕ билгӕронӕй куд зиннуй ӕндарг, циртдзӕвӕни рӕзти куд ивулуй дон…

Нӕкӕси, Маринӕ Цветаева мӕ, зӕгъун ӕнгъезуй, нӕуӕгӕй бабӕй ӕрхудта Тарусмӕ. Цӕветтонгӕ, евгъуд ӕноси 70-аг ӕнзти ахид уинӕ ами, Сурикови номбӕл институти мӕ ахургӕнӕг скульптор Павел Ивани фурт Бондаренкомӕ. Уомӕ иуазӕгуати ахид цӕуидӕ Цветаевай кизгӕ Ариаднӕ Эфрон дӕр. Мӕ зӕрдӕбӕл ӕй бадардтон аййевӕй, мадзорайӕй, ку дзоридӕ, уӕдта сабурӕй, ӕхе дардта аккаг хузи, хуӕрзӕгъдаугинӕй.

Цветаевай сорӕт трагикон рауадӕй, зӕгъгӕ, уой фӕдбӕл ба мӕ бон уотӕ зӕгъун ӕй, ӕма ин ӕз ӕ цард нӕ дех кӕнун Тарус ӕма Францибӕл, ӕ цардвӕндаги рагон ӕма ӕрӕгиауи рӕстӕгутӕбӕл. Нӕ лӕдӕрун уӕхӕн адӕми, кӕцитӕ дзорунцӕ: «Мах ӕй гъӕуама уинӕн цийнӕхузӕй, игъӕлдзӕгӕй!..» Ӕма ци хузи гъудӕй ӕ сорӕт исфӕлдесун – ӕхсӕрдӕсанздзудӕй? Ӕз ин кодтон еумӕйаггонд фӕлгонц, Маринӕ Цветаевайӕн ӕ цард ба ӕцӕгӕй адтӕй трагикон…

 

РЕДАКЦИЙӔЙ.

Соскъити Владимир Маринӕ Цветаевайӕн ци циртдзӕвӕн исфӕлдиста, уой Таруси ниввӕруни фӕдбӕл хабӕрттӕ уотӕ бундоронӕй хумӕтӕги нӕ ракодтан. Еци циртдзӕвӕн еци сахари ниввӕруни нихмӕ дзоргутӕ куд разиндтӕй, уотӕ Соскъий-фурти Хетӕгкати Къоста ӕма Александр Пушкинӕн ци циртдзӕвӕнтӕ искодта, уони Дзӕуӕгигъӕуи ниввӕруни нихмӕ дӕр дзоргутӕ разиндтӕй. Цитӕ дзурдтонцӕ, уонӕй бӕрӕг адтӕй, ӕцӕг аййевадӕн ӕгириддӕр ке неци лӕдӕрунцӕ, сӕ дзӕнгӕдатӕ ба ӕнцӕ кенӕ уотид соцъа, кенӕ ба ӕндӕр цидӕр, сӕрмӕ ӕрхӕссунӕн аккаггонд ци гъӕуама ма цӕуа, уӕхӕн уайдзӕфтӕ.

Ӕма Таруси М. Цветаевай циртдзӕвӕн уӕддӕр ӕвӕрд ку ӕрцудӕй, уӕд адӕмӕй баруагӕс ӕй, цӕйбӕрцӕбӕл арфиаг гъуддаг арӕзт ӕрцудӕй, е. Ӕма ӕ нихмӕ некебал дзурдта… Махмӕ ба нерӕнгӕ дӕр ма не ‘нцайунцӕ. Кӕд ӕма ӕцӕг аййевадӕ ка лӕдӕруй, етӕ ба еци циртдзӕвӕнти фарс рӕстуодӕй дзурдтонцӕ ӕма дзорунцӕ. Уомӕн ӕвдесӕн – Цӕгат Иристони адӕмон поэт Хъодзати Ӕхсари финст ӕмдзӕвгӕ дӕр.

 

СОСКЪИТИ ВЛАДИМИРИ СКУЛЬПТОРОН КУЫСТ

«КЪОСТА»-ЙЫ ЦУР БАДГӔЙӔ

Мӕхи Къоста, ӕрбадтӕн та дӕ цуры.

Уӕдӕ цы фӕуон – иунӕг дӕн дӕуау.

Фӕфӕнды мӕ мӕ риссӕгтӕ фӕдзурын,

Фӕлӕ кӕмӕн? Куы мын айста Хуыцау

Мӕ хорз ӕмгӕртты. Нӕй фӕхӕцӕг, хион.

Ӕгъдауӕй, фарнӕй бавдӕлон нӕ зӕхх.

Хӕлӕг ӕмӕ хӕлӕфы дуг у. Исбон –

Сӕрфаты бӕсты. Сафы нӕ Фыдӕх.

Нӕ Ирыстонӕй ривӕддон ыскодтой

Бынхор, бындартӕ, нал сын ис ӕфсис…

Зӕриндзых поэт, азар-ма мын «Додой»,

Ӕз бахъырнон… Бӕрзонддӕр-ма йӕ сис…

 2013.10.11

Нӕкӕси, Къостайӕн Соскъити Владимири конд циртдзӕвӕн Сабурдзийнади проспекти скверӕй ӕндӕгонд ӕрцӕуӕд, зӕгъгӕ, ка дзӕнгӕда кодта, уони саувӕндӕ, ӕнгъӕлдӕн, рацудӕй – проспект иснӕуӕг кӕнуни куститӕ цалинмӕ цӕунцӕ, уӕдмӕ ‘й райеуварс кӕнӕн, зӕгъгӕ, рӕуонӕй циртдзӕвӕн уоми фӕлладуадзӕн парки цидӕр къуми ниррӕсагътонцӕ… Фӕстӕдӕр ӕй, кӕми адтӕй, уоми нӕуӕгӕй ниввӕрдзӕнӕнцӕ, е ба хъӕбӕр дузӕрдуггаг фарста ‘й… Ци гӕнӕн ес, бангъӕлмӕ кӕсдзинан…