НӔХЕЦӔЙ АРАЗГӔ ӔЙ ТЕРРОРИСТОН ФӔЗЗИНДТИТӔЙ ӔДАС УН
Цӕгат Иристони Сӕргълӕууӕг Сергей Меняйло си разамунд лӕвардта, уотемӕй арӕзт ӕрцудӕй террористон фӕззиндтитӕ ма ‘руадзуни фарстати фӕдбӕл республикон къамиси радон ӕмбурд. Дзубанди си цудӕй спортивон объекттӕ ӕма дини организацитӕ террористон фӕззиндтитӕй куд гъӕуайгонд цӕунцӕ, уӕдта ахурадон косӕндӕнтти амунд фарстати фӕдбӕл ци профилактикон мадзӕлттӕ арӕзт цӕунцӕ, уобӕл.
Уой фӕдбӕл нӕ республики национ политикӕ ӕма ӕндагон бастдзийнӕдти министр Бӕгъиати Алан ӕ радзубандий куд фегъосун кодта, уотемӕй аци фарстай фӕдбӕл паддзахадон ведомствитӕ ӕма дини организацитӕ ӕргом ӕмархайд кӕнунцӕ. Нуртӕккӕ республики дини организацити бӕрни ес 57 аллихузон объекти. Еци бӕстихӕйтти уавӕрмӕ контролгӕнӕг оргӕнти ‘рдигӕй ес лӕмбунӕг цӕстдард.
– Ӕ рӕстӕги бӕрӕггӕнӕг ведомствити сӕрмагонд къуӕрттӕн ихӕсгонд ӕрцудӕй, цӕмӕй уӕлдӕр амунд объектти уавӕр лӕмбунӕг рартасонцӕ ӕма террористон фӕззиндтитӕй ӕдасдзийнади фӕдбӕл алли объекти хецауӕн дӕр бӕлвурд амунддзийнӕдтӕ раттонцӕ. Фал куд рабӕрӕг ӕй, уотемӕй нисангонд амунддзийнӕдтӕ алли рауӕн афойнадӕбӕл кӕронмӕ ӕнхӕстгонд не ‘рцудӕнцӕ. Сергей Меняйло цӕстдарӕг ведомствитӕ ӕма дини организацити разамонгутӕн байихӕс кодта, цӕмӕй хӕстӕгдӕр дууӕ мӕйей ӕмгъудмӕ дини еугур организацитӕн дӕр арӕзт ӕрцӕуонцӕ ӕдасдзийнади паспорттӕ.
Нӕ республики физикон культурӕ ӕма спорти министр Коцти Сослан ӕмбурди куд фегъосун кодта, уотемӕй абони уӕнгӕ ӕдасдзийнади паспорттӕ исаразтонцӕ 30 спортивон объектемӕн. Идарддӕр куст цӕуй иннети техникон уавӕр рартасун ӕма террористон фӕззиндтитӕй ӕдасдзийнади паспорттӕ исаразунбӕл. Фӕстаг рӕстӕг зингӕ фулдӕр ӕргом здӕхт цӕуй амунд объекттӕ ӕдасдзийнади сӕрмагонд инженерон-техникон фӕрӕзнитӕй ефтонг кӕнуни гъуддагмӕ – никкидӕр ма авд спортивон объектеми ӕвӕрд ӕрцудӕнцӕ видеоцӕстдарди системитӕ. Архайд цӕудзӕнӕй, цӕмӕй иннӕ объекттеми дӕр косун райдайуонцӕ уӕхӕн системитӕ.
Террористон фӕззиндтитӕ ма ‘руадзуни нисани хӕццӕ ахурадон косӕндӕнтти ци профилактикон архайд цӕуй, уой туххӕй лӕмбунӕг радзурдта ахурадӕ ӕма науки министр Алибегти Эллӕ. Министри дзубандимӕ гӕсгӕ, еугур профилактикон мадзӕлттӕ дӕр ӕнхӕстгонд цӕунцӕ сӕрмагонд пълани бундорбӕл, уой хӕццӕ, ведомствӕ ӕнгом ӕмархайд кӕнуй иннӕ профилон структурити хӕццӕ дӕр.