21 ноября 2024

«НÆ ДЗУРДИ ФАРНÆЙ ФÆЙЙАГЪАЗ КÆНУНБÆЛ НÆ БАЙАУÆРДДЗИНАН!..»

31.03.2023 | 13:06

Инвалидти цардиуаги берæ аллихузон фарстати фæдбæл 2022 анзæй нуриуæнгæ Цæгат Иристони дзиллон хабархæссæг фæрæзнити рацудæй 3000 игъосункæнуйнагемæй фулдæр. Уонæй 640 – мухури фæрæзнити, 90 – телеуинунади æма 2000 – Интернети.

 

Аци нимæдзтæ райгъустæнцæ «Дзиллон хабархæссæг фæрæзнити архайд инвалидти царди», зæгъгæ, æмбурди. Мадзал арæзт æрцудæй нæ республики мухури æма дзиллон хабархæссæг фæрæзнити Комитет, фæллойнæ æма социалон ирæзти министрадæ, республики организаци «Инвалидти еугуруæрæсеуон æхсæнадæ», социалон æма барадон агъази æма цæргути дзæбæх кæнуни организаци «Хуарздзийнадæ адæмæн», гъосæй лæгъуз ка игъосуй, уæхæн адæми цæгатиристойнаг регионалон æхсæнадон организаци «Зæлти дуйне» æма Дауни синдроми хæццæ адæмæн агъаз цæгатиристойнаг регионалон æхсæнадон организаци «Æййивддзийнæдти рæстæг»-и хъæппæресæй.

– Инвалидтæмæ адæми рахастдзийнади дзиллон хабарæссæг фæрæзнитæн устур ахедундзийнадæ ес, – загъта æ радзубандий нæ республики мухури æма дзиллон хабархæссæг фæрæзнити гъуддæгути фæдбæл Комитети сæрдар Фидарати Юрий.

– Нæ еугурей еумæйаг ихæс æй, цæмæй æхсæнади ’рдигæй инвалидтæмæ зæрдхæлар æма хуæрзауодæн зæрдихатт цæстингасæй каст цæуа, уомæ адæми разæнгард кæнунбæл архайун, инвалидтæмæ игъæлдзæг рахастдзийнадæ æвзурун кæнун. Гъæуй лæмбунæгдæр цæстæй кæсун æма лæдæрун, кæбæл финсæн æма дзорæн, циуавæр дзурдтæ иссерун гъæуй, цæмæй не ’рмæгути архайгути зæрдитæ ма фæхходонцæ æма ма фæрресонцæ, æма авторæн дæр уæлдай зиндзийнæдтæ ма исæвзуронцæ.

Æмбурди дзубанди цудæй, дзиллон хабархæссæг фæрæзнити æмархайдбæл инвалидти царди туххæй фарстатæбæл, æрмæгутæ куд цæттæ кæнун гъæуй, уæдта, цæмæй дзиллон хабархæссæг фæрæзнитæ инвалидти туххæй арæзт аллихузон мадзæлтти архайуонцæ.

Фембæлд рауадæй ахедгæ æма ахсгиаг. Æхсæнадон организацитæ æма республики дзиллон хабархæссæг фæрæзнити разамонгутæ æма мадзали иннæ архайгути радзубандити ци фарстатæ бæрæггонд æрцудæнцæ, етæ гъæугæ хузи æнхæстгонд ке ’рцæудзæнæнцæ, уобæл æууæндæн ес.

Цæгат Иристони республикон организаци «инвалидти еугуруæрæсеуон Æхсæнадæ»-йи сæрдар Бетрозти Ритæ радзурдта, сæрмагонд адæми хæццæ циуавæр куст цæуй, æма адæмæн инвалидти туххæй циуавæр информаци дæтгæ ’й, уой туххæй.

– Инвалидти æнæнез адæмæй хецæнгæнæн нæййес, – баханхæ кодта æ радзубандий. Не ’нгъезуй сæмæ информацион æрмæгути фæрци тæрегъæддзийнадæ æвзурун кæнун. Гъæуй сæ æвдесун социуми разæнгардæй архайгутæй, цæмæй сæ бийнонтæ æма æхсæнадæ дæр уинонцæ, сæ бон еуварсæй кæсун нæ, фал зæрдиагæй архайун дæр ке æй, уой. Махæн нæ ихæс æй, инвалидтæ сæхе æхсæнади æнæзæрдихудтæй куд лæдæронцæ, уобæл архайун.

Республики дзиллон хабархæссæг фæрæзнити разамонгутæ нифс байвардтонцæ, инвалидти царди ахсгиаг фарстатæбæл, æхсæнадон организацити проекттæбæл ке косдзæнæнцæ, уомæй.