«НÆУÆГ АНЗ НИН ÆРХÆССÆД ФУЛДÆР ЦИЙНÆДЗИЙНÆДТÆ ÆМА УÆЛАХЕЗТÆ!..»
Алли бæрæгбон дæр æй федар рæстуодæй арфити зæрдæхцæуæндзийнадæ. Æма уæхæн арфитæ ба абони, Нæуæг анзи хуæдразмæ уæлдай ахиддæр æма æхцæуæндæр æнцæ. Цæгат Иристони дзиллæн нæуæганзон бæрæгбони фæдбæл зæрдиагæй арфæ кæнунцæ нæ республики Сæргълæууæг Сергей Меняйло æма Парламенти Сæрдар Тускъати Таймораз дæр.
Сергей Меняйло æ нæуæганзон нистауæни зæгъуй: «Нæ еугуремæй дæр 2023 анз байагурдта агъазиау хъауритæ, нифсхастдзийнадæ æма кæрæдзебæл æнгом хуæцуни зундирахаст.
Ке зæгъун æй гъæуй, нæ размæ ци ахсгиаг фарстатæ лæудтæй, уони сæйрагдæртæй еу æй, Уæрæсей нæуæг регионти цæргути сæребарæбæл ка тох кæнуй, нæ еци бæгъатæртæн аллихузи дæр агъаз дæттун.
Еци гъуддагмæ е ’ргом раздахта нæ еугур æхсæнадæ дæр. Гуманитарон агъаз, æнæмæнгæгъæугæ техникæ, лигъз зæрди арфæй ка цæуй, уæхæн рæвдауæн æма разæнгардгæнæг цъухидзурд – еугур еци гъуддæгутæ нуртæккæ хъæбæр æхсицгæ гъæунцæ уоми, уомæн æма уоми лухгонд цæуй нæ Райгурæн бæсти карнæ, æ исонибони ундзийнадæ! Нæ тохæг фæсевæд сæ аллибони бæгъатæр хъазауатæй нæ еугурей дæр æууæндун кæнунцæ, Уæрæсе æнæбасæттон тухгин бæстæ ке ’й, уобæл! Уæрæсе адтæй, æй æма уодзæнæй! Федарæй æууæндун, нæ Уæлахез хæстæг æй. Уæдта е æррæстæ сæрмагонд æфсæддон операций уæлахез нæ уодзæнæй, фал дуйне нæуæг цардиуагæбæл исаразуни уæлахез. Хецæн паддзахæдтæн, цæмæй сæхе иннетæй бæрзонддæр мабал кæнонцæ, цийфæнди тухи нихмæ дæр карз нихкъуæрддæттæг тухæ ке разиндзæнæй, уой син карзæй ка балæдæрун кæндзæнæй, уæхæн Уæлахез!..
Цалинмæ ес Уæрæсе æ берæ адæмихæттити хæццæ, цалинмæ нæ бæстæбæл еузæрдиуонæй æновуд ан, не ’гъдæуттæ æма фæткитæ гъæуай кæнунгъон ан, уæдмæ нæ тухæн басæттæнтæ нæййес. Еци æргомæй-æргомдæр æцæгдзийнадæн ба нæ нихмæ архайæг бæститæн сæ бон нæй æнæ нимайæн.
Аци анз куд бавдиста, уотемæй нæ бон æй æнтæстгинæй аразун, продукци уадзун, размæ æдзæстхезæй лæгæрдун, еузагъдæй, архайунгъон ан нæхе хъауритæй, кæд нæ фæсарæйнаг бæститæ бустæгидæр æрæнсæндунмæ гъавунцæ, уæддæр…»
Уомæн æвдесæнæн Сергей Меняйло æрхаста дæнцитæ нæ республики социалон-экономикон æма культурон райрæзти агъазиау æнтæстдзийнæдтæ. Æма федарæй зæгъуй: «Идарддæр дæр нæ архайд тухгинæй-тухгиндæр кæндзæнæй!..»
Сергей Меняйло æ нæуæгбонон нистауæни кæронбæттæни Цæгат Иристони дзиллæн еума хатт арфæ кæнуй: «Нæуæг 2024 анзбæл æмбæлгæй уин мæ зæрдæ зæгъуй æнæнездзийнадæ æма нивæ! Нæуæг анз уин æрхæссæд фулдæр цийнæдзийнæдтæ æма уæлахезтæ! Уадзæ æма нæ республики алли цæрæг дæр амондæй хайгин уа! Нæуæг анзи хуарзæнхæ уæ уæд!..»
* * *
Тускъати Таймораз дæр æ нæуæганзон нистауæни уотæ зæгъуй: «Æрбахъæртуй нæмæ нæ еугуремæн дæр уарзон бæрæгбон – Нæуæг анз! Е æй, рæхги ка райевгъуйдзæнæй, еци анзи дæргъи сæ фæллæнттæн хатдзæгтæ ку фæккæнунцæ æма исонибонмæ нæуæг нисантæ сæхецæн ку фæббæлвурд кæнунцæ, уæхæн рæстæг. Алли анзи дæр æнгъæлмæ фæккæсæн æнтæстдзийнæдтæмæ. Æма 2023 анз еци æгъдауæй банимайун æнгъезуй сæрмагондбæл, уомæн æма кæд идзаг адтæй зиндзийнæдтæй, уæддæр нæ етæ нæ размæцуди кадæй нæ фæккеун кодтонцæ, нæ республикæ нæ бæсти хæццæ еумæ сæ еуварсгæнгæ цудæй. Е ба, еухатт дæр ма уой æвдесæн æй, æма нæ еудзийнадæ федар, æнæфехæлгæ ке ’й, æмæ нин басæттæн ке нæййес, уомæй.
Нуртæккæ нæ тугъдонтæ тох кæнунцæ нуриккон нацистти нихмæ, æхсаргинæй гъæуай кæнунцæ Уæрæсей исонибони сабуйрадæ. Зæрдибунæй арфæ кæнун, нæ райгурæн бæсти æдасдзийнадæ æ реуæй лæгдухæй ка æмбæрзуй, уонæн. Мах уи сæрустур ан æма уæмæ æнгъæлмæ кæсæн, уæлахези хæццæ куд исæмбæлайтæ уæ фидиуæзæгбæл.
Зæрдиагæй арфæ кæнун бархеуонтæн, волонтертæн, нæ исонибони уæлахезмæ аккаг байвæрд ка хæссуй, уонæн еугуремæн дæр.
Тагъд рæстæги ралæудзæнæй 2024 анз. Мæ хъазар æмбæстæгтæ!
Зæрдæй æууæндун, нæуæг анз нин нæуæг уæлахезтæ æма æнтæститæ ке ’рхæсдзæнæй Иристони кадæн дæр, еугур Уæрæсей кадæн дæр, уобæл. Æма кæд цийфæнди уæззау æвзарæнтæ адтæй евгъуд анзи, уæддæр цардбæллонæй æма нифсгунæй æнгъæлмæ кæсæн нæ исонибонмæ.
Нæуæг анзи хуарзæнхæ уæ уæд, мæ хъазар æмбæстæгтæ! Мæ зæрдæ уин зæгъуй æнæнездзийнадæ, æнтæститæ æма амондгун цард.