26 декабря 2024

НАРКОТИКТИ НИХМÆ ТОХИ АХСГИАГ ÆНЦÆ ЕУГУР АХЕДГÆ МАДЗÆЛТТÆ ДÆР

30.06.2023 | 23:26

Наркотикти нихмæ архайди фæдбæл республикон  къамисæн æрæги ци æмбурд арæзт æрцудæй, уоми сæрдареуæг кодта Цæгат Иристони Сæргълæууæг Сергей Меняйло. Æма е куд фæббæлвурд кодта, уотемæй региони наркотикти нихмæ арæзт политики нисантæ раздæри хузæн æнцæ, еци хъилма ка уæйæ кæнуй æма сæ ка æлхæнуй, уони бæрцæ фæмминкъийдæр кæнун. Æ радзубандий загъта:

– Æрæги нæ республикæ бабæрæг кодтонцæ наркотикти нихмæ архайди паддзахадон Комитети иуонгтæ. Етæ хуарзбæл банимадтонцæ, Цæгат Иристони еци гъуддаги фæдбæл ци куст цæуй, уой. Бæлвурддæр ба, наркологон медицинон агъази фæлтæрддзийнадæ, уой хæццæ, дзæбæх кæнуни надбæл ка ’рлæудтæй, уонæн агъаз нимад æрцудæй раззагдæрбæл æма хаст æрцудæй Уæрæсей Федераций æ идарддæр рапарахат кæнуни фæндæ. Къамис ма хуарзбæл банимадта, еумæйагахурадон уагæдæнтти профилактикон куст куд æвæрд æй, уой. Фал, нæ къохи ци бафтудæй, уобæл æрлæуунæн нурма раги æй.

Аци æмбурди республики медгъуддæгути министради наркотикти зелдохмæ цæстдарди Управлений разамонæг
Хинцæгти Нодар куд фегъосун кодта, уотемæй наркотиктæй пайда кæнуни туххæй республики тæрхондæнтти унаффæмæ гæсгæ хе дзæбæх кæнуни, медицинон æма социалон реабилитаци рацæуни ихæс кæбæл исæвардтонцæ, уони нимæдзæ нуртæккæ æй 364 адæймаги. Аци анзи фондз мæйемæ къабази косгутæ хигъди исæвардтонцæ 128 адæймаги, тæрхондони ихæстæ æнхæст кæнунæй æхе ка римæхсуй, уони нимæдзæ ба ’й 134.

Куд ма загъта, уотемæй административон ивартæ æма лæдæрунгæнæн кусти фæрци фæстаг рæстæг фулдæр æргом æздæхт цæуй, сæхе дзæбæх кæнуни туххæй тæрхондони ихæстæ ка не ’нхæст кæнуй, уонæмæ. Арæзт цæунцæ профилактикон мадзæлттæ дæр æма уони фæрци наркодиспансермæ æрбацæун кодтан 93 адæймаги.

Республики æнæнездзийнадæ гъæуайкæнуйнади министр Тебиати Сослан, уæдта фæллойнæ æма социалон райрæзти министр Айдарти Алинæ куд фегъосун кодтонцæ, уотемæй нуртæккæ Цæгат Иристони наркологон хигъди лæууй 2724 адæймаги. Фари хæццæ рабаргæй, е æй 114 адæймаги минкъийдæр.

Республики Сæргълæууæг е ’ргом раздахта 2023 анзи 1 сентябрæй фæстæмæ федералон закъонæвæрунадæмæ нæуæг æййивддзийнæдтæмæ гæсгæ социалон реабилитаций ихæстæ лæвæрд ке цæунцæ фæллойнæ æма социалон райрæзти министрадæмæ. Уой фæдбæл Айдарти Алинæ загъта, гъома, сæ ведомстви уæхæн куст цудæй раздæр дæр. Зæгъæн, 2022 анзи социалон реабилитацимæ æрвист æрцудæнцæ дæс адæймаги, уони исдзæбæх кодтонцæ, психоактивон бауæргъæдтæбæл æхцул ке адтæнцæ, уомæй, æма си алкæмæн дæр лæвæрд æрцудæй 300 мин сомей аргъ сертификаттæ.

Къамиси æмбурди архайгутæ ма æркастæнцæ нуриккон уавæрти фæсевæди хæццæ наркотикти нихмæ тохи нæуæг хузтæй профилактикон кусти пайда кæнуни фарстатæмæ.

Республикæ фæсевæди гъуддæгути Комитети сæрдар Джусойти Руслани дзубандимæ гæсгæ, фæсевæдон политики программæ «Регион-фæсевæдæн» æнхæст кæнгæй, арæзт цæуй, наркотикти нихмæ тох кæнуни нисаеуæг кæмæн ес, уæхæн аллианзон проекттæ, студентон æзмæлди раздзæуæгти ахурадон форумтæ, фестивальтæ, семинартæ æма æндæр ахуртæ фæсевæдæн, республикон турниртæ æма еристæ спорти алли хузтæй.